Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы боны цытæн  Цхинвалы районы уагъд æрцыд турнир шашкæтæй. Хайад сæ райстой 4 командæйы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæйы дæр уыд фæйнæ 4 хъазæджы – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Ерысты хайадисджытæн арфæ ракодтой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг, Хуссар Ирыстоны шашкæты федерацийы президент Лолоты Барис æмæ Цхинвалы районы спорты хайады сæргълæууæг Тъуриты Тенгиз.

Командæтæ иууылдæр уыдысты иу къорды æмæ кæрдзиимæ фембæлдысты фæйнæ иу хатт. Фæстаг 10 азы-иу æрвылхатт дæр фыццаг бынат рамбылдта Дменисы командæ. Фæлæ ныр цæттæдæр разындысты Зары хъæуы минæвæрттæ, сæ командæ æрæмбырд кодта иууыл фылдæр очкотæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахстой дменисæгтæ, æмæ æртыккаг бынат та фæцис Къостайыхъæуы минæвæртты.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ призтæй.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 5-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты æмдыхæй ахъазыд «Нижний Новгород»-имæ. Фембæлд фæцис 1:1 хыгъдæй. Фыццаг расгуыхтысты алайнæгтæ. Пурти бакъуырдта Хæдæрцаты Батраз. Фæстаг минуттыл фысымтæ бакодтой дзуаппон пурти.

Ныр «Алани» радон хъазт акæндзæн 26-æм августы. Уæд алайнæгтæ Уæрæсейы Кубокы финалы 1/64 хайы фембæлдзысты «Оренбург»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.