Куыд зонæм, афтæмæй дыууæ къуыримæ æввахс горæты Театралон фæзуаты цæуы Дзабиты Иналы бинонты протесты æнæсанкцион акци. Уыдон разы не сты эксперти-зæйы фæстиуджытимæ æмæ республикæйы къухдариуæгадæй домынц рæстагон фæдысгарæн мадзæлттæ ауадзын.

Ацы уавæры тыххæй дыццæджы Президент Бибылты Анатоли фембæлд журналисттимæ æмæ сын радзырдта республикæйы æхсæнадон-политикон уавæры тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй соц-хызæджы цæуы информацион хæст, кæцы æхсæнады ‘хсæн æвзæрын кæны æндыгъддзинад. Ома, цæрджыты фылдæр хай информаци исынц Фейсбукæй.

«Æз мæхæдæг дæр пайда кодтон Фейсбукæй. Фæлæ ныр рахызтæн уыцы соц-хызæгæй, чидæртæ мæн æмæ мæ бинонты адресыл дæлдзиныггæнæн ныхæстæ æмæ æлгъыстытæ фыссын кæй райдыдтой, уый фæстиуæгæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ куыст æхсæнадимæ баст у, фæлæ алкæцы адæймагæн дæр зын у, исчи йын йæхи, йæ сывæллæтты куы æлгъиты, уымæ хъусын. Æз тынг æмбарын алкæцы адæймаджы маст дæр. Алкæй сывæллонæн дæр мæ фæнды æнæниздзинад, амонд. Цы æхсæнадон-политикон уавæр сæвзæрд, уый тыххæй та зæгъдзынæн: раст у, æрцыд трагеди. Алчи дæр, уыцы нымæцы мæхæдæг дæр, тæригъæд кæнæм Дзабиты Иналы мадæн. Фæлæ æвзæры фарст: цæмæн лæууынц абон Театралон фæзуаты. Фæдагурæн куыст цæуы. Экспертизæ расайдта резонанс, фæлæ кæд уыцы экспертизæ фарстатæ сæвзæрын кодта Дзабиты Иналы бинонтæм, уæд сæ бон у, сæхи кæм фæнды, уым æй саразын кæной. Уый тыххæй сæ кæд финансон æххуыс хъæуы, уæд цæттæ дæн уы-цы хæрдзтæ бафидынмæ. Ис закъон æмæ закъонон процедурæтæ æмæ сæ хъæуы сæххæст кæнын», – банысан кодта Президент.

Дарддæр Бибылты Анатоли куыд радзырдта, афтæмæй акцийы хайадисджыты фæнды генпрокуроры йæ бынатæй сисын æмæ мидхъуыддæгты министры ахæстоны сбадын кæнын.

«Куы бафарстон, цæй тыххæй хъуамæ сисон генпрокуроры йæ бынатæй, уæд зыгътой, стыр хæдзар, дам, сарæзта. Ныр хæдзар чи сараза, уыдоны куыстæй хъуамæ сæрибар кæнæм? Министры тыххæй дæр æвзæры фарст: цæй тыххæй хъуамæ сбадын кæнæм министры? Йæ бынатæй йæ ссæрибар кодтам, йæ дæлбар кусджытæ кæй фæрæдыдысты æмæ сæ архайд трагедимæ кæй æркодта, уый тыххæй. Дарддæр цæуы фæдысгарæн куыст аххос-джынты сбæрæг кæныны фæдыл».

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй республикæйы къухдариуæгады позици у рæстдзинад сбæрæг кæнын домын, уый фæстиуæгæн аххосджынтæ карзæй æфхæрд баййафдзысты, закъон куыд домы, уымæ гæсгæ.

«Æппæт уыдæттæ æххæст æрцæудзысты, кæйдæрты фæндонмæ гæсгæ нæ, фæлæ карзæй, закъонмæ гæсгæ. Кæддæриддæр æз цæттæ дæн ныхасмæ зианджынтимæ, сæ хæстæджытæ æмæ хиуæттимæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

 «Закъон махæй алчи дæр  уыцы нымæцы генпрокурор æмæ депутат дæр хъуамæ æххæст кæна. Парламентаритæ хъуамæ кусой закъоны домæнмæ гæсгæ. Фæлæ ныр цыппар мæйы дæргъы депутаттæ нæ кусынц. Уыдон нæ кусынц, генпрокуроры отставкæ кæй домынц, уый тыххæй. Раст нæу ультиматумтæ æвæрын. Ультиматум æвæрыны бар нæй нæ дæр Президентæн  æмæ нæдæр – депутаттæн. Уыдонмæ кæд фарстатæ æмæ принциптæ ис, уæд æз кæддæриддæр ныхасмæ цæттæ дæн. Ультиматумтæ æвæрын кусын нæ нысан кæны, фæлæ – тох кæнын. Мæнæн та тох кæныны рæстæг нæй. Æз хъуамæ кусон республикæйы цæрджыты куыстмыздтæ, пенситæ  фæфылдæр кæныныл, бæстæйы бюджет райсыныл, пенсион фондыл», – банысан кодта Президент.

