Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы æххæстбарты æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны  Конституцийы (Сæйраг закъон) 61-æм статьяйы 7-æм пунктмæ æмæ «Æвзæрстыты барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хайадисты барты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион Закъоны 21-æм статьямæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис арæзт æрцæуæд æдзухон æрдæгпрофессионалоны бындурыл.
  2. Нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ, кæцыты бавдыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатон баиугæндтæ æмæ депутаттæ, ахæм скондæй:
  3. Гаглойты Никъала Валерийы фырт
  4. Годжыцаты Гултамзе Гурамы чызг
  5. Джиоты Фатимæ Славикы чызг
  6. Дудайты Альберт Адиозы фырт
  7. Кокойты Тимур Æхсарбегы фырт
  8. Пæррæстаты Артур Ахмæты фырт
  9. Пухаты Алан Ароны фырт.
  10. Ацы уыныффæ йæ тыхы цæуы 2021 азы 15 августæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

г. Цхинвал

2021 азы 4 август

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.