Йæ рæстæджы хид арæзт æрцыд Цхинвалы районы Къостайыхъæумæ хæстæг цы цæугæдон згъоры, уый сæрты. Уый сæ хъуыддаг рогдæр кодта, уæды хæдзарадæн ам цы дыууæ фосдарды фермæ уыдис, уыцы фосмæзилджытæн, техникæйы хицæуттæн, стæй цæрджытæй дæр ауылты чи цыд, уыдонæн. Фæлæ, хъыгагæн, хиды сырæзтæй дзæвгар азтæ рацыд æмæ æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Фыццаг уал зæгъын хъæуы, йæ фæйнæ фарс цы æнцойгæнæнтæ уыд, уыдонæн абон сæ кой дæр кæй нал ис. Нæй хуыздæр уавæры йæхæдæг дæр. Иу бынаты цалдæр метры  дæрддзæгæн у гом æмæ йыл техникæ æмæ цæрджытæ дæр фæцæуынц тæрсгæ-ризгæйæ. Фæлæ иууыл тæссагдзинад та æвзæрын кæны уый, æмæ йæ иу мого йæ бынатæй кæй фæиртæст. Зæгъын хъæуы, цалдæр азы размæ ам бæллæхы кæй бахауд иу нæлгоймаг.

  Ныртæккæ  ацы хиды сæрты цæуынц фосмæзилджытæ, алыгъуызон техникæ, стæй æрдзы хъæбысы атезгъо кæнынмæ йæхи чи рабалц кæны, уыдон, фæлæ йыл бахизынц хъавгæйæ, цæмæй сыл мацы фыдбылыз æрцæуа. Хорз уаид, ацы фарстмæ куы æркæсиккой æмбæлон органтæ æмæ йæ сцалцæг кæныныл куы батыхсиккой рæстæгыл.

                                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.