Скæс æмæ ныккæсы йедтæмæ чи нæу, уыцы царды æнхъæлмæкæсæн ис алцæмæ дæр – йемыдзаг у цинтæй дæр æмæ хъыгтæй дæр, фæлæ хатт уыцы хъыгтæ афтæ риссаг вæййынц, æмæ бирæнымæц цинты сæ аууон бакæнынц…

Ацы уац мыхуырмæ цæттæ уыд, афтæ нæм æрбайхъуыст фыдохы хабар: Хъæцмæзты Фатимæ цардæй ахицæн. Цы бакæнæм – æдых стæм царды цæвæнтæн… Уац мыхуыр кæнæм, цахæм ахаст æмæ зæрдæйы уагимæ фыст æрцыд, ахæм хуызы – цардæгас адæймаджы фæлгондз æвдисгæйæ…

Нæ абоны театры историйыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Республикæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Хъæцмæзты Хъазыбеджы чызг Фатимæйы иувæрсты. Фатимæ 40 азæй фылдæр лæггад кæны йæ адæмæн, нæ сценæмæкæсджытæн, куыд актер, афтæ дæр æмæ куыд арæхстджын режиссер, афтæ дæр.

Царды азтæ хорз сты, рæсугъд, мидисджын, хъæлдзæг куы уой, уæд. Фатимæ дзы ракаст 60 азы бæрзæндæй, бирæ хæрзтæ, бирæ фыдæбæттæ федта, фæлæ сæ йæ зæрдæ барухс. Барухс уымæн, æмæ йæ уарзон театры цинæй йедзаг у йæ зæрдæ, йæ 40 азы стыр тухитæ æмæ фыдæбæттæн аргъ æрцыд, йæ уарзон театр æй ракодта адæмы рæгъы, адæм та зæрдæрухс сты Фатимæйы бакæнгæ хъуыддæгтæй.

Актеры фыдæбæттæ сæхæдæг разынынц, куы йын банымайынц йæ саразгæ фæлгæндзты нымæц, уæд. Режиссеры куысты æмрæнхъ Хъæцмæзон нæ театры сценæйыл сæххæст кодта 50 ролæй фылдæр. 50 хатты æндæр æмæ æндæр адæймæгты удты сконды бацæуай, уый чысыл æмæ хуымæтæг хъуыддаг нæу.

Хъæцмæзоны ирд курдиат цы фæлгæндзтæй рарттывта, уыдон сты: Заретæ («Мæ усы лæг» – Хуыгаты Г.), Тауырзæт («Æнусон цырт» – Нафи), Софи («Софияйы зарæг» -Хуыгаты Г., Хуыбецты Р.), Кæлимæт («Тугæйдзаг чындзæхсæв» – Гаглойты Вл.), Минæт («Усгур Гаци» – Саулохты М.), Роксана («Хилачъы фидар» – Уанеты Вл.), Лаура («Куывд» – Ал.Пушкин) æмæ æнд.

Йæ саразгæ фæлгæндзтæ алыгъуызæттæ сты, уыцы алыгъуызондзинад арæхстджынæй равдыста Фатимæ. Уый та дзурæг у ууыл, актрисæ арæхстджын у комедион, юмористон, трагедион сюжетты; æвзонг чызгæй зæронд усмæ цы фæлгæндзты ахъазыд, уыдон дæр фесты цæстæвæрæн.

Хъæцмæзты Фатимæ ирон театрмæ фыццаг къахдзæф сарæзта 80 азты, нæ Цæдис ма нывыл куы уыд, Хуссар Ир йæ гаччы куы уыд, нæ театралон сценæйы æртæ фæлтæры куы змæлыд, уæд.

Фатимæ гуыргæ ам ракодта – Цхинвалы, йæ сабион бонтæ дæр арвыста ам, ахуыр та кодта нæ сахары 12-æм скъолайы.  Æвзонг чызг сывæллонæй айста йæ зæрдæмæ ирон музыкæ. Уымæн та йын ахъазгæнæг уыд йæ фыд Хъазбег йæ балалайкæимæ. Хъазбег нæ интеллигенцийы зынгæ минæвæрттæй уыд, уарзта йæ адæмон аивад, йæ балалайкæйæ цынæ ирон кафт æмæ зарды мелодитæ æххæст кодта. Хъуыста сæм æвзонг чызг, арф бахызтысты йæ зæрдæмæ ирон музыкæйы зæлтæ æмæ 4-æм къласæй йæхи æппæрста алыгъуызон кружоктæм, алыгъуызон литературон изæртæм. Абон дæр йæ зæрдæйæ нæ хицæн кæны, Плиты Грисы «Авд цухъхъа»-йы цы сценировкæ сарæзта, уый. Хорзæн мысы, Хуыгаты Сурены драмкъорды куыд архайдта æмæ дзы цы диссаджы зонындзинæдтæ рахаста, уыдоны дæр.

