Президент Бибылты Анатоли фембæлд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд социалон-политикон здæхты фарстатыл.

Паддзахады сæргълæууæг йæ хъуыды загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты тыххæй дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бæрнон бынатмæ кандидаттæ фыццаг рады хъуамæ дзурой банысангонд плæнттыл æмæ цы фадыджы кусынц, уым сын цы æнтыстытæ ис, уыдæттыл.

«Æвзæрстытæ уый нæ нысан кæнынц, цæмæй кандидаттæ кæрæдзи æхсыной, кæрæдзи æфхæрой, æхсæнады ныддихтæ кæной. Æвзæрстытæ уый аккаг не сты. Æвзæрстыты Бибылты Анатолийы хъысмæт не скъуыддзаг кæны, фæлæ –  бæстæйы, къухдариуæг кæнын хъæуы æрвонг зондæй, критеритæй нæ, фæлæ – мæ мыггагæй у, мæ сыхаг у, мæ хæлар у, æмæ афтæ дарддæр. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ æууæнчы бындур сты куысты фæстиуджытæ», – загъта Пезидент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, программæ, кæцы реализаци цæуы Хуссар Ирыстоны, арæзт æрцыд цæрджыты домæнтæм гæсгæ æмæ республикæйы проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн уый у эффективондæр. Ног прог-раммæ дæр арæзт цæудзæн цæрджыты домæнтæ хынцгæйæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацимæ Арæзтады министрады хайбавæрд, кæцыйы руаджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты, республикæйы социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Президент ведомствойы раз æрæвæрдта ахæм хæс, цæмæй  мартъы мæйы фæудмæ æрбавдисой, Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уыцы план, цыран хынцыд æрцыдысты корректировкæтæ.

Дарддæр цыбыртæй радзырдта, абоны бонмæ цы проблемæтæ æрцыдысты скъуыддзаг, уыдоны тыххæй.

«Мах афтæ сарæзтам, æмæ администрацигонд æрцыд бюджет æмæ нæ бон бацис 855 милуан сомы йæм смобилизаци кæнын. Уый фæстæ нысан æрцыдысты приоритеттæ. Мах фæрæзтæ ссардтам, цæмæй фæфылдæр уой пенситæ æмæ æрвылаз дæр уагъ цæуа индексаци 7,7 проценты. Кæд раздæр пенситæм бафтыдтытæ æмбæлдысты, 80 азы кæуыл сæххæст, уыдонмæ, уæд ныр та карон ценз æрныллæг кодтам 75 азы онг.

Фæфылдæр сты сывæллæтты пособитæ, лæвæрд цæуынц сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон бафыстытæ. Бирæсывæллонджын бинонтæ, цыран ис цыппар кæнæ фылдæр сывæллæттæ, алы сывæллонæн дæр æрвылмæй исынц 1000 сомы. Фæфылдæр сты стипендитæ æмæ сахъатдзинады тыххæй хатыртæ», – загъта Президент.

Уый радзырдта Хуссар Ирыстоны инфраструктурæйы рæзты, хæдзæртты алфæмблай территориты хæрзарæзтады, резервон электроадæттæн хаххы проекты реализацийы тыххæй, кæцыйы руаджы республикæ нал тæрсдзæн æнæ рухсæй баззайынæй.

Паддзахады сæргълæууæг радзырдта, республикæйæн йæхи фæрæзтæй арæзт цы æрцыд, уыдоны тыххæй дæр.

Паддзахады экономикæйы рæзтыл дзургæйæ, та банысан кодта Хуссар Ирыстоны базармæ инвесторты æрбацыды ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнгхъæуындзинад.

Бибылты Анатоли радзырдта сæнгуыстад «Ирон сæн»-ы æнтыстджын архайды тыххæй дæр, кæцы экспортмæ арвыста 2 мин авгæй фылдæр сæн.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, инвестор æхца бавæрдта Ленингоры бæгