Цхинвал-Ленингоры фæндагыл цæугæйæ, цæст æнæсхæцгæ нæ фæвæййы, дæлвæндаг цы дыргъдон ис, ууыл. Уый сырæзт 2015 азы æмæ йæ аразгæ та скодта Присы хъæуы цæрæг æрыгон арендатор Туаты Славик.

Дыргъдон ахсы 43 гектары æмæ дзы зайы чъерамитæ, алтъамитæ, члауи, æх сынцъы æмæ балбæлæстæ. Ацы дыргъдон уæлдай фенддагдæр вæййы уалдзæджы, дыргъдон дидин куы рафтауы, уæд. Бирæтæ фæзæгъынц, Кобейы дыргъдон (афтæ хонынц Туаты Славикы) Хуыцауы цæхæрадоны хуызæн у, зæгъгæ.

Бирæ фыдæбон кæны арендатор. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, æхсæв æмæ бон раджы схæццæ кодта. Æппынæдзух ис йæ дыргъдоны. Хатт баххуырсы кусджытæ, фæлæ уыдонимæ кусы йæхæдæг дæр. Бæлæстæй æрвылаз дæр бахус вæй-йы æмæ уыдоны бынæтты ногæй  ныссадзы талатæ.

27 мин бæлæсты ‘хсæн ис чъерамитæ цалдæр æхсынцъы æмæ алтъамийы цалдæр хуызы. Уыдон се ‘ппæт дæр дæттынц ныр дыккаг аз тыллæг. Зæхх мæгуырау у, хъацæнтæ йæм арæхдæр бæргæ хъæуы хæссын, фæлæ иуæй фос уадиссаг ничиуал дары æмæ фаджыс балхæнæн никуы  ис. Химикаттæ сæм хæссын та нæ фæнды арендаторы. «Ныртæккæ алыхуыззон химикаттæ уæй кæнынц æмæ бæлæстæ тагъддæр рæзынц, сæ дыргъ та рæсугъд вæййы. Мæнæн дæр мæ бон у уыдон самал кæнын. Фæлæ фондз азы размæ дыргъдон куы  арæзтон, уæд мæхицæн фидар ныхас радтон, кæй сæ схъомыл кæндзынæн, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, æрмæстдæр афтæ. Уыдон дæр химикаттæй нæ пайда кодтой, æрмæстдæр фаджысæй, афоныл сын къахтой сæ бын æмæ сæ донхæр кодтой. Иуæй-иу арендатортæ фæзæгъынц, ома, ныры дуджы ницыуал зайы æнæ химикаттæ бахæсгæйæ. Фæлæ мæнæ уæ разы дæнцæгæн мæ бæлæстæ», – зæгъы Туаты Славик.

Аредаторы куы фарстам, зæгъгæ, дыргъдонмæ зилыны фæлтæрддзинад кæм райстай, уæд нын радзырдта: «Мæ фыды ‘фсымæры лæппу цæры Цæгат Ирыстоны, уый дæр ацы куыст кæны. Арæх-иу æрцыд махмæ уазæгуаты. Присы хъæуы зæххытæ æгуыстæй кæй уыдта, уый йын йæ зæрдæ риссын кодта. Уый мæ баразæнгард кодта куыстмæ. Райдианы мæ ныфс нæ хастон, зæгъын æнæ техникæ ницы бакæндзынæн. Донхæры дон дæр проблемæ уыд. Бæлас хъомыл кæнынæн та фондз азæй фылдæр хъæуы. Фæлæ ме ‘фсымæр æрбалæууыд мæ фарсмæ. Талатæ дæр мын самал кодта æмæ техникæ дæр. Хицауадæй кæд кредит никуы райстон, уæддæр æндæр хъуыддæгты балæууынц мæ фарсмæ», – зæгъы Славик.

Туаты Славик ацы аз йæ дыргъдонæй фыццаг æрæмбырд кодта чъерамийы тыллæг. Уымæ æлхæнджытæ цыдысты бынатмæ æмæ сæ æлхæдтой асыкк ай. Йæ аргъ дæр æрласгæ дыргъы аргъæй у асламдæр. Дыргътæй их кæмæн разиан кодта, уыдон асламдæр аргъмæ уæй кæны. Дыргъты хицæн хуызтæ, кæрæдзи æййафгæйæ, рæгъæд кæнынц ныр мæйы бæрц. Ныр та сомихаг æмæ дагестайнаг сорт чъерамитæ срæгъæд сты. Къуырийы фæстæ та рæгъæд кæнын райдайдзæнис «шалах» кæцы ны-мад цæуы чъерамийы иууыл хæрзаддæр сортыл. Фæстæдæр та рæгъæд кæнын райдайдзысты алтъами æмæ члауитæ.

«Фермер зæгъы, зæгъгæ, ныртæккæ кæд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ фæндæгтæ æхгæд сты æмæ продукци аласыны фадат нæй, уæддæр уый нæ фæнд кæны фидæны дæр уыдон нæ республикæйæ  æддæмæ  аласын, фæлтау сæ, зæгъгæ, асламдæрыл уæй кæндзынæн. Стæй ма куыд зæгъы, афтæмæй бынаты хъавы мини консервон цех саразынмæ, цыран йе ‘ркæнгæ дыргътæй уадздзæн джемтæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.