Ӕрӕджы Цхинвал-Дменисы фӕндагыл цы ӕнамонд цау ӕрцыдис, уый фӕдыл Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь ауагъта ӕмбырд йӕ дӕлбар къухдариуӕггӕнджытимӕ. Министр куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕппӕт райсгӕ мадзӕлттӕ адӕмы ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, фаг не сты ӕмӕ ноджыдæр хъӕуы бацархайын, цӕмӕй къаддӕр кӕной алыгъуызон бархалӕн цаутӕ ӕмӕ фыдбылызтӕ.

Хатдзӕгтӕ саразгӕйӕ, Наниты Игорь фӕндон бахаста, цӕмӕй милицийы кусджытӕ сӕ хъусдард фӕтыхджындӕр кӕной автомашинӕты змӕлдмӕ куыд горӕты, афтӕ районты фӕндӕгтыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, фӕндӕгтыл иууыл тӕссагдӕр бынӕтты хъӕуы уромæнтæ саразын, цӕмӕй дзы автомашинӕтӕ фӕсвӕд ма хауой. Фӕндагон нысӕнттӕ кӕм нӕй, уым сӕ хъӕуы ӕнӕмӕнгӕй сӕвӕрын ӕмӕ ма хъус дарын хъӕуы фӕндаджы техникон уавӕрмӕ дæр, цæмæй ӕмбӕлон службӕтӕ рӕстӕгыл иуварс кӕной уыцы цухдзинӕдтӕ. Хъӕуы ма сӕвӕрын ноджы светофортӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ машинӕты нымӕц бонӕй-бонмӕ кӕны фылдӕр ӕмӕ кӕцыдӕр бынӕтты азмӕлӕн нал вӕййы автотранспортӕй. Ис нӕм светофортӕ, кӕцытӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг нӕ кусынц ӕмӕ уыдон дӕр хъӕуы сцалцӕг кӕнын.

Фистӕг бӕлццӕттӕн, тротуартыл цӕугӕйӕ, стыр зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц машинӕтӕ, кӕцытӕй бирӕтӕ афтӕ урӕд вӕййынц, ӕмӕ дзы ахизӕн нал вӕййы, – хъуамӕ бӕлццон бар-ӕнӕбары рахиза фӕндагмӕ ӕмӕ уый та ӕркӕны фыдбылызмӕ. Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекцийы сӕргълӕууӕг Джиоты Алан куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы проблемӕйӕн ис аскъуыддзаггӕнӕн ӕрмӕстдӕр, кӕд æмæ ивары аргъ бӕрӕг фӕфылдӕр уа ӕмӕ ма кӕд сфӕрӕз кӕной специалон автотранспорт, кӕцытыл фӕткхалӕг машинӕты ласдзысты иварон лӕууӕндонмӕ. Уымӕн ӕмӕ ныр ацы фæтк фехалыны ивар у 150 сомы ӕмӕ бирӕ шофыртӕ уыцы иварӕй нӕ тӕрсынц – фӕлтау йӕхи сæдзӕсгом кӕндзӕнис ӕмӕ йӕ машинӕ тротуарыл цæхгæрмæ бауромдзæнис. Иварон лæууæндонмæ машинæ аласыны хæрдзтæ дæр хъуамæ фида фæткхалæг. Ахæм мадзæлттæ ист куы æрцæуой, уæд уый бæрæг фæахъаз уыдзæнис проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн.

Ӕппæт ацы мадзæлттæ райсыны уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл фæфылдæр кæндзысты патрулон экипажтæ, цæмæй ноджы лæмбынæгдæр кæсой фæндаджы змæлды æдасдзинадмæ. Фæткхалджытæ æййафдзысты карз æфхæрд.

Ӕмбырды ма æрдзырдтой æнæзакъонæй пиротехникон товартæ уæй кæныны факттыл. Наниты Игорь бахæс кодта фадыгон инспектортæн, цæмæй ауадзой рейдон мадзæлттæ æмæ бафæдзæхсой магазингæсты контрафактон пиротехникон товартæ уæй кæнынæй. Министр куыд банысан кодта, афтæмæй милицийы кусджытæ нырма никæцы магазины ссардтой ацы рæмудзæн æрмæджытæй, фæлæ, уынгты цæугæйæ, алы рæттæй фехъусæн ис гуыппытæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ не ‘мбæстæгтæ уæддæр кæмдæр кæй амал кæнынц ацы пиротехникæ. Æмæ Наниты Игорь хæслæвæр радта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ сбæрæг кæной бархалæг магазингæсты æмæ сæ бæрндзинадмæ æркæной.

Контрафактон пиротехникон дзаумæттæ сты тынг тæссаг æмæ, семæ архайгæйæ, арæх æрцæуы фыдбылыз дæр. Ӕмбæлон нормæтæн дзуапп кæй нæ дæттынц æмæ ма чидæртæ семæ архайын дæр кæй нæ зонынц, уый фæстиуæгæн фарон дæр рынчындонмæ бахаудтой цалдæр адæймаджы. Фæлæ уæддæр бирæ сывæллæтты къухты фенæн ис ацы «гуыппгæнæнтæй», æмæ цымæ сæ ныййарджытæ цæуыл хъуыды кæнынц?

Фадыгон инспектор Хæбæлаты Леван куыд фехъусын кодта, афтæмæй милицийы кусджытæ æрвылаз дæр фæуадзынц рейдон мадзæлттæ контрафактон пиротехникæ уæй кæныны факты фæдыл æмæ æрвылаз дæр сконфискаци кæнынц бирæ товар. Фæлæ сæ уæй кæнынæй бирæ пайда кæй ис æмæ йæ ивар та хæрзцъус кæй у, уый фæстиуæгæн уæддæр кæцыдæр магазингæстæ сусæгæй фæуæй кæнынц ацы «гуыппгæнæнтæ». «Пиротехникон дзау-мæттæ иууылдæр сты тæссаг, уымæн æмæ сæ мидæг ис хæлæн æрмæг. Нæ республикæйы территорийыл дзы уæй кæныны бар никæцы хуыз пиротехникæйæн ис æмæ дзы мах куы ссарæм уæййаг, уæд сæ сконфискаци кæнæм. «Гуыппгæнæны» срæмыгъдæй искæуыл фыдбылыз куы æрцæуа, уæд бæрндзинад хæссы йæ рауæйгæнæг, – суанг ма йыл уголовон хъуыддаг дæр баконд æрцæудзæнис», – банысан кодта Хæбæлаты Леван.

Уымæй уæлдай ма æмбырды æрдзырдтой, æрдæгæхсæвты не ‘мбæстæгтæй чидæртæ кæй фæуадзынц салюттæ æмæ фейерверктæ гуырæнбонты, куывдты, чындзæхсæвты æмæ ма æндæр бæрæгбонты рæстæджы. Уый та халы адæмы сабырад æмæ Наниты Игорь фæндон бахаста, цæмæй изæры 10 сахатæй фæстæмæ са-люттæ æмæ фейерверктæ уадзыны  бар макæмæн уал уа. Фæткхалджыты нырæй фæстæмæ ивар кæндзысты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.