Президент журналисттæн радзырдта, фæмардуæвæг Дзабиты Иналы æфсымæр Ацæмæз бæстæйы къухдариуæгады минæвæртты адресыл æнæмбæлон æфхæрæн ныхæстæ кæй дзырдта, уый фæстиуæгæн фæдагуырды кæй уыд, уый тыххæй дæр.

«7-æм декабры, æхсæвы 11 сахатыл мæм æрбацыд Дзабиты Ацæмæзы æввахс æмбал æмæ мын радзырдта Ацæмæзы домæн, ома, йæ ныхмæ фæдагуырд ист куы æрцæуа, уæд, зæгъ, йæ мады хæдзармæ акæндзæн. Æз генпрокурорæн бахæс кодтон, цæмæй æркæса ацы фарстмæ, кæд гæнæн ис, уæд, фæдагуырд ист æрцæуа Дзабиты Иналы мады хатырæй. Дыккаг бон  Ацæмæз Генпрокуратурæмæ бацыд æмæ сын бамбарын кодта йæ хъуыды, уый фæстиуæгæн, сæрибар æрцыд æмæ ацыд йæ хæдзармæ.

Прокуратурæйæ куы рацыд, уæд теле-фонæй фæдзырдтон Ацæмæзмæ æмæ йын ноджыдæр ныфс бавæрдтон, йе ‘фсымæры амæлæты аххосджынтæ æфхæрд кæй баййафдзысты закъонмæ гæсгæ. Бамбарын ын кодтон, цæмæй йын йæ бинонты трагедийæ политикæ чи аразы, уыцы адæймæгты провокацион æндæвдады бын ма бахауа. Ацæмæз мын загъта, зæгъгæ, уый йæхæдæг дæр æмбары æмæ нæдæр мæ ныхмæ у æмæ нæдæр – генпрокуроры ныхмæ. Йæ мыггаджы хистæртимæ куы фембæлд, уæддæр загъта ахæм ныхæстæ, фæлæ стæй йæ фæнд фæивта. Нæ йæ зонын, æвæццæгæн, адæймаг уынгмæ куы рахизы, уæд ын йæ хъуыдытæ фæивынц æндæр адæймæгтæ, – бамбарын кодта Президент.

Дзабиты бинонтимæ ноджыдæр фембæ-лыны тыххæй Президент загъта, зæгъгæ, уый у, бинонтæн сæхи куыд бафæнда, ууыл баст у.

«Æз цалдæр хатты фембæлдтæн Дзабиты Иналы бинонтæ æмæ хæстæджытимæ. Загътон сын, Иналы амæлæты аххосджынтæ закъонмæ гæсгæ æфхæрд кæй баййафдзысты», – загъта Президент.

Республикæйы сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæры «аххосæй» депутаттæ кæй нæ кусынц, уый фæстиуæгæн, гæнæн ис кворум ма æрæмбырд уа æмæ республикæ-йы бюджетмæ барасткæнинæгтæ ист ма æрцæуой.

Ацы проблемæйы тыххæй бæстæйы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, «бюджеты райст у Хуссар Ирыстоны цæрджыты раз бæрндзинад. Бюджет у адæмы æхцатæ:  пенсиисджыты, чи кусы, уыцы æмбæстæгты мызд, чысыл амалиуæггæнджыты фонд. Кæд депутаттæ се ‘взарджыты раз сæхи хæсджыныл нæ нымайынц, уæд сын цы хъуамæ загъдæуа. Президент æмæ Хицауад уыцы фарсты фæдыл сæ куыст бакодтой. Уырны мæ, уыцы фарсты фæдыл депутаттæ æнкъарынц сæ бæрндзинад æмæ дзы ницы проблемæ уыдзæн. Кæд иуæй-иу депутаттæ сæ бæрны хæстæм куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц, уый фæстиуæгæн сессимæ не ‘рбацæуой, уæд сæ дзуапп хъуа-мæ æрдомой, чи сæ равзæрста, уыдон».

Президент журналисттæн радзырдта, парти «Иугонд Ирыстон»-ы куыстæн цы аргъ кæны, уый тыххæй дæр.

«Фракци цæттæ у куыстмæ. Адæмы раз дæр æмæ закъоны раз дæр стыр бæрндзинад æнкъарынц парти «Иугонд Ирыстон»-ы депутаттæ. Ацы фракцийы куысты тыххæй æз ницæуыл дызæрдыг кæнын. Фæнды мæ, цæмæй æппæт партиты куыст дæр здæхт уа уымæ, цæмæй хъысмæтскъуыддзаггæнæн фарстаты проблемæ ма æнкъарой не ‘мбæстæгтæ. Уыцы фарсты тыххæй хицæн партитæ кæнæ депутатты рахицæн кæнын мæнмæ раст нæ кæсы», – банысан кодта Бибылты Анатоли æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фæстаг хатт сессимæ не ‘рбацыдысты, иууыл тынгдæр адæмы фидæны тыххæй чи хъæр кодта, уыцы депутаттæ. «Йе ‘нæниздзинады аххосæй чи не ‘рбацыд, уыдоны кой æз нæ кæнын».

Бибылты Анатоли дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.