Цхинвалы районы администраци йӕ хъусдард здахы, ӕмбӕстӕгтӕ иууыл тынгдӕр цӕуыл тыхсынц, уыцы фарстатӕм ӕмӕ йӕ фадӕттӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ бакусы уыдон аскъуыддзаг кӕныныл. Хъӕууон цӕрджытæ, сæйраджыдæртынгдӕр, тыхсынц фӕндӕгты мӕгуырау уавӕр æмæ нуазыны доны хъуагдзинадæй ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады управленийы хистӕр Хъотайты Барис куыд банысан кодта, афтӕмӕй цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакодтой Арцеуы хъӕууон администрацийы бæстыхайы дыккаг уӕладзыджы ӕмӕ дзы ныр кусынæн ис хорз уавӕртӕ. Уымӕй дард-дӕр ма хъӕуы фельдшерон-акушерон пункты медперсонал дӕр ӕййӕфтой зындзинӕдтӕ сæ куысты. Ныр уыдонӕн дӕр сӕ  зӕрдӕ барухс сæ куысты хæрзарæзт бынатæй. Æввахс рæстæджы ифтонг æрцæудзæн хъæрмадæй дæр.

Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакодтой Дменисы хъӕууон амбулаторийы дӕр, йӕ рудзгуытӕ уыдысты зӕронд ӕмӕ ӕмӕ сын сӕ раивтой пластикон рудзгуытӕй. Арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕнынц клубы дӕр. Уыдон куы ӕрбӕстон уой, уӕд хӕдархайгӕ къорды уӕнгтӕн кусынæн сӕ уавӕртӕ бæрæг фӕхуыздӕр уыдзысты. Ацы бӕстыхайы ма уыдзысты хъӕууон библиотекӕ, бухгалтери ӕмӕ фадыгон милици дӕр.

Сарабукъ ӕмӕ Зары фельдшерон-акушерон пункттӕ дӕр уыдысты рог цалцӕгкӕнинаг ӕмӕ уыцы куыстытӕ дӕр хӕдзарад сӕххӕст кодта.

Уыдонӕй дарддӕр ма куыстӕуы хъӕутӕм фӕндӕгты арӕзтадыл дӕр ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр кӕны. Цӕвиттон, ӕрӕджы сцалцæг фæндаг Наниаурийы хъӕумӕ, йӕ иумиаг дӕргъ у дыууӕ километры бӕрц. Хæрзарæзт æрцыд Хелцуайы хъӕуы фӕндаг дӕр, уымӕн дӕр йӕ дӕрддзӕг у иу ахӕм. Фӕндаджы фарст скъуыддзаг ӕрцыд Къусреты хъӕумæ дӕр. Амы цӕрджытӕ тынг тыхстысты нуазыны доны хъуагдзинадӕй дӕр ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕвзӕрстой зындзинӕдтӕ. Ныр сӕ бирӕазон проблемӕ скъуыддзаг ӕрцыд æмæ алы хӕдзары размӕ дӕр цӕуы дон.

Зӕгъын хъӕуы, хӕдзарад нырма техникӕйӕ æххæст ифтонг кæй нӕу ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ се ‘ххуысы къух фӕдаргъ кæнынц нӕ республикӕйы паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци» ӕмӕ Хъӕууон хӕдзарады министрад.

Нуазыны доны тыххӕй рагӕй хъаст кодтой Галуанты хъӕуы цӕрджытӕ дӕр ӕмӕ ӕрӕджы ацы хъуыддагыл дӕр ба-куыстой, хъӕуы ма дзы резервуар сӕ-вӕрын. Доны хахх ӕруадздзысты Уӕллаг Тъбеты хъӕумӕ дӕр. Кӕронмӕ скъуыддзаг нӕма у нуазыны доны фарст Къостайыхъӕуы, кӕд ыл хӕдзарад зӕрдиагӕй архайы, уӕддӕр. Уымӕй дарддӕр ма куыстӕуы хъӕуты уынгты электроцырæгътæ бакæныныл. Ахӕм куыстытӕ бакодтой Прис, Дампъалет ӕмӕ Арцеуы хъæуты.

                                                                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.