8-æм июнæй 15-æм июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыд æртæ фыдракæнды æмæ дзы дыууæ раргом сты. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахауд дыууæ адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 152 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 16 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Æхсæнадон фæтк фехалыны фæстиуæгæн бæрндзинадмæ конд æрцыдысты 4 адæймаджы.

8-æм июны Тбеты хъæуы æмæ горæт Цхинвалы 53-аздзыд цæрджытæ Багаты хъæуы суадонæн донвæд аразгæйæ ссардтой адæймаджы стджытæ. Бынатмæ ссыдысты барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ дзы скъахтой æртæ адæймаджы стæгдары. Слестгæнæн-криминалон къорды кусджытæ уадзынц медицинон экспертизæтæ, цæмæй рабæрæг кæной фæмардуæвæг гоймæгты. 

Знауыры районы Уелиты хъæуы 24-аздзыд æмæ 30-аздзыд цæрджытæ Аунеуы хъæуы цæугæйæ фехстой автоматикон æхсæнгарзæй. Знауыры районы милицийы управленийы кусджытæ бынатмæ ссæугæйæ рабæрæг кодтой фæткхалджыты æмæ байстой æхсæнгарз. Автоматы хицау, 30-аздзыд æмбæстаг, разынд нозтджын æмæ ма афтæмæй скъæрдта йæхи автомашинæ «ВАЗ-21099». Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй 24-аздзыд æмбæстаг та æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ æмæ йæ Знауыры районы тæрхондон фæивар кодта 8 мин сомы.

Ленингоры районы милицийы управленийы кусджытæ Цъубены хъæугæрон ссардтой æмæ скуынæг кодтой 240 гæны къутæры.

Цхинвал-Ленингоры фæндаджы 7-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы 37-аздзыд цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст йæ автомашинæ «BMW-520» скъæрынмæ æмæ фæсвæд афæлдæхт. Шофыр æмæ йæ бæлццон, Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы 32-аздзыд цæрæг, алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Цхинвалы 43-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Mitsubishi Colt» скъæрынмæ, ахызт светофоры сырх рухсыл æмæ Путины уынгæй 8-æм Июны уынгмæ азилæны сæмбæлд автомашинæ «Тоуоtа Сamrу»-йыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 37-аздзыд цæрæг.

Горæт Цхинвалы Октябры уынгæй Хъоцыйы фырты азилæны нæ горæты 41-аздзыд цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2123» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «Volkswagen Golf»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 27-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн «ВАЗ-2123» афæлдæхт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.