Нæ республикæйы фæсивæд арæхæй арæхдæр æвдисынц спорты фадыджы бæрзонд æнтыстытæ. Не спортсментæ хайад райсынц куыд Уæрæсейы, афтæ дунейы уагъдцæуæг алыгъуызон ерысты æмæ фылдæр хатт кад æмæ уæлахизимæ æрыздæхынц сæ райгуырæн бæстæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый, сæйраджыдæр, у фæсивæдæн сæхи тырнынады æмæ стæй та нæ республикæйы спорты  скъолаты цы фæлтæрд тренертæ кусынц, уыдоны бæрнон куысты руаджы.

Не ‘мбæстаг 25 аздзыд, уæззау атлетикæйы скъолайы тренер Плиты Артуры хъомылгæнинæгтæй сæ иу Икъаты Сæрмæт хайад райста уæззау атлетикæйы пауерлифтинджы хуызæй 12-13 декабры Новороссийскы уагъдцæуæг Европæйы кубокы ерысты æмæ ссис 125 киллограммы уæзы категорийы уæлахиздзау. Спортсмены тренер Плиты Артур куыд загъта, афтæмæй та Сæрмæт радон хатт равдыста йе стыр тырнындзинад æмæ арæхстдзинад спорты ацы фа-дыджы. «Фæстаг рæстæджы æппæт дунейы коронавирусы фæстиуæгæн карантины аххосæй уагъд нал цыдысты куыд ерыстæ, афтæ цæттæгæнæн тренировкæтæ дæр. Уымæ гæсæг  Сæр-мæт ерыстæм йæхи цæттæ кодта тынг цъус рæстæджы. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ равдыста тынг хорз хатдзæгтæ. Ацы хуызы ерысты æртæ хуызы, уый æмткæй систа 750 килограммы: 300, 280 æмæ 170 киллограммы», – загъта тренер.  Икаты Сæрмæт ныртæккæ у нæ республкæйы уæззау атлетикæйæ æппæты æнтыстджындæр спортсмен. Кæд спорты ацы хуызы бирæ рæстæг нæ архайы, уæддæр ын ис бæрзонд æнтыстытæ. Ныридæгæн уый рамбылдта 40 фыццаг бынаты алыгъуызон æмвæзады ерысты. Цы рекордон уæзтæ систа, уыдон ныронг сты æнæсаст.

Сæрмæт ма кæстæр кълæсты куы ахуыр кодта, уæд цыд Мая Четионы кафты къордмæ. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй абон цы спорты хуызы архайы, ууыл уыцы рæстæджы хъуыды дæр никуы акодта. Фæлæ йæм спортмæ тырнындзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ фæстæдæр бацыд  уæгъ-дибар хъæбысхæстмæ. Уым архайдта суанг астæуккаг скъола каст фæуыны онг.  Уæлдæр ахуырад райсынмæ Сæрмæт бацыд Цæгат Ирыстоны Хæххон-металургон институтмæ электроаразæджы факультетмæ. Институты ахуыр кæнгæйæ арæх цыд спортивон залмæ. Фæлвæрдта уæззау  атлетикæйы  нормæты фæлгæтты уæзтæ исыныл дæр. «Æз хъуыды дæр никуы акодтаин, цæмæй ерысты хайад исон, тренировкæтæ кодтон æрмæстдæр ме спортивон формæ бахъахъхъæныны тыххæй. Мæ сæрибар рæстæджы фылдæр хай æрвыстон спортзалты. Уым æнæнхъæлæджы фембæлдтæн пауэрлифтинджы хуы-зы спорты мастер Дзугкоты Артурыл æмæ райдыдтон уыимæ кусын»,- загъта Сæрмæт.

Фæлтæрд тренер уайтагъд рахатыд Сæрмæты спортивон потенциал æмæ йæ райдыдта цæттæ кæнын спорты бæрзонд къæпхæнтæм. Æмæ нæ фæрæдыд. Дыууæ мæйы фæстæ Сæрмæт хайад райста Краснодары Уæрæсейы чемпионаты. Систа 245,5 килограммы уæз æмæ, 110 килограммы уæзы категорийы спортсменты ‘хсæн ссис фыццаг бынаты хицау.  Уыцы аз ма хайад райста Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы  æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Уæд пауерлифтинджы сконды æртæ хуызы ерысты æмткæй  систа 650 килограммы æмæ ссис сыгъзæрин майданы призер.

Уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ Сæрмæт æрыздæхт йæ райгуырæн Цхинвалмæ æмæ дарддæр кæны тренировкæтæ йæ уарзон спорты.  Цхинвалы уæззау атлетикæйы спорты фæлтæрд тренер Плиты Артуры къухдариуæгадæй уый йæхи бацæттæ кæны æмæ хайад райсы Уæрæсейы уагъдцæуæг ерысты.  Ивгъуыд аз, августы мæйы Сæрмæт хайад райста Курскы уагъдцæуæг æвзæнгты ‘хсæн Дунейы кубок рамбулыны ерысты æмæ равдыста ахæм хатдзæгтæ: йæ фæсонтыл хуысгæйæ систа 160 килограммы, йæ фæсонтыл систа 240 килограммы штангæ æмæ  хæрдмæ та систа 280 килограммы. Афтæмæй æмткæй 680 килограммы сисгæйæ ссис турниры сыгъзæрин майданы хицау æмæ йæ кары спортсменты ‘хсæн та дунейы рекордсмен.

2017 азы Сæрмæт ногæй ссис 23 азы кары онг 125 килограммы уæзы категорийы «Дунейы чемпи-онты кубок»-ы хицау. Краснодары уагъдцæуæг дунеон ерысты æмæ ссис Дунейы чемпион.

 Æрыгон спортсмен йæ трени-ровкæты рæстæджы цы уæзтæ сисы, уыдон бирæтæм фæксынц рекордон, фæлæ уымæн та сты куыд нормæ, афтæ. Ис æм бирæ перспективон хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фæстæдæр фæнд кæны нæ республикæйы пауэрлифтинджы спорт райтынг кæнын. «Уый у тынг пайда æнæниздзинад æмæ физикон тых фидар кæнынæн. Нæ республикæйы ис тынг бирæ курдиатджын фæсивæд æмæ мæ фæнды, цæмæй сын уа уавæртæ спорты ацы хуызы архайынæн. Хъыгагæн, ныртæккæ нæ республикæйы уæззау атлетикæйæ чи архайы, уыдоны нымæц у хæрз цъус», – загъта Сæрмæт.

Æрыгон спортсмен æмæ йæ тренертæ  бузныджы ныхæстæ зæгъынц  нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ  Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитетæн, финансон фæрæзтæй сын кæй баххуыс кодтой ерыстæм ацæуынæн, уый тыххæй. Афтæ ма сын чидæриддæр спонсорон æххуыс бакæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

                                                                                   ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.