Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады ветеринарийы къабазы  уавæр фæхуыздæр кæнын æмæ фосы дохтырты профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй Цæгат Ирыстон-Аланийæ æмæ Уæрæсейы хуыздæр ветеринарон уагдæттæй хуынд æрцæудзæн квалификациджын ветеринарон дæснытæ, цæмæй лекцитæ бакæсой æмæ практикон æххуыс бакæной нæ республикæйы ветеринартæн.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы мадзæлттæ уагъд кæй цæудзысты хъæууон хæдзарады министр Пухаты Левы хъæппæрисæй. Уый  министрæй нысан куы æрцыд, уæдæй нырмæ архайы, цæмæй канд ветеринарон кусджытæ нæ, фæлæ ма хъæууон хæдзарады иннæ къабазы дæснытæ дæр сæ квалификаци бæрзонддæр кæной, ацы фадыджы цы ногдзинæдтæ цæуы, уыдоныл цайдагъ кæной.

Ацы концепци ист æрцыд æмæ ныр хъæууон хæдзарады къабазы цы ветдохтыртæ ис, уыдонæн лекцитæ фарст цæудзæн фосы низтæй профилактикон куыстытæ уадзын куыд хъæуы, стæй низ куы фæзыны, уæд йе скуынæг кæныны мадзæлттæ цахæм этаптæм гæсгæ уагъд хъуамæ æрцæуой. Специалисттæ Крапоткинæйæ æрцæудзысты нæ республикæмæ февра-лы мæйы кæрон.

Лекциты цикл кæсдзысты ног методтæм гæсгæ. Æрæджы цы ветлаборатори байгом, уым та уагъд цæудзæн ног фæзынгæ низтæн диагностикæ.

«Æмткæй ахæм тематикон уроктæ уагъд æрцæудзæн 95 сахаты. Уый фæстæ лекцитæм цы фосы дохтыртæ байхъуса, уыдонæн лæвæрд æрцæудзæнис сертификаттæ. Ахæм курсытæ фæстæдæр уагъд цæудзæнис зоотехниктæн дæр», – загъта Пухаты Лев.

Пухаты Лев ма куыд загъта, афтæмæй фосдарды къабаз у ахсджиаг фарст. Фосы дохтырты фæллойæн хъæууон хæдзарады рæзты сæ хайбавæрд стыр у. Цæрæгойты тæссаг низтæй бахъахъхъæныныл кæй архайынц, уымæй уæлдай бæрæг кæнынц фосдарды, кæсагдарды, мæргъдарды,  продуктты æмæ уымæй фыццаджыдæр, хъахъхъæнынц адæйма-джы цард æмæ æнæниздзинад. Ныртæккæ кæд махмæ бирæ ис бæрндзинад чи æвдисы, цæсгомджын фæллой чи кæны, ахæм ветеринарон службæйы низтæ рафæлгъауынæн хъæуы ног технологон ифтонггæрзтæ.

Нæ республикæйы ветеринарон службæйы уавæры тыххæй та хъæууон хæдзарады министр афтæ загъта: «2018 азы ноябры мæйæ нырмæ нæ республикæйы ставдкъах фосыл нодулярон дерматит нал бахæцыд. Африкæйаг емынæйæ фæрынчыны цаутæ дæр нал ис. Уый та у фосы дохтыртæ цы комп-лексон куыст бакодтой, уый фæрцы. Кæд уавæр нырма сабыр у, уæддæр уалдзæджы æрбалæудимæ низтæ райхъал вæййынц æмæ тæссаг у уыдон апарахат кæнынæй. Фæлæ планон вакцинаци ауадзынæн махмæ ис хостæ. Календарон планмæ гæсгæ уыдон арæзт æрцæудзысты, цæмæй низ мацы тæссагдзинад æрхæсса», – загъта Пухаты Лев.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.