Цхинвалы районы Къостайыхъæуы зæххыл нырма æрæджы сырæзт «Южный сад» æмæ сæ хъуыды раст уыд, ам дыргъдон саразыны фæнд чи скодта, уыдонæн. Цы фæткъуыйы сорт талатæ дзы ныссагъдæуыд, уыдон амы климатон уавæртæ æмæ мæры скондмæ гæсгæ, рæзынц æмæ дыргъы хъæздыг тыллæгæрзадæн сты иттæг хорз. Италийæ æрласгæ фæткъуыйы æртæ сорты – Галуа, Голден æмæ Местор ныссагъдæуыд 60 мин талайы æмæ сæ садзгæ та ныккодтой июны мæйы. Зæгъын хъæуы, дыргъдон фыццаг аз дæр кæй радта зæрдæйы фæндиаг тыллæг æмæ уымæй барухс кодта дыргъкуыстгæнджыты зæрдæ. Дыргъкуыстгæнджытæ, райдианæй фæстæмæ æххæст кодтой агротехникæйы æппæт домæнтæ, нæ сæ уагътой донцух, хъахъхъæдтой сæ зианхæссæг уырынгонтæй æмæ уыдон та фадат радтой хорз тыллæгæрзадæн. Дыргъдоны инвестор рæстæгыл самал кодта, дыргъдоны куыстытæ æххæст кæнынæн сæ цы ифтонггарз хъуыд, уый дæр. Зæгъын хъæуы, ам цы кусджытæ ис, уыдон сæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсынц бæрндзинады цæстæй æмæ уый та ахъаз у хъæздыг тыллæгæрзадæн.

Нырма уал дыргъдоны фæзуат у 37 гектары, уыдон сагъд сты, развæлгъау ахъуыдыгонд дæрддзæгмæ гæсгæ æмæ уый та фадат дæтты, райдианæй фæстæмæ дзы цы куыстытæ фæкæнынц, уыдон æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнынæн. «Южный сад»-ы филиалы директор Бекъойты Леуан куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз ноджы бæркадджындæр рауад тыллæгæрзад. Се ‘фснайыныл куыстой æрмæст канд сæхи кусджытæ нæ, фæлæ ма горæт æмæ æввахс хъæуты цæрджытæ дæр. Уыдонæй алчи дæр куыстмæ дардта бæрндзинады ахаст, цæмæй тыллæг æфснайд æрцыдаид рæстæгыл æмæ гъæдджынæй. Кусджытæ архайдтой хъаруджынæй, кæд тæвд бонтæ кодта, уæддæр сæ разылæууæг хæстæ æххæст кодтой цырд æмæ афтæ уыд сæ куыстмызд дæр, ома 1500-2000 сомы. Сæ зæрдæ барухс тыллæгæрзадæй дæр – æдæппæт бафснайдтой 1050 тоннæйы дыргъ. Филиалы директор Бекъойы фырт куыд загъта, афтæмæй ма фидæн аз дыргъдоны фæзуатмæ ноджыдæр бафтаудзысты 38 гектары.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.