Ныййарджытæ æмæ кæстæрты хъуыды, сомбоны фæндагмæ цæугæйæ, арæх иугъуызон нæ вæййынц, нæ уыдысты разы Фатимæйы  равзæрст фæндагæй йæ ныййарджытæ дæр, фæлæ сын сæ чызг дзуапп радта, Къостайы ныхасы формæ фæивгæйæ – чызгæй дæр рæдийаг нæ вæййы æвзæр. Бамбæрстой фæстæдæр ныййарджытæ, сæ чызг раст фæндагыл цыд кæй фæци, уæлдайдæр та Фатимæйы йæ мад театры сценæйыл куы федта, йæ архайдмæ йын куы бакаст, уæд.

Скъолайы фæстæ Фатимæ Цæгат Ирыс-тоны экономикон факультетмæ кæй нæ ба-хауд, ууыл абон дæр цин кæны. Зæрдæрухс та уымæй уыд, иу азы фæстæ Тбилисы Шота Руставелийы номыл театралон институт йæ дуæрттæ байгом кодта Хуссар Ирыстоны театрæн. Фæлварæнтæ ист цыдысты Цхинвалы. Ам йæ хал схауд Фатимæйæн, æнтыстджынæй радта йæ фæлварæнтæ, ссис Руставелийы номыл театралон институты студенткæ.  Йемæ ма ахуырмæ бацыдысты: Кокойты Мельс, Къуезерты Фатимæ, Сиукъаты Изетæ, Куымæридтаты Маринæ, Хуриты Лили, Меладзе Таймураз æмæ Айларты Асæхмæт.

Ацы къорды уæнгтæ фаг цæттæдзинад райстой Тбилисы, цæттæ актертæй æрбаздæхтысты Ирыстонмæ. Фатимæ уæдæй бавнæлдта уæхскуæзæй кусынмæ. Йæхи загъдау, йæ хъул атылд, бахауд хорз режиссерты къухмæ (Хуыгаты Геор, Джусойты Хасан), стыр, рæсугъд, тыхджын, арæхстджын коллективы ‘хсæнмæ. Ам æрбаййæфта: Цоциты Нинæйы, Цхуырбаты Барисы, Джыгкайты Иваны, Цæбиты Нинæйы, Таугазты Гаврилы, Галуанты Людæ æмæ Гугкаты Евелинæйы, Цоциты Къæдзæх æмæ Цæбиты Русланы, Харебаты Федыры æмæ æнд.

Цæдисы ныппырх тынг фæзынд нæ театры куыстыл дæр. Мæнгард æмæ гадзрахат митыл ныллæууыд фашистон Гуырдзыстон, се ‘наккаг митæн кæрон нал уыд, æрбабырстой, бацахстой горæты сæйраг бынæттæ, æрбынат кодтой нæ театры дæр, ныддæрæн кодтой, театр аив цæмæй уыд, уыдон, ныппырх кодтой Къостайы цырт, хуыдон, куыдздон  сарæзтой бæстыхайæ. Æппæт дæр федта æвзонг актрисæ, фæрыст йæ зæрдæ театры басыгъдыл, кæугæ дæр бирæ фæкодта.

Хуссар Ир бахауд зындоны, фæлæ йæхи нæ ауагъта, хæцын кæм хъуыд, уым – хæцгæ, кусын кæм хъуыд, уым та – кусгæ. Ахæм уавæры уыд театр дæр, кусæн бынатæн равзæрста профцæдисты хæдзар, репертуары домæнтæ æххæст цыдысты алы хатт дæр.

Уыцы уæззау азты æрулæфт нæ зыдта Хъæцмæзон дæр, бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ арæзта йæ коллективимæ, цæмæй адæм сагъæсыл ма схæцой, цæмæй зоной, театр йæ тыхы кæй ис, Ирæн йæ зынг кæй нæ ахуысдзæн. Ууыл уал дзурæг у уый дæр, Фатимæ театралон фæзуаты, сыгъд театры размæ кæй ауагъта егъау Ногазон хъазтизæр, хиирхæфсæн мадзал. Уæдмæ театры фæзуат зымæгон рæстæджы ахæм мадзал никуы федта. Уæдæй фæстæмæ алы ногазон мадзал райдайы театры фæзуатæй.

