Байгом Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры юбилейон, нæуæдзæм театралон сезон, кæцымæ стыр æхсызгонæй сæхи цæттæ кодтой театры труппæ. Театры къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ ацы театралон сезон баконд æрцыдис Уильям Шекспиры «Юлий Цезарь»-æй. Куыд зонæм, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон те-атрыл ацы аз 29 июлы сæххæст 90 азы.

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры пресс-службæ нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ фæззæджы нæ республикæйы театралон цард уыдзæнис цымыдисон, цы программæ цæттæ кæнынц, уый уыдзæнис хъæздыг æмæ ма уыимæ иумæ нæ театры труппæмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ гастролон балцытæ куыд Цæгат Ирыстонмæ, афтæ Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр горæттæм дæр. «Нæ театры къухдариуæгад фæнд кодтой, цæмæй ацы юбилейон сезоны бакондмæ Остъаты Аланы пьесæ «Фæстаг æвдисæн» адæмы рæгъмæ рахастаиккам, фæлæ стыр хъыгагæн бæрæг аххосæгтæм гæсгæ не сцæттæ ис. Куыд зонæм, афтæмæй «Фæстаг æвдисæн»-ы театр æвæры ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты боны цытæн. Йæ режиссер у Дзуццаты Тамерлан. Ацы спектаклыл дарддæр куыст цæуы активонæй æмæ рæхджы æвдыст æрцæудзæнис нæ театры сценæйыл. Мæйы дæргъы сценæмæкæсджытæн æвдисдзыстæм, нæ репертуары цы спектакльтæ ис, уыдонæй. Афишæ у цæттæ æмæ æвæрд æрцыдысты социалон хызæгты дæр, цæмæй сæ адæм зоной. Адæмы размæ рахæсдзыстæм комедитæ æмæ трагедитæ дæр. Зæгъæм, уыдоны ‘хсæн уыдзæнис спектакль «Дон Жуан», кæцыйы премьерæ уыдис июны мæйы. Уымæй дарддæр ма равдисдзыстæм сценæмæкæсджыты уарзон комедитæ «Сæтти æмæ Бæтти», «Ды мæ куы уарзай», «Æз ус нæ курын» æмæ æндæртæ, – банысан кодтой пресс-службæйы.

Ног театралон сезоны байгомимæ театрдзауты цымыдис кодта спектаклтæм бацæуыны билеты аргъ, зæгъгæ, фæфылдæр уыдзæнис æви нæ. Ацы фарсты фæдыл нын театры пресс-службæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, билетты æргътыл не схæцыдысты æмæ уæйгонд цæудзысты зæронд æргътæм гæсгæ, ома, залы цы бынæттæ ис, уыдонæн сæ билеттæ сты 200 сомы аргъ æмæ уæлейæ, балконы та – 150 сомы. Кæд æмæ спектакль премьерон уа, уæд уырдæм та билеты аргъ вæййы 300 сомы бæрц.

 

ÆМГУЫСТАД -БАДЗЫРДЫ БЫНДУРЫЛ. ТÆБÆХСАУТЫ БАЛОЙЫ НОМЫЛ ИРОН АКАДЕМИОН ТЕАТР  УЫДЗÆН ЦХИНВАЛЫ УАЗÆГ

Нæ театры пресс-службæ ма нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон театрты ‘хсæн цы бадзырд ис, уый фæлгæтты дыууæ фарс дæр дарддæр кæнынц æмгуыстады хъуыддаг æмæ та гастролон балцыты кæрæдзимæ кæй фæуазæг уыдзысты. «Сæрды райдианы Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон академион театр æмæ нæ театры аивадон къухдариуæггæнджытæ Уалыты Гиви æмæ Дзуццаты Тамерлан сарæзтой бадзырд æмæ уый бындурыл дыууæ фарс дæр кæнынц æмгуыстад, ома, дыууæ театры коллективтæ кæрæдзимæ цæудзысты гастролон балцыты. Уыцы бадзырды фæлгæтты нæм 22-æм сентябры фæуазæг сты нæ цæгаттаг коллегæтæ æмæ хуссарирыстойнаг театрдзаутæн равдисдзысты Шекспиры пьесæмæ гæсгæ Уалыты Гивийы æвæрд спектакль «Ричард III», кæцыйы премьерæ уыдис уалдзæджы Цæгат Ирыстоны. Нæ театр та Цæгат Ирыстонмæ ацæудзысты 29-æм сентябры æмæ Ирон театры сценæйыл равдисдзысты «Дон Жуан», кæцыйы сæвæрдта Дыгуры театры сæйраг режиссер Джелыты Хъазбег». Программæмæ гæсгæ ма 14-æм октябры нæ театры труппæ абалц кæндзæнис Цæгат Ирыстонмæ. Уырдæм семæ ахæсдзысты, ивгъуыд аз ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ питераг режиссер Роман Габрия йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цы спектакль бацæттæ кодта, уый. Спектакль дæр хуыйны «Къоста» æмæ йын хуссары куыд саргъ кодтой, уымæ гæсгæ у тынг цымыдисон. Ныр та йын аргъгæнджытæ уыдзысты цæгаты. Уыцы бон махмæ та фæуазæг уыдзысты цæгатирыстойнаг ирон театры труппæ æмæ нын равдисдзысты Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль. 15-æм октябры та Къостайы райгуырæн боны театрты труппæтæ уæлдæрбанысангонд спектаклты равдисдзысты сæхимæ. Спектакль «Къоста» æвдыст æрцæудзæнис нæхи театры æмæ «Фатимæ» та – Цæгат Ирыстоны Ирон театры», – зæгъынц пресс-службæйы.

