Нæ республикæйы хорз тыллæг дæттынц фæткъуы бæлæсты  дыргъдæттæ æмæ раздæр азты куыд æхсæнадон хæдзарадтæ, афтæ ма хисæрмагонд зæххы фадгуыты хицæуттæ дæр ацы культурæмæ здæхтой æмбæлон хъусдард. Ацы ахсджиаг куыстыл абоны бон дæр хицæн адæймæгтæ сты иузæрдион æмæ фылдæр кæны куыд сæ дыргъдæтты фæзуат, афтæ тыллæгæрзад дæр.

Фæлæ уæддæр ацы къабаз райтынг кæнын кæй хъæуы, уый зæрдыл даргæйæ, нæ республикæйы разамынад, сæрмагондæй та – Президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисы фæрцы ивгъуыд аз Цхинвалы районы Къостайыхъæуы  æрæвнæлдтой дыргъдон аразынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Уæрæсейаг инвесторы филиал ООО «Южный сад» Италийæ æрласта фæткъуыйы æртæ сорты – «Местор», «Голден» æмæ «Галла», æдæппæт – 61 мин иуæджы. Талатæ сагъд æрцыдысты цыбыр æмгъуыдмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы аз, кæд бирæ нæ, уæддæр дыргъдон кæй радта йæ фыццаг тыллæг æмæ сæ байуæрстой лæвары хуызы хицæн уагдæттыл. Фæлæ филиал дарддæр архайдта дыргъдоны фæзуат фæфылдæр кæныныл æмæ уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст та ахицæн кодтой ацы уалдзæджы. Ныртæккæ «Южный сад»-ы фæзуат у 38 гектары, йæ кусджыты нымæц та – 32 адæймаджы. Уыдон æрвылбон дæр сæ куыстмæ дарынц хæдзардзин ахаст æмæ дыргъдон æййафы æмбæлон зылд, алы бæлас-мæ суткæйы дæргъы дон цæуы 10-12 литры, йæ кæрдæг ын рæстæгыл æркæрдынц, сæххæст ма кæнынц агротехникæйы æндæр æмæ æндæр домæнтæ дæр. Ацы куыстытæ æххæст кæнынц агроном Багаты Валерийы разамындæй.

«Южный сад»-ы филиалы директор Бекъойты Леуан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ дыргъдон у тынг зад æмæ æввахс бонты æрæвналдзысты йе ‘фснайынмæ. Ныфс æй ис, 38 гектарæй фæткъуыйы хæрзгъæд тыллæг кæй уы-дзæн 300 тоннæйы æмæ йæ реализаци кæнынмæ та аласдзысты Уæрæсемæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.