Цард нын æй йæхæдæг фенын кодта, нæ театр 1989-1991 азты цы уавæры бахауд, цы тухитæ æвзæрста, фæлæ йæ куыст кодта. Театры дирекци, йæ аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан стыр тых æмæ лæгдзинад равдыстой, цæмæй театр куса. Уыдæттыл дзургæйæ, мах хъуамæ зонæм, Фатимæ дæр сæ цырвытæй кæй уыд, иунæг хъуыддаджы дæр фæсте нæ алæууыд. Йе ‘мбæлттимæ алы бон дæр цыд театрмæ, æфснайдтой, хуытызмæст кæй скодтой, уыцы театр.

Хъæцмæзты Фатимæ кæд йæ фыццаг нуарджын къахдзæфтæ тыхджын театралон бинонты  ‘хсæн акодта, кæд йæ актерон фæндæгтæй йæ зæрдæ рухс уыд, уæд хатыд, дæсныйад фæхуыздæр, фæхъæздыгдæркæнинаг кæй у, уый дæр. Фатимæйæн фæзынд фадат Мæскуымæ фæцæуынæн, режиссер суæвынæн. Уыцы хъуыдытимæ араст 2009 азы Мæскуымæ, бацыд академимæ, фæцахуыр кодта 2 азы, йæ диплом райста 2011 азы.

Ныр æндæр цæстæй акаст Фатимæ сценæмæ, рольтæм, фæлгæндзты архайд æмæ миддунемæ – йæ куыст бирæ фæфылдæр, фæвазыгджындæр. Тынг райгонд уыд йæ аивадон къухдариуæггæнæг Леонид Хейфецæй, уый руаджы райтынг йæ режиссерон курдиат. Æрыздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ.

Куыд æвæрæг режиссер, афтæ йæ арæхстдзинæдтæ æргомæй рарттывтой Годжыцаты И. «Æз ус нæ курын»-ы, Айларты А. «Рæстæгмæ ус»-ы, Хуыбецты Р. æмæ Хуыгаты Г. «Софиайы зарæг»-ы, Джусойты Н. «Азау æмæ Таймураз»-ы. Йæ арæхстдзинæдты фæд бæрæгæй зыны Хæмыцаты Ц. «Чи у аххосджын»-ы, Гаглойты Вл. «Зæххон хуыцæуттæ»-йы æмæ Красногоровы «Æртæ рæсугъд»-ы. Уыдоны ‘хсæн Хъæцмæзон иууыл арæхстджындæр ра-зынд пьесæ «Чи у аххосджын» æвæргæйæ. Уый уыд йæ дипломон куыст, стыр аргъ ын скодтой канд сценæмæкæсджытæ нæ, фæлæ сценæйы  дæснытæ дæр.

Хъæцмæзоны хорз зонынц Цæгаты театр дæр, ныр сын цалдæр пьесæйы сæ-вæрдта, тынг фæцыд сæ зæрдæмæ йæ арæхстдзинад. Ууыл æмбæлон хъуыдытæ æрцыд загъд Цæгаты театры минæвар Пагæты Фатимæйæн. Цыбыртæй дзы афтæ загъта: «Хъаруджын сылгоймаг нæлгоймаджы характеримæ».

Цæгат Ирыстоны театрдзауты зæрдæтæм уæрæх фæндаг ссардта Фатимæ, йæ сæвæргæ пьесæ «Æртæ рæсугъды» куы федтой, уæдæй фæстæмæ.

Режиссеры куыст æнцон æмæ хуымæтæг хъуыддаг нæу. Режиссер у актерты мад, равзæрстгонд пьесæйы æфсин. Уыцы бынатмæ бахизын хъæуы, уырдæм бахизынæн фæндæгтæ хъæуы, цæмæй къухты бафтой, уый тыххæй та кусын æмæ фыдæбæттæ хъæуы. Уыцы фæндæгтыл Фатимæ рацыд, уыцы фыдæбæттæ федта æмæ абон нæ театрæн нæхи режиссер кæй ис, уый тæхудиаджы хъуыддаг у.

Уæлдæр æрцыд загъд, Фатимæ канд йæхи национ фæлгæндзты архайæг нæу, æнтыстджынæй равдыста йæхи æндæр нациты цардæвдисæг спектакльты дæр.

