Цхинвалы районы Къостайыхъæумæ хæстæг специалисттæ сбæлвырд кодтой, ацы зæххы мæр хорз кæй у фæткъуыйы цалдæр сорты тыллæгæрзадæн æмæ дзы уымæ гæсгæ 2019 азы сагъд æрцыд фыццаг гектартæ. Раст разынд сæ хъуыды, кæд уыцы аз сагъд æрцыдысты, уæддæр сæм кусджытæ базылдысты агротехникæйы æппæт домæнтæ хынцгæйæ æмæ фæззæджы радтой фыццаг тыллæг. Уый сæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодта æмæ фæстаг цалдæр азмæ «Южный сад»-ы дыргъдоны фæзуат схызт 30 гектарæй фылдæрмæ. Сæ æркæнгæ тыллæгæй лæвары хуызы байуæрстой нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæттæ, зæрæдтæ æмæ æвæгæсæг адæймæгты пансионат «Забота»-йæн, иннæ тыллæг та среализаци кодтой Уæрæсейы фæлхасгæнджытæн. Цæвиттон, фарон аз фæткъуыйы æртæ сортæй тыллæг райстой 140 тоннæйы, уый та у тынг хорз бæрæггæнæн.

«Южный сад»-ы филиалы директор Бекъойты Леуан бацархайдта ацы аз дæр дыргъдоны фæзуат фæфылдæр кæныныл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Æрластой та фæткъуыйы æртæ сорты – Голден, Галва æмæ Местер æмæ сæ ныссагътой 38 га фæзуатыл. Ногсагъд дыргъдон ацы аз дæр радтаид фыццаг тыллæг, фæлæ сæм æрбафтыдысты бафæстиатимæ, стæй куыстыты рæстæджы арæх кодта къæвдатæ. Æнæуый та, иннæ дыргъдонау, ам дæр æххæст цæуынц агротехникæйы домæнтæ æмæ фидæн азы уыдонæй дæр æнхъæлмæ кæсæн ис хъæздыг тыллæгæрзадмæ.

                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.