Хъӕууон царды ӕрвылбонон куыстытӕ бынаты схъомылгонд адӕймагӕй хуыздӕр чи хъуамӕ зона ӕмӕ сӕ куыстуарзаг ӕмӕ хӕдзардзин фӕллойгӕнӕг йӕ зӕрдӕмӕ арф айсы, йӕхи сыл нӕ атигъ кӕны.

Ахӕмты нымӕцмӕ хауы Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы цӕрӕг ӕвзонг нӕлгоймаг Цхуырбаты Иван дӕр. Уый, астӕуккаг скъолайы ахуыры ӕмрӕнхъ, ӕнӕзивӕг уыд йӕ ныййарджытӕн хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕ ӕххӕст кӕныны. Фӕстӕдӕр, 2002-ӕм азы йӕ карӕн лӕппуимӕ сӕхимӕ райстой хӕс, цӕмӕй саразой фермерон хӕдзарад, тауой хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕ, сырӕзын кӕной ставд фосы продуктивондзинад. Зӕгъӕн ис ӕмӕ фермерон хӕдзарад «Тъбет» йӕ сырӕзты фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ кӕй слӕууыд раззагдӕр хӕдзарадты ӕмрӕнхъ, вӕййы сын зӕрдӕрухсгӕнӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ. Уый фӕстиуӕгӕн сӕ ӕркӕнгӕ хойраджы иу хай адих кӕнынц фӕлхасгӕнджытӕн, ӕхсыр та асламдӕр аргъыл фӕуӕй кӕнынц нӕ горӕты ӕмбӕстӕгтӕн.

Ныртӕккӕ хӕдзарады нымадӕуы 54 стуры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты 37 ӕмӕ уал уыдонӕй абоны онг ныззад 8. Куыд стуртӕ, афтӕ ноггуырд родтӕ дӕр ӕййафынц хорз зылд, рӕстӕгыл сӕ ауадзынц хизӕнуатмӕ, кӕвдӕсы та сын кӕддӕриддӕр вӕййы хӕрзгъӕд холлаг. Хӕдзарады разамонджытӕ Цхуырбаты Иван ӕмӕ Бибылты Мэлс ӕппӕт дӕр аразынц, цӕмӕй сӕ фос уой хӕрзхаст ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы дӕр ис ӕнтыстытӕ. Хъуццыты нырма дуцынц ӕрмӕстдӕр райсом, цӕмӕй сӕ цот дӕр хъомыл кӕ-ной ӕмбӕлон уавӕрты. Ӕнтыстыл банымаинаг у, хӕдзарад цалдӕр азы размӕ кӕй балхӕдта дуцӕн аппарат ӕмӕ сын уый хорз ӕххуыс у. Уымӕй дарддӕр ма хӕдзарадӕн ис йӕхи сӕрмагонд трактор дӕр ӕмӕ сын уый ахъаз кӕны хуым кӕнын ӕмӕ тауыны куыстытӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Мӕр уал афӕлдӕхтой 55 гектары фӕзуатыл, ноджы ма бахуым кӕндзысты 17 га ӕмӕ дзы уалдзӕджы байтаудзысты хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕ. Цхуырбайы фырт куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ  цъой хъуамӕ байтауой 28 га, дзӕвгар байтаудзысты хъӕбӕрхор, ӕмӕ  холлагон культурӕ чимиза та – 27 га.  Уый тынг ахъаз у фосдарды продуктивондзинад рӕзын кӕнынӕн ӕмӕ йӕ ӕввахс бонты ӕрлас-дзысты Цӕгат Кавказæй. Байтыдты фӕзуӕттӕ цӕмӕй знаггадӕй хызт уой, уый тыххӕй сын сӕ иу хай ӕрӕмбонд кодтой ӕмӕ иннӕ куыстытӕ дӕр бакӕндзысты уалдзыгон хъарм бонты.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.