 

ÆРХОНГÆ РЕЖИССЕР МИХАИЛ ЧУМАЧЕНКОЙЫ «ФОНДЗ ИЗÆРЫ» ÆМÆ ХЪÆЦМÆЗТЫ ФАТИМÆЙЫ ЮБИЛЕЙ

Пресс-службæ ма нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ нæ театры къухдариуæгады фæхуындмæ гæсгæ Цхинвалмæ кусæгон балцы æрцыдис Уæрæсейы федерацийы зындгонд режиссер, Театралон аивæдты Паддзахадон Институты (ГИТИС-ы) профессор Михаил Чумаченко æмæ ныридæгæн æрæвнæлдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры труппæимæ Александр Володины пьесæмæ гæсгæ спектакль «Фондз изæры» сæвæрынмæ. Михаил Чумаченкойы фæхуынд сæйраджыдæр баст у РХИ-йы адæмон артисткæ, режиссер Хъæцмæзты Фатимæйы 60 азы юбилеимæ, кæцыйы банысан кæндзæнис 9-æм октябры. Хъæцмæзты чызг нæ театры кусы 40 азы бæрц æмæ йæ бафæндыд, цæмæй йæ юбилейон изæр банысан кæна афтæ æмæ иуран бадыны бæсты ахъаза ног спектаклы, равдиса ног куыст, сценæйыл сæххæст кæна йæ арæхстдзинад. Ацы хъуыддаг артисткæйæн у сæйрагдæр æмæ йыл ныридæгæн куыст цæуы. Михаил Чумаченко куыд зæгъы, уымæ гæсгæ спектакль «Фондз изæры» 9-æм октябрмæ не сцæттæ уыдзæн, фæлæ йæ ныфс ис октябры кæрæтты йæ кæй рахæсдзысты адæмы рæгъмæ.

ДИПЛОМТÆ ÆРХАСТОЙ ЦÆЦÆНÆЙ

Ацы къуыри Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр хайад райста Цæцæны республикæйы уагъдцæуæг Уæрæсейы националон театрты фестивалы. Нæ театры труппæ горæт Грознæмæ ахастой спектакль «Юлий Цезарь», кæцыйы æвæрæг-режиссер у Дзуццаты Тамерлан. Фестивал нæ уыдис конкурсон фетиваль æмæ уагъд цыдис 11-æм сентябрæй 18-æм сентябрмæ. Хуынд æм æрцыдысты хуыздæр националон театртæ. Хайад дзы истой Уæрæсейы Федерацийы бирæ регионты театртæ, уыдон æмрæнхъ Цæгат Ирыстоны Ирон театр æмæ нæ театр дæр. Фестивалы æппæт хайадисджытæ дæр хорзæхджын æрцыдысты дипломтæй. Уымæй дарддæр ма ноябры райдианты нæ театрмæ æнхъæлмæ кæсынц гастролон балцытæ Уæрæсейы Федерацимæ. Уыдон сæ фæндаг акæндзысты Ярославль, Воронеж æмæ Липецкы горæттæм. Уæрæсейаг сценæмæкæсджытæн ахæсдзысты французаг драматург æмæ сценарист Жан Ануйы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Антигона» æмæ Роман Габрияйы сценаримæ гæсгæ æвæрд спектакль «Къоста».

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.