30-æм мартæй йæ тыхы бахызт, нæ республикæйы къухдариуæгад Уæрæсеимæ арæныл цæуыны тыххæй тобæ куы сæвæрдта. Фæлæ РХИ-йы Президент адæммæ цы  сидтытæ саразы, уым æрвылхатт дæр сæрмагондæй бахахх кæны, таможнæйыл Хуссар Ирыстонмæ хæлцадон продукттæ æнæ цæлхдуртæй кæй ласдзысты, цæмæй карантин ма бандава хæлцадон продуктты цухдзинадыл æмæ медикаменттыл.

Бибылты Анатоли ма карзæй бафæдзæхста амалиуæггæнджыты, цæмæй продукттæ æмæ хосты æргътыл ма схæцой. Æргътæм сæ хъус дарынц Мидхъуыддæгты министрады æмæ Генералон прокуратурæ.

Фæлæ… хæлцадон продукттæ æмæ халсæрттæ цы магазинты уæй цæуынц, халсæрттæн зынгæ фæфылдæр сты сæ æргътæ. Лимон, нуры, цывзы æмæ имбирь абоны бон систы, æхсызгонæй кæй агурынц, ахæм продукттæ. Уыдон, зæгъгæ, ахъаз кæнынц коронавирусæй хи бахизынæн. Æмæ сыл хæлæф кодтой фæлхасгæнджытæ, æрæджы дæр ма гречкæ æмæ туалетон гæххæттыл куыд фæзынд  кодтой, афтæ. Судзаг цывзыйы  килограмм дæр ма æрæджы кæд 200 сомы уыд, уæд ныр та у 450 сомы, нуры дæр раджы схызт 400 соммæ.

Мах цымыдис кодтам, цæмæн ахæм стыр æргътыл сæ уæй кæнынц, уымæ. Уый фæдыл нын уæйгæнджытæ афтæ загътой, зæгъгæ нæм æрбацыдысты барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, бафæдзæхстой нæ, фæлæ товар кæцæй ласæм, æргътыл хæцджытæ, дæр уыдон сты. Цæвиттон, имбирь уый тыххæй нал ластой, фæлæ, зæгъгæ, адæм сæхæдæг домынц, цæмæй йæ ласæм.

Уæлдæр банысангонд загъд халсæрттæй дарддæр æндæр ницы фæзынаргъ. Джитъритæ, пъамидортæ, картоф, хъæдындз раздæр цы æргътыл уæй цыдысты, нырдæр афтæ сты.

Аптекæты нæй, ОРВИ-йы рæстæджы цы медикаменттæ æмæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæ дæр. Куы æрласынц, уæд сæ уадид стыр партитæй алхæнынц хицæн адæймæгтæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.