Адæймаг йе ‘взонджы бонты цы дæсныйад равзары, уыцы фæндагыл ацæуы, уæд йæхи амондджыныл банымайы. Амондджыныл йæхи нымайы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артист Джиоты Сослан дæр. йæ мад Мери æмæ йæ фыд Романы фæндыд цæмæй сæ фырт равзæрстаит дохтыры, кæнæ юристы професси, фæлæ Сослан йæхи фæнд акодта, æмæ абон сæрыстыр у йæ равзаргæ фæндагæй. Сæрыстыр дзы сты йæ ныййарджытæ дæр.

Сослан райгуырд горæт Цхинвалы. Кæд æмгæрттæй  цæмæйдæрты хицæн кодта, уыд сабырдæр, уарзта чингуытæ кæсын, скъоламæ æнæзивæгæй æмæ цæттæйæ цæуын, уæддæр уыдон дæр нæ хъыг кодта. Иумæ цы алыгъуызон æмæ рагон хъæзтытæ æххæст кодтой, уыдон мысæг æмæ цырынгæнæг фылдæр хатт уыд Сослан. Абон дæр ма дзы кæуылдæрты куы амбæлы, уæд сын бацайдагъ вæййы адджын ныхас.

Мемæ ныхас кæнгæйæ дæр нал æфсæст сæ нæмттæ дзурынæй. Фæдзæхсгæ дæр ма мæ бакодта, зæгъгæ, кæд ис гæнæн уæд дæ уацы ракæн сæ кой. Арæхдæр кæуыл амбæлы æмæ сæ дæргъвæтин æмæ зæрдиаг ныхас кæимæ  фæкæны, уыдон сты Хъуылымбегты Альберт, Роберт, Гæбæраты Эрик æмæ æндæртæ.

Сослан ахуыр кодта горæты 11-æм астæуккаг скъолайы. Зæрдæргъæвд лæппу, ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты æхсæн фыццаг бонæй фæстæмæ  йæхи равдыста хорз ахуыргæнинагæй. Уымæн нæ уыдис фылдæр цы предмет уарзта, уый. Алы предметмæ дæр дардта йæ хъус æмæ уый йæ зонындзинæдтыл зынд ирдæй. Хорз ахаст ын уыд йæ ахуыргæнджытæм. Уыдон дæр æй уарзтой æмæ йын арæх арфæйы ныхæстæ дзырдтой йæ ный-йарджытæн. 1980 азы Сослан æнтыстджынæй каст фæцис 11-æм астæуккаг скъола.

Сослан куыддæр хъомыладон аттестат райста, афтæ ахуырмæ ацыд, раздæры стыр æмæ хъомысджын паддзахады сæйраг горæт Мæскуымæ. Кæд зæрдиагæй архайдта йæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй, уæддæр уыцы аз йæ фæнд нæ сæххæст. Уый фæстæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Бафыста йæ хæс. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд цалдæр хатт бацыд Хуссар Ирыстоны драмон театры уæды разамынадмæ. Куы йæм байхъуыстой, уæд æнæрахатгæ нæ фесты Сосланы æвзыгъддзинæдтæ æмæ иу бон театры уæды сæйраг режиссер Анатоли Азаревичимæ бацыдысты Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Сослан æнтыс-гæйæ радта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ссис актерон хайады студент.

Сослан раст дæсныйад кæй равзæрста уый ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ фæхатыдысты уадид. Ахуыргæнæндоны сценæйыл-иу цы  фæлварæн фæлгæнцтæ сарæзта, уыдон тыххæй та иу ын арæх йæ ахуыргæнджытæ дзырдтой, зæгъгæ, ды ныридæгæн дæр дæ цæттæ актер.

Алчи дæр дæсныйад равзары æндæр æмæ æндæр цауты фæстиуæгæн. Сослан ма скъолайы кары куы уыд, уæд сæрибар рæстæджы уарзта киномæ цæуын. Уæд бауарзта актеры куыст дæр æмæ бæллыд цæмæй йæхæдæг дæр архайа кинонывы.  Кæд киноартист не ссис, уæддæр ссис театры артист æмæ арæх фæзæгъы, зæгъгæ, чи-зоны æрцæуа рæстæг, фæзына фадат æмæ уæд стыр æхсызгон æмæ цины æнкъарæнтимæ ууыл дæр бацархайдзынæн.

Сослан раст фæндаг кæй равзæрста, уый арæх дæргъ-вæтин къухæмдзæгъд æмæ мидбылхудтимæ равдисынц спектаклтæм чи æрбацæуы, уыцы театрдзаутæ. Сæ ахæм ахастæн та Сослан дæтты стыр нысаниуæг æмæ фæзæгъы, зæгъгæ, – актеры сæйрагдæр æнтыстытæ сты йедзаг зал æмæ сценæмæкæсджыты къухæмдзæгъд.

35 азы Сослан уыцы æнкъарæнтæ иу æмæ дыууæ хатт нæ бавзæрста, 40-æй фылдæр  спектаклы ахъазыд ролтæ. Иунæг ролæй дæр никуы загъта æмæ йæ нæ сæххæст кæндзæнис, фæлæ æхсызгонæй дæр феххæст кæны спектаклы хъайтар йæхи удыхъæдмæ æввахс кæмæн фæлæу-уы, йæхи кæм фæуыны, ахæм ролтæ. Стыр тырнындзинæдтимæ æмæ цингæнгæ цы ролтæ феххæст кодта æмæ кæны уыдон ʻхсæн та сты В.Шекспиры пьесæ «Юлий Це-зарь», Цезары роль, Хуыгаты Г. пьесæ «Сау нымæт» уæрыккы роль, Куни Р. «Сылгоймаг, нæлгоймаг, рудзынг æмæ мард», фæткдары ролы æмæ бирæ æндæртæ.

Æппæтмæ дæр театры артисттæ æмæ хуымæтæг адæмы ахасты тыххæй куы ныхас кодтам, уæд Сослан банысан кодта, зæгъгæ, æвзонг артистæн театр æрмæст куысты бынат нæ, фæлæ ма йын свæййы хъомыладон уагдон дæр. Артисттæ сценæйыл февдисынц цард, раст æмæ дзы зылын цы у уый. Уымæ гæсгæ алы артист дæр тырны цæмæй æхсæнадон уагдæтты, адæ-мы ʻхсæн уадзой æрмæстдæр раст æмæ зæрдæмæдзæугæ фæд.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.