Цытджын Михаил Владимиры фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ национ бæрæгбон – Уæрæсейы боны цытæн.

Хуссар Ирыстоны, куыд Уæрæсейы, афтæ нысан кæнынц ацы паддзахадон бæрæгбон æмæ у нæ республикæйы Уæрæсейы Федерациимæ æнæфæхицæнгæнгæ бастдзинады символ.

12 июнь у Уæрæсейы Федерацийы ног историйы ахсджиаг зæрдылдарæн бон, кæцы æвдисæн у  демократон сæрибардзинæдтимæ баст æргъадтимæ, Уæрæсейы дарддæры дидинæфтыдмæ тырнындзинадимæ.

Ацы нысаниуæгджын боны дын, Михаил Владимиры фырт, мæ цæст  уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ, Уæрæсейы адæмæн та сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.