Театр кæмæн нæй, ахæм адæм мæгуыр уыдзысты, царды хур сæ нæ тавдзæн, уымæн æмæ сæ цард хурмæ нæ зындзæн, царды айдæн театр кæй у, уымæ гæсгæ. Æнæхъуаджы нæ загъта нæ драматургийы бындурæвæрæг, нæ национ театры дуар бакæнæг Брытъиаты Елбыздыхъо: «Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!» Бирæ профессиалон бæрæгбонтæ фæзынд нырыккон царды – райдай бæгæны уарзджыты бонæй æмæ фæу таксистты боныл. Нымæц дæр сын нал ис. Фæлæ уыдон, кæддæр æви æрæджы гæххæттыл фыст цы æрцыдысты, уымæй уæлдай царды, адæмы хъуыдыкæнынады не рцæрдзысты. Æндæр у йæ нысаниуæг Театры дунеон бонæн, уымæн æмæ уый æцæг бæрæгбоныл нымад у адæмы зæрдæты.

Театры бон æрвылаз дæр нысан цæуы 27 марты. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр, кæд афæдзы дæргъы нæ, уæддæр мæй, дыууæ мæй раздæр райдайы йæхи цæттæ кæнын ацы стыр бæрæгбонмæ. Афтæ уыд ацы аз дæр, нæ бацыдысты, сæ профессионалон  бæрæгбонмæ кæй фæхуыдтой, уыцы адæмы зæрдæхудты. Сæ бацæттæгонд программæ рауад мидисджын æмæ зæрдæмæхъаргæ, концертон номыртæй алкæцы дæр иннæтæй хицæн кодта йæ хæдгъуыздзинад æмæ профессионалондзинадæй.

Кæсæн зал йемыдзаг уыд, театралон аивадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæ-мæй. Уыдон зæрдиаг æмдзæгъд кодтой, куыд, раджы кæй бауарзтой, уыцы зындгонд артистты аивадæн, афтæ фидæны стъалытæ, суинаг артистты фыццаг фæлварæнтæн дæр. Уыдоны хсæн уыдысты ивгъуыд ахуыры аз Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты цы ног, актерон аивады факультет байгом, уыцы факультеты студенттæ дæр. Сæ бацæттæгонд этюдæй ныридæгæн сæхи бауарзын кодтой ирон сценæйæн табугæнджытæн.

Бæрæгбонмæ æрцæуджытæн фадат уыд, абон сценæмæ чи нал рахиздзæн, уыцы дзæнæтыбадинаг актерты хайадистæй архивон æрмæджытæ æмæ кадртимæ базонгæ уæвынæн.

Театры сфæлдыстадон коллективы бацæттæгонд программæйы сæйраджыдæр уыдысты спекталктæй ист кæфтытæ æмæ зарджытæ, хицæн музыкалон номыртæ, спектаклтæй скъуыддзæгтæ. Бæрæгбонмæ фæхуыдтой æндæр æмæ æндæр фадгуыты аивадон архайджыты дæр.

Театры артистты уæлдай ма ам сæ аивад равдыстой æрыгон зарæггæнджытæ Харебаты Марта æмæ Джиоты Любæ дæр.

Театры дунеон бон алыхатт дæр театры артисттимæ иумæ банысан кæны нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр, фæлæ ацы хатт йæхицæн уый фадат кæй нæ фæцис, уый тыххæй йын йæ арфæтимæ театры коллектив æмæ бæрæгбонмæ æрцæуджыты базонгæ кодта  театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан:

“Зæрдиаг бузныг зæгъын мæ фæнды сымахæн уе ппæтæн дæр, абоны рæсугъд бæрæгбоныл немæ иумæ кæй цин кæнут, уый тыххæй. Стыр бузныг зæгъын нæ коллективæн дæр сæ æвæллайгæ куысты тыххæй. Абон мæм, мемæ телефоны ныхас кæнгæйæ, нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли бахатыд, цæмæй йæ номæй зæрдиаг бузныг зæгъон нæ коллек-тивæн æмæ сын зæрдæбынæй раарфæ кæнон. Уый махæн ракодта зæрдæбын арфæтæ, йæ цæст нын бауарзта дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ фæрныгад», – загъта театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады номæй театры коллективæн зæрдæбын арфæтæ ракодта министры хæдивæг Къадзты Филипп:

“Абон у Театры æппæтдунеон бон æмæ уын зæрдæбын арфæ кæнæм ацы ахсджиаг боны фæдыл. Мах бафæнддзæн, цæмæй театры дуæрттæ алы хатт дæр гом уой театрдзаутæн, æмæ сценæйыл та сæ арæхстдзинад æмæ рæсугъд аивад æвдисой нæ театры курдиат-джын артисттæ. Æхсызгондзинады тæлмæнтимæ хъуамæ банысан кæнæм, нæ уарзон коллективæн йæ къухы кæй æфты бонæй-бон хуыздæргæнæг сфæлдыстадон æнтыстытæ», – йæ раныхасы банысан кодта министры хæдивæг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды бæрæгбон дæр не сфидаудзæн æнæ уазджытæй. Ацы хатт дæр уыд афтæ: Театры дунеон бон Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры коллективæн æмæ бæрæгбонмæ æрцæуæг адæмæн зæрдиагæй раарфæ кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы дыгурон театры режиссер Джелыты Хъазбег.

Джелыты Хъазбег у æрыгон режиссер. Хуссарирыстойнаг театры сценæйыл уый хъуамæ сæвæра Молеры зындгонд драмон уацмыс «Дон Жуан»-мæ гæсгæ спектакль, кæцыйы премьерæ уыдзæн ацы уалдзæджы.

“Не хсæндзарды театрæн кæддæриддæр уыдис стыр æмæ ахсджиаг бынат. Уымæ гæсгæ мæ фæнды стыр бузныг зæгъын, нæ театрæн бындур чи æрæвæрдта æмæ йæ историйы æнæссæугæ фæд чи ныууагъта, уыцы фæл-тæртæн. Уыдон уыдысты фыццæгтæ, цы фæлтæртæ схъомыл кодтой, уыдон сын дарддæр кæнынц сæ рæсугъд аивад. Сæ зæрдæты арф æвæрдæй дарынц театрмæ æнæкæрон уарзондзинад», – йæ арфæйы ныхасы банысан кодта Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор, поэт Зассеты Мераб, æмæ театры коллективæн бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ-арфæ.

Ахæм арфæимæ ма сценæмæкæсджыты размæ рахызт поэт Чехойты Александр дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.