Цхинвалы районы Присы цæрæг  Туаты Славикы хорз зонынц нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ. Ацы æвзонг арендатор хъуыстгонд у йæ куыстуарзондзинадæй. Цхинвал-Ленингоры фæндагыл цæугæйæ, Присы хъæуы дæлвæндаг цы дыргъдон сырæзт 2015 азы, уый азæй азмæ куыд рæзы, ууыл æнæфæцингæнгæ нæ фæвæййынц, куыстæн аргъ чи зоны, ахæм адæймæгтæ.

Дыргъдон ахсы 43 гектары æмæ дзы зайы чъерами, алтъами, члауи, æхсынцъы æмæ балбæлæстæ. Ацы  дыргъдон уæлдай фенддагдæр вæййы уалдзæджы, дыргътæ дидин куы рафтауынц. Бирæтæ фæзæгъынц, Кобейы дыргъдон (афтæ хонынц Туаты Славикы). Хуыцауы цæхæрадоны хуызæн у, зæгъгæ.

Бирæ фыдæбон кæны, арендатор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, æхсæв æмæ бон раджы схæццæ кодта. Æппынæдзух ис йæ дыргъдоны. Хатт баххуырсы кусджытæ, фæлæ уыдонимæ кусы йæхæдæг дæр. бæлæстæй æрвылаз дæр бахус вæййы дзæвгар, уыдоны бынæтты ногæй бахъæуы ныссадзын талатæ.

27 мин быны ис æдæппæт дыргъдоны. Уыдон се ‘ппæт дæр дæттынц тыллæг. Зæхх мæгуырау у, хъацæнтæ йæм арæхдæр бæргæ хъæуы хæссын, фæлæ иуæй фос уадиссаг ничиуал дары æмæ фаджыс дæр балхæнæн никуы ис. Химикаттæй бæлæсты хъомыл кæнын та нæ фæнды арендаторы. «Ныртæккæ бирæ фадæттæ ис – алыгъуызон химикаттæ уæй кæнынц, кæцыты фæрцы бæлæстæ тагъддæр рæзынц, сæ дыргъ та рæсугъд æмæ æрттивгæ фæкæны. Мæнæн дæр мæ бон у уыдон самал кæнын. Фæлæ  фондз азы размæ дыргъдон куы арæзтон, уæд мæхицæн фидар ныхас радтон, кæй сæ схъомыл кæндзынæн, нæ фыдæлтæ куыд хъомыл кодтой æрмæстдæр афтæ. Уыдон дæр химикаттæй нæ пайда кодтой, æрмæстдæр фаджысæй, афоныл сын къахтой сæ бынтæ æмæ сæ донхæр кодтой. Иуæй-иу арендатортæ фæзæгъынц, ома, ныры дуджы ницыуал зайы, æнæ химикаттæ бахæсгæйæ. Фæлæ мæнæ уæ разы дæнцæгæн – мæ бæлæстæ», – зæгъы Туаты Славик.

Арендаторы куы фарстам, зæгъгæ, дыргътæм зилыны фæлтæрддзинад кæм райстай, уæд нын радзырдта: «Мæ фыды ‘фсымæры лæппу цæры Цæгат Ирыстоны, уый дæр ацы куыст кæны. Арæх-иу æрцыд махмæ уазæгуаты. Присы хъæуы зæххытæ афтидæй кæй уыдта æгуыстæй, уый йын йæ зæрдæ тынг риссын кодта. Уый мæ баразæнгард кодта куыстмæ, ома, дам, бафæлвар. Райдианы мæ ныфс нæ хастон, зæгъын, æнæ техникæйæ ницы бафæраздзæн. Донхæры дон дæр проблемæ уыд. Бæлас хъомыл кæнынæн та фондз азæй фылдæр хъæуы. Фæлæ ме ‘фсымæр æрбалæууыд мæ фарсмæ. Талатæ дæр мын самал кодта æмæ техникæ дæр. Хицауадæй кæд кредит никуы райстон, уæддæр æндæр хъуыддæгты балæууынц мæ фарсмæ», – зæгъы Славик.

Туаты Славик ивгъуыд аз йæ дыргъдоны æрзайын кодта чъерамитæ. Уымæ æлхæнджытæ цыдыстæ бынатмæ æмæ æлхæдтой асыккгай. Йæ аргъ дæр æрласгæ дыргъты аргъæй уыд асламдæр. Дыргътæй уымæй размæ их кæй фæнадта, уыдон асламдæр аргъмæ уæй цыдысты æмæ уыдон та джем аразынæн æлхæдтой адæм. Дыргъы хицæн хуызтæ кæрæдзи æййафгæ рæгъæд кодтой мæйы бæрц. Сомихаг æмæ дагъыстайнаг сорт чъерамитæ срæгъæд сты иууыл фæстагмæ. Къуырийы фæстæ та срæгъæд «шалах» сорты чъерами, кæцы нымад цæуы чъерамийы иууыл хæрзаддæрыл. Фæстæдæр та рæгъæд кæнын райдыдтой алтъами æмæ члауитæ. Афтæмæй дыууæ мæйы бæрц арендатор æппынæдзух уæй кода алыгъуызон дыргътæ. Фермер зæгъы, зæгъгæ, фарон кæд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты æмæ продукци аласыны фадат нæ уыд, уæддæр уый нæ фæнд кодта уыдон нæ республикæйæ искуыдæм аласын, фæлтау, дам, сæ бынаты къапеччытыл дæр дæтдзынæн. Стæй ма куыд зæгъы, афтæмæй бынаты хъавы мини консервон цех саразынмæ, цыран йе ‘ркæнгæ дыргътæй арæзт цæудзæнис джемтæ. Ацы аз дæр та хорз базылд йæ быдырмæ, ныртæккæ дæр бæрæг у, хорз тыллæг сæ кæй райсдзæнис, кæд æмæ йæ мæгуырау боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд. Уалдзæджы райдианы бæлæстæ æрцыдысты æхсæст, афоныл сын ныххафта сæ бынтæ æмæ сæ байсæрста чъырæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.