Хъæцмæзон йæ хъуыддаджы дæсны кæй у, уый бæлвырдæй разынд йе ‘нæзæрдæхудт куысты. Уарзы адæмы, коллективы, рæхсы семæ царды дæр æмæ куысты дæр, ирон сылгоймаджы хорз миниуджытæй ифтонг у.

Райгондæй загъта йæ хъуыдытæ Фатимæйы тыххæй нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан: «Эта одна из тех артисток в современной истории театра, кто оставался преданным искусству и сцене во все времена».

Нæ номдзыд актер Цоциты Къæдзæх йæ рæстæджы бæстон æрдардта йæ хъус æвзонг, тæлтæг чызг Фатимæйы змæлд æмæ архайдмæ. Йæ зæрдæ дзы кæй барухс, фидæны театры фидыц кæй уыдзæн, уый зæгъгæ дæр кодта: «Фатима Качмазова посвятила свою жизнь большому искусству. Я твердо уверен в том, что Фатима лишена самонадеянности. Ее талант находится в самом расцвете» (газ.«Советская Осетия», 10.06.1987 г.).

2011 азы нæ театры сценæйыл фæзынд Хæмыцаты Цæрайы пьесæ «Чи у аххосджын». Пьесæ тынг актуалон у нæ дугæн, ахсджиаг æмæ дзы вазыгджын цаутыл цæуы ныхас. Йæ сæвæрынмæ йæ ныфс бахаста æвзонг режиссер Хъæцмæзты Фатимæ. Йæ фæстиуджытыл дисгæнгæйæ, йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы культурæйы сгуыхт архайæг, газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри. Йæ ныхасы кæронбæттæн у ахæм: «Уыны æмæ æнкъары цард (Фатимæ – Г.П.), сарæхст царды æгомыг зæгъинæгтæ æргомæй зæгъынмæ, базыдта фæлгæндзты удрæбынтæм уынаг цæстæй ныккæсын. Æппæтæй сæйрагдæр та – æууæнды йæ хъаруйыл, йæ курдиаты авналæнтыл…».

Фатимæйы цард æмæ куыст хорз чи зоны, уыдон дæр сæрбæрзонд сты Фатимæйæ. РХИ-йы сгуыхт артисткæ Гуыцмæзты Галинæ бирæ хъарм ныхæстæ загъта йе ‘мкусæг Фатимæйæ, рахуыдта йæ зондджын, хъаруджын, хæларзæрдæ адæймаг хæдзары дæр æмæ куысты дæр.

Бирæ хъарм æмæ фæлмæн ныхæстæ загъта Фатимæйы тыххæй цæгаттаг сгуыхт актрисæ Пагæты Фатимæ дæр. Рахуыдта йæ лæджы æмсæр сылгоймаг, дыууæ театры ‘хсæн фидар хид аразæг, режиссеры куыст чи зоны, чи æмбары, фæлгæндзты миддунемæ ныккæсын чи фæразы, ахæм адæймаг.

Цæстуарзон ныхæстæ æрцыд загъд, Хуссар æмæ Цæгат Иры сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæйæн Фатимæйы фæдыл. Нырма уал загъта уый, Фатимæ куыд аргъ кæны Ирон драматургийы хæзнатæн, куыд режиссер, афтæ куыд бæстон иртасы фæлгæндзты миддуне, куыд арæхстджын у уыдоны удты сконды миниуджытæ рафæлгъауынмæ.

Йæхирдыгонау бацыд нæ адæмон артисткæ Гугкаты Евелинæ Фатимæйы удысконды миниуджытæ рæгъмæ рахæссыны хъуыддагмæ. Йæ сæйраг хъуыды у: Фатимæ курдиатджын актрисæ æмæ режиссер у, фæлæ нырма йе сфæлдыстады бæрзæндмæ нæма схæццæ. Стыр ныфсимæ зæгъы, мах рæхджы Фатимæйæн кæй фендзыстæм йе сфæлдыстады кульминацион тæпп.

Фатимæ æвæллайгæ зиууон у нæ театрæн. Сценæйы лæггад тыхджын æмæ цæсты ахадгæ у. Фатимæ ма йæ азтæ æмæ йæ саразгæ фæлгæндзтæм иу ахæм цы бафтауа, уый йын уарзы йæ радтæг адæмы цæст.

ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы

номыл премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.