РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Æхсæнрегионалон æхсæнадон организаци «Тыхон структурæты службæйон-прикладон цæттæкæнынады федераци «К-9»-ы сæрдар Зауыр Абдурагимовимæ.

Уазæгæн æгасцуай зæгъыны фæстæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Зауыр Абдурагимов бирæ сарæзта Хуссар Ирыстонæн спорты рæзты хъуыддаджы æмæ уый бузныгдзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæны республикæйы æппæт адæммæ.

«Бузныг дын зæгъын спортмæ дæ хъусдарды тыххæй. Сымах цы мадзæлттæ æмæ ерыстæ уадзут, уыдон комкоммæ æндавынц нæ фæсивæдыл æмæ уый æхсызгон хъуыддаг у. Спорты кæй фæнды архайын, комкоммæдæр армхæсты, уæгъдибар тохты, уыцы æрыгон адæймæгтæ сæ бынат ссардзысты «К-9»-ы æмæ аккагæй хъахъхъæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны кад», – загъта Президент.

Йæ рады Зауыр Абдурагимов банысан кодта, зæгъгæ, йæ дæлбаруæвæг организаци бирæ азты  дæргъы активонæй архайы æфсæддон-патриотон æмæ спорты æфсæддон хуызтæй ерыстæ организаци кæныныл, уадзы бирæнымæц регионалон, æппæтуæрæсейон æмæ дунеон ерыстæ.

«Ацы аз майы мæйы Федерацийы дунеон календарон планы фæлгæтты инструктортæ ауагътой квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæн. Ахуыртæ уагъта дунеон æмвæзады иууыл хуыздæр инструктортæй сæ иу æмæ сын баххуыс кодта сæ цæттæдзинады æмвæзад  фæбæрзонддæр кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты кусджытæ вæййынц радгæс, архайынц сæ бæстæйы, цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæныныл æмæ сæ хæстон цæттæдзинад æдзух хъуамæ уа хорз æмвæзадыл. Нæ фæнд у, цæмæй дарддæр дæр регулярон æгъдауæй нæ календарон планмæ хæссæм Хуссар Ирыстоны турниртæ уадзын.

Хуссар Ирыстон у, кæмæн аргъ кæнæм æмæ кæй уарзæм, уыцы бæстæ. Стыр алайнаг культурæйæн аргъ кæнынц æгас дунейы. Мæнæн кæддæриддæр æхсызгон вæййы Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын æмæ Райгуырæн бæстæйы аккаг хъахъхъæнджытимæ сæмбæлын, кæцытæ цæттæ сты йæ сæрыл сæ цард радтынмæ», – загъта уый.

Сæрмагонд нысаниуæджы дæлхæйтты ‘хсæн службæйон-прикладон æмæ специалон цæттæдзинады рæзтмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй Зауыр Абдурагимов хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн радта тыхон структурæты службæйон-прикладон цæттæкæнынады федераци «К-9» æмæ æдасдзинады органты специалисты диплом.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.