Рагæй æрæгмæ дæр кадджын сылгоймагыл нымад уыдис ахæм чындз, кæцы йæ сæры хицауы (лæджы) бинонтимæ, мыггагимæ, хæстæджытимæ аразы хæлар ахастытæ. Сыхæгтæн, уазæгæн зæрдæхæларæй æгасцуай чи фæзæгъы, æгъдау сын чи ратты, ахæм чындзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ кад уæлæмæ цæуы, йæ хорзы кой айхъуысы.

Алы æрыгон сылгоймаг дæр мой куы скæны, уæд æндæр бинонтæм æрцæуы цæрынмæ. Уый хъуамæ хорз æмбара лæджы мад, архайа ног бинойнаджы хæдзары фарныл бафтауыныл. Чындз та, ирон ракуыв-ды куыд загъд ис, йæ райгуырæн хæдзарæй æхсары бæсты æфсарм хъуамæ рахæсса, мæнæ къаннæг суадæттæ стыр донимæ куыд баиу вæййынц æмæ фурдмæ уым иухуызонæй куыд тындзынц, афтæ ног бинойнаг дæр бинонты цардыуаг æндæрырдæм макуы фæзила.

Мойы ныййарджыты хи фыд æмæ мадау йæ зæрдæ-мæ чи айсы, ахæм чындзытæ бирæ ис нæ алфамблай. Цæвиттон, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран æмæ йæ цардæмбал – фæсчъылдымы фæллойадон фронты архайæг  схъомыл кодтой чызг æмæ дыууæ фырты. Чызг йæ амонд ссардта, лæппутæ дæр бахъуыддаг кодтой. Хицау æмæ æфсин ног   бинойнæгтæм чындзы номæй никуы сдзырдтой – хуыдтой сæ сæ чызджытæ. Уыдон дæр сæм дзырдтой фыд æмæ мады номæй. Дыууæ хистæры сæ цардæй куы ахицæн сты, уæд сыл чындзытæй чи тынгдæр фæхъыг кодта, уый зын раиртасæн уыд. Рухсаг уæнт хицау æмæ æфсин, дыууæ чындзы абон дæр мадызæнæг хотау уарзонæй цæрынц, хи хъæбултау узæлынц кæрæдзийы цотыл. Кæрæдзи фæдыл ахицæн сты хæстарыд æмæ куыствæллад хистæртæ. Сæ чырынты уæлхъус чындзытæн æмæ уыдоны ныййарджытæн бирæ арфæтæ фæкодтой   хистæртæ. Æмæ уый цасы аргъ у.

Ныййарджытæн сæ хистæр фырт цардæмбалæн бацагуырдта сæхи хъæуккаг чызджы – уæлдæр цы чындзыты кой скодтам, уыдонæй иуы кæстæр хойы. Цард афтæ æрзылд, æмæ дыууæ æрыгон æмкъайæн кусгæ рауад Дзæуджыхъæуы, уыимæ лæппу – стыр бынаты. Йæ кæстæр æфсымæр дæр горæттаг куыстуæттæй иуы бынат ссардта.

Рæстæг цыдис, кæстæртæн фæзындис цот. Уалынмæ хæдзары æфсин æруатон карз низы аххосæй. Чындз æрвыл къуыри тагъд кодта горæтæй хъæумæ, æфснайдта хæдзар, хъарм хæринагæй цух нæ уагъта хистæрты. Лæджы мад бынтон куы æруæззау, уæд чындз йæ куыст ныууагъта æмæ йе ‘фсины цур уыдис æхсæвæй-бонæй. Иуахæмы рынчынфæрсæг сæмбæл-дысты чындзы фыд æмæ мад. Рынчын сæ куы федта, уæд йæ цæсгом фæрухс, йæ мæллæг цонг тых-амæлттæй хæрдмæ систа, амонæн æнгуылдз чындзы ‘рдæм ацарæзта æмæ тыхулæфтгæнгæ сдзырдта: «Ахæм гуырдтæ бирæ нæй! Сымахæн та стыр бузныг, уыцы чызджы чи схъомыл кодта!» Ныййарджыты уымæй хуыздæр лæвар нæ хъæуы, сæ сывæллæттæй сын исчи хорз зæгъа.

О, фæлæ ис ахæм чындзытæ, кæцытæ, цыфæн-дыйæ дæр мæ мойы ныййарджытæй фервæзон, зæгъгæ, ууыл чи архайы. Йæ цардæмбалы сæр нæ хъуыды кæнгæйæ, хæдзарæй æддæмæ ныхас ахæссы. Бамбарын хъæуы иу æцæгдзинад: мæстыйæ цы зæгъай, ууыл уынджы бафтауынц «къæхтæ» мæ «къухтæ», уыйадыл дамдумтæ сарæх вæййынц. Æмæ уый свæййы фыццаг къахдзæф æрыгон бинонты цард фехалыны фæндагыл.

Чындзæн æнæмæнг нымайын хъæуы, йæ ног бинонты æгъдау, фæткæвæрд. Ууыл лæуд куы уа, уæд суыдзæн æххæстбарджын бинойнаг. Уыимæ йæхи хæдзары хицауæй ма банкъара, ницæй тыххæй æфсинмæ фæстæмæ тыхдзырд ма кæна, уыцы ацæргæ адæймаг дæр йæ рæстæджы чындзы бынаты уыдис. Чызг мой кæнын куы сфæнд кæны, уæд ын йæ ныййарджытæ хъуамæ бамбарын кæной, йæ уарзон адæйма-джы йын ныййарджытæ кæй схъомыл кодтой æмæ уыдоны сæр хъуыды кæнын кæй хъæуы…

Ирон адæмы царды хистæртæ бинонты ‘хсæн кæддæриддæр нымад уыдысты. Чындзæн дæр йæ сомбон зæрондмæ цæуы. Уымæ гæсгæ йæ хистæртæм цы цæстæнгас дара, йæ цот дæр æм раст ахæм цæстæй кæсдзысты. Сывæллæттæн ныййарджытæ алы хъуыд-даджы дæр дæнцæг кæй сты, уый гуырысхойаг нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хæстæ ис æфсиныл: хъуамæ уа куырыхон, чындз цы нæ зоны, уымæй йын зæрдæ-хæларæй феххуыс кæна. Сыхæгтæн, хиуæттæн ног бинойнаджы кой хъуамæ макуы ракæна. Иудадзыг æм схуыстæй куы дзура, уæд уый дæр къæйных кæны. Уæлдæр цы æфсинтæ æмæ чындзыты кой скодтам, уыдоны бафæзмын у стыр хорздзинад.

Царды кæрæдзийы æмбарынæй хуыздæр ницы ис. Хæдзары фарн лæууы уарзондзинадыл, æмæ алкæйы хæдзары дæр æрбынат кæнæд.

Æрмæгыл бакуыста

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.