Ивгъуыд къуырийы кæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы хъуамæ уагъд æрцыдаид, сывæллæтты æмæ фæсивæдон театрты ирон националон IV-æм фестиваль «Амыраны рухс – 2020», зæгъгæ, ахæм номимæ. Фæлæ æгас дунейы коронавирус кæй апарахат, уый тыххæй нæ республикæйы дæр æмæ Цæгат Ирыстоны дæр цæрджыты ацы инфекцийæ бахизыны нысанæн, дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ баконд æрцыдис карантин. Нæ бæстæйы сæргълæууæджы барамындмæ гæсгæ скъолатæ, сабиты рæвдауæндæттæ æмæ æндæр ахуыргæнæндæттæ рæстæгмæ сты æхгæд. Уæлдæрбанысангонд фестивалы фыццаг хатт хайад райсдзысты хуссарирыстойнаг фæсивæд дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ фестиваль сæйраджыдæр, хаст æрцыдис карантины тыххæй. «Хъуыддаг афтæ кæй у Цæгат Ирыстоны дæр, уымæ гæсгæ фæфæстæдæр кодтой фестиваль ауадзыны хъуыддаг. Бæрæг куыд у, афтæмæй фестивалы хъуамæ хайад райстаиккой скъоладзау æмæ студентон фæсивæд, фæлæ ныртæккæ дыууæ республикæйы дæр баконд æрцыдис карантин æмæ фæ-сивæд сты хæдзæртты. Бæрæг-бæлвырд нæма у, фестиваль кæд байгом кæндзысты, уый. Фæлæ æхсызгон у, хуссарирыстойнаг фæсивæд дæр дзы кæй райсдзысты хайад, уый. Ахæм фестивалты хайад райсыны хъуыддаг, фыццаджыдæр, ахъаз кæны, цæмæй-дæриддæр популяризацигонд цæ-уа ирон культурæ, ирон аивад. Уæд рабæрæг вæййынц курдиатджын фæсивæд æмæ уыимæ иумæ та райсынц æхцондзинад, ног хæлæрттæ кæй ссарынц, уымæй дæр», – зæгъынц пресс-службæйы.

Пресс-службæ ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй фестиваль «Амыраны рухс – 2020»-ы Хуссар Ирыстонæй хайад райсдзысты нæ горæты гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ ивгъуыд аз, Хетæгкаты Къостайы азы цытæн бацæттæ кодтой цымыдисон театралон мадзал «Ожившие картины Коста» æмæ сын уæд жюри скодта иттæг хорз аргъ. Уыдон фестивалы сценæмæкæсджыты размæ рахæсдзысты Къостайы зындгонд ныв «Хъынцъымгæнæг зæд»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты студенттæ та бацæттæ кодтой дыууæ спектаклы – ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклæй скъуыддзаг æмæ иуактон комедион спектакль «Исмел тæлмацгæнæг».

Фестиваль «Амыраны рухс – 2020»-ы организатортæ сты Цæ-гат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ æхсæнадон организаци «Амыран».

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.