Дыргъгуыст рапарахат кæныныл куыстæуы нæ республикæйы, уымæ гæсгæ фæстаг азты зынгæ фæфылдæр сты дыргъдæтты фæзуæттæ. Ацы ахсджиаг куыст æххæст кæнынæн ис стыр нысаниуæг – тыллæджы иу хай реализаци цæудзæн бынаты æмæ цæрджытæ ифтонг цæудзысты бынæттон æркæнгæ дыргътæй, йæ фылдæр хай та ластæуыдзæн республикæйæн æддæмæ, уыимæ ма бирæ хъæууон цæрджытæ ифтонг цæудзысты куыстæй.

Зæгъын хъæуы, алы культурæйæ хъæздыг тыллæг æркæнынæн, агротехникæйы домæнтæ дырысæй æххæст кæнынæй дарддæр ма мæры сконд дæр хъуамæ уа æмбæлон. Уый хынцгæйæ, специалисттæ сбæрæг кодтой æмæ равзæрстой Къостайыхъæуы зæххыты иу хай. Ивгъуыд аз уæрæсейаг инвесторы филиал ООО «Южный сад» æрласта Италийæ фæткъуыйы æртæ сорты – «Местор», «Голден» æмæ «Галла», æдæппæт 61 мин иуæджы. Филиалы директор Бекъойты Леуан куыд загъта, уымæ гæсгæ уæд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ сæ садзыны рæстæг чысыл афæстиат, фæлæ уæддæр радтой тыллæг æмæ сæ лæвары хуызы байуæрстой нæ республикæйы сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ пансионат «Забота»-йæн. Цæмæй талаты æмбæлон рæзт ифтонг цæуа, уый тыххæй донхæр цæуынц æртахгай æмæ суткæйы дæргъы алы тала дæр дон райсы 10 литры. Ахæм амалæй пайда кæнын тынг хорз у фæткъуыбæлæстæн, ахъаз кæны сæ рæзтæн, афтæ тыллæгæрзадæн дæр. Фæлæ уæлдæфы температурæ 25 градусмæ куы схиза, уæд та ахæм куыст бакæнынц  сæумæрайсомæй, кæнæ та æхсæвыгон. Ивгъуыд аз сыл фæзынд сыстниз, фæлæ сæм рæстæгыл фæкастысты химикаттæй æмæ низ фесæфт. Дыргъдоны, талайæ талайы ‘хсæн дæрддзæг у 80 сантиметры æмæ рæнхъæй рæнхъы ‘хсæн та 3 м æмæ 50 см. Афтæмæй техникæ се ‘хсæнты рæхсы æнцонтæй æмæ  кусджытæн куыстытæ  бакæнын у æнцон. Иу тала тыллæг дæтты 30-50 килограммы.

 Алы куысты дæр райдианы вæййы чысыл згъуыдтæ æмæ уымæ гæсгæ ивгъуыд аз рæстæгыл не самал кодтой, дыргъдоны сæрты цы хыз тыгъд хъуамæ уа, уый. Фæстæдæр æй æрластой æмæ ныр фæткъуыбæлæстæн тас нал у  ихуард æмæ тыхджын тæрккъæвдатæй. Кусджыты нымæц ам у 27 адæймаджы, уыцы нымæцы хъахъхъæнджытæ – 12, стæй техникæйыл чи фæкусы, уыдон. Агрономæй та кусы, йæ куыст чи уарзы æмæ зоны, ахæм адæймаг- Багаты Валери. Кусджытæ нæ хъаст кæнынц мыздæй дæр, астæуккаг нымадæй сæ куыстмызд хæццæ кæны 25 мин соммæ.

 Хорз хъуыддаг у, «Южный сад»-ы фæзуат кæй фæфылдæр уыдзæн, уый дæр. Ацы бонты бынатмæ æрхæццæ сты, уæлдæр ранымад сорттæй ноджыдæр 61 мин талайы. Бекъойы фырт куыд радзырдта, афтæмæй куыддæр кусынæн бæзгæ бонтæ ракæна, афтæ æрæвналдзысты талатæ садзыны куыстытæ æххæст кæнынмæ. Уый тыххæй сын ныридæгæн фаг ис техникæ æмæ кусæгдых дæр. Афтæ æмæ ацы дыргъдоны иумæйаг фæзуат æдæппæт уыдзæн 38 гектары. Уæд кусынмæ райсдзысты ног кусджытæ дæр.

Хуыбиаты Никъала                                                 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.