Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наирæйы бахæсмæ гæсгæ уагъд æрцыд Министрады специалистты балц Ленингоры районмæ. Балцы нысан уыд, районы социалон кусджыты куысты гъæд æмæ сæ разылæууæг хæстæ куыд æххæст цæуынц, уый басгарын.

Инспекцион балцы рæстæджы бæрæг æрцыдысты цухдзинæдтæ, æмæ цæстмæ бадардæуыд, цæмæй сæ тагъд рæстæджы цы аиуварс кæной.

Карзæй æвæрд æрцыд транспортон ифтонгады тыххæй фарст: транспорт кæй нæй, уый аххосагæй районы социалон кусджытæн зын вæййы сæ хæстæ сæххæст кæнын. Цæрджытæй бирæтæ цæрынц дард рæтты æмæ уыдонмæ бацæуын вæййы зын. Ацы проблемæ рæстæгмæ аскъуыддзаг кæнынæй ныфс бавæрдта Ленингоры рынчындоны сæйраг дохтыр тагъд æххуысы машинæ радтыны тыххæй, иумæйаг балцытæ сорганизаци кæнгæйæ.

Балцы фæлгæтты Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады специалисттæ бабæрæг кодтой Орчъосаны хъæуы уатон рынчыны æмæ йын балæвар кодтой инвалидон коляскæ. Банысан кæнын хъæуы, ахæм æмбæстæгты сбæрæг кæнын æмæ сын дарддæр хъæугæ æххуыс бакæнын кæй у социалон кусджыты архайды фæстиуæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.