Хуыцау Ирыстонæн хæрзæгъдау  адæм  рæдауæй дæтты,  фæлæ, хъыгагæн, алы хатт   сæ хурæй нæ бафсæдæм…

Джиоты Федя ӕмӕ Хуыгаты Маринӕйӕн стыр Хуыцау ӕрмӕстдӕр иунӕг хъӕбул схӕлар кодта, фæлæ цалдæрыбæрц басгуыхт сæ фырт Мурат.   Сабыр.  Ӕгъдауджын. Йӕ мадмӕ иунӕг хатт дӕр  йæ иунæг хъæбулы тыххӕй маст никуы ӕрхауд.

Мурат скъола каст куы фӕцис, уӕд уӕлдӕр ахуырад райста нӕхи университеты. Службӕ кӕнынмӕ та бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнхъахъхъӕнӕг управленимӕ. Йӕ службӕйы бынат уыд Синагуры хъӕуы арӕныл. Ӕнӕзӕрдӕхудт адæймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бирæ уарзтой ӕмгӕрттæ ӕмӕ къухдариуӕгад дӕр.

Йӕ райгуырдӕй фæстæмӕ кӕд хӕст йедтӕмӕ ницы федта, уӕддӕр ыл иууыл стырдӕр уӕз ӕрцыди 2008 азы. Цы къорды уыд, уый хъахъхъӕдта Дзауы районы Синагуры хъӕумӕ ӕввахс арӕнтӕ. 7-ӕм августы йӕ рад баивта ӕмӕ ӕрцыд горӕтмӕ, цӕмӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды бабӕрӕг кодтаид. Йе ‘мкъай Вандӕ ӕмӕ йӕ чысыл хуртӕ Дианӕ, Радик ӕмӕ Владӕйы уӕдмӕ ӕдасдӕр ранмӕ – Цӕгат Ирыстонмӕ арвыста. Йӕ мад Маринӕ бӕргӕ лӕгъстӕ кодта йӕ хъӕбулӕн, ома, дӕхи бааууон кӕн, фæлӕ Мурат куы базыдта, йе ‘мбӕлттӕ Къуернеты хъӕуы посты лӕууынц, уӕд фӕстӕмӕ дӕр нӕ фӕкаст, афтӕ сӕм схӕццӕ. 9-ӕм августы сын изӕрӕй сӕ къордыл верт-тӕхджытӕ бомбӕтæ ӕркалдтой. Мурат ӕмӕ йӕ къорды лӕппутӕ ныппырх сты Зары хъӕды. Уырдыгӕй баиу сты Уӕрӕсейы ӕфсадимӕ ӕмӕ уыдонимӕ горӕтмӕ ӕрцыдысты. Ныййарджыты цинӕн кӕрон нал уыд, сӕ иунӕджы сӕрӕгасӕй куы ауыдтой, уӕд.

Алцӕмӕн дӕр ис кæрон. Фӕцис хӕст…

Мурат трагикон æгъдауӕй фӕмард 2012 азы 30 марты. Уыцы уӕззау хӕсты дзыхӕй дӕхи фелвас ӕмӕ стӕй…

6-ӕм апрелы Муратыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид 41 азы…

Хӕрз цыбыр уыд Джиоты Муратæн йæ цардвæндаг, хæрз цъус рæстæг уыд лæвæрд Хуыцауæй Маринæ æмæ Федяйӕн хъӕбулы амондыл райынæн, ӕдӕппӕт – 33 азы.  Амодджы-ныл сӕхи чи нымадтой, сӕ хъӕбулы цинӕй чи радис ӕмӕ уымӕн рӕсугъд фидӕн чи ныв кодта, уыцы ныййарджытыл сӕмбӕлд уӕззау хабар – рафӕлдӕхт сӕ цӕугӕ мӕсыг, сӕ удлӕууӕн иунӕг хъӕбул ӕнӕрӕстӕджы баци ӕгъатыр сау мӕлӕты амӕттаг. Рахӕтыд Муратыл йӕ хъысмӕт ӕмӕ банымӕг йӕ цардмондаг зӕрдӕ…

Нигер ахæм рæстдзæвин хъуыды ныууагъта: «Цард у скаст æмæ ныккаст!» Ома, йæ райгуырд – скаст, йæ ацыд – ныккаст. Æмæ уыцы дыууæ стыр цауы ‘хсæн бацæуы адæймагæн йæ царды азфысты бæрæгуат.

Хъыгагӕн, Ирыстон бирӕ фесӕфта Мураты хуызӕн сахъгуырд ӕдзард лӕппуты, хъыгагӕн, нӕ Ирыстоны бирӕ ис, цӕрӕбонтӕм йӕ сау кӕлмӕрзӕн йӕ сӕрӕй чи нал сисдзӕнис, хъӕбулы хъысмӕтыл ӕнустӕм йӕ уадултыл йӕ цӕсты сыг кӕмӕн нал басур уыдзӕнис, ахӕм мӕдтӕ. Уыдонӕй сӕ иу у Хуыгаты Маринӕ дӕр…

Фесты Джиоты Муратӕн йæ афӕдзы кӕндтæ, фӕлӕ никуы фæкъаддӕр уыдзысты сӕ зæрдӕты сагъӕстӕ ӕмæ мæт Федя ӕмӕ Маринӕйӕн сӕ иунӕгыл, нырма дæр ӕм куыстӕй ӕрбацæуынмӕ хæдзары чи фенхъæлмӕ кæсы, уыцы æнахъом сабитæн.   Зын бамбарæн нӕу, йӕ сомбоны сагъӕстæ йӕ зӕрдӕ кӕмæн ӕхсынынц, йӕ уыцы æвзонг идæдз Вандӕйы уавӕр дӕр.

Фӕзӕгъынц, зӕгъгæ, афтæ у царды за-къон, фæлӕ зын у, тынг зын, цардӕн йӕ тæ-мӕнмӕ куы бахӕццæ уай, дӕ хъӕбулты уындӕй куынæ ма бафсӕдай, дӕ ныййарджыты кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ куы ныууадзай ӕмӕ сау мӕрмæ куы фӕцæуай… Ма-ринæ – æфсӕрмдзӕстыг, уæздан, ӕцӕг ирон сылгоймаджы миниуджытӕй хайджын чи у, ахæм. Йӕ дудгӕбоны уӕлхъус дӕр йæ хъӕбулмӕ кæсӕг лæгъстӕгӕнæг цӕсты-тæй зӕрдæ фæрыст… Мад ӕмӕ йӕ иунæг. Хуыцау ын бирӕ фӕцӕрын кæнӕд йæ иу-нӕджы кæстӕрты, фӕлӕ дзы алкӕмæн дӕр йӕхи бынат ис.

Хъысмӕты уӕззау цӕф – иунӕг хъӕбулы фӕмард – зын уромӕн у ныййарджытӕн. Тынг сыл бандӕвта. Фӕцудыдтой. Фӕлӕ фӕстейӕ цы ӕртӕ ӕнахъомы ныууагъта, уыдон дӕр сӕ цардыл бафтауын хъӕуы. Сӕ мад Вандӕ кӕд йӕ удӕй арт цæгъды, йӕ рæзинӕгты тыххӕй, уæддӕр иунӕг сылгоймаг ӕдых у…

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.