«Исты мадзал куы уадзай, уæд афтæ зæрдæбынæй хъæуы бацархайын» – ахæм уыд сæ хъуыды Цхинвалы бирæпрофилон колледжы кæртмæ чи ‘рбацыд, уыцы бирæнымæц адæймæгтæн. Æмæ æцæгдæр колледжæн куыд йæ кæрт, афтæ æфснайд æмæ рæсугъд фæлындзыд уыд йæ алыварс дæр. Кæрæдзимæ æввахс æвæрд уыдысты, фестиваль цы дæс дæсныйадтæй уагътой, уыдонæн хицæн бынæттæ. Се ‘хсæн сты: Ирон хæринæгтæ, агрономи, автомеханикæ, электрикæ, модæтæ æмæ æндæр хайадтæ.

Фестиваль бацæуæн ныхасæй байгом кодта колледжы директор Козаты Лирæ. Уый райдианæй банысан кодта, зæгъгæ, уæ абон базонгæ кæндзыстæм нæ рауагъдонтæ æмæ студентты арæхстдзинæдтæ æмæ æнтыстытимæ. Стæй, фестивалмæ кæй æрбацыдысты уый тыххæй сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейæ Хуссар Ирыстоны минæвар Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ иннæ уазджытæн.

Уый фæстæ фестивал уадзæг æмæ амонæг Æлборты Сергей фестивалмæ æрбацæуджыты фæхуыдта автомеханикæйы, модæты, агрономийы, ирон къæбиц æмæ æндæр хайæдты равдыстытæм. Алы ран дæр уазджыты зæрдæтæ рухс кодтой ахуыргæнæндоны ахуыргæнинæгты куыстытæ æмæ æн-тыстытæй æмæ сын дзырдтой арфæйы ныхæстæ.

Кæронбæттæны уазджытæ акуывтой Ирон бæгæныйæ æмæ ацахуыдытой  уæлибых, дзыкка, физонæг æмæ æндæр хæринæгтæй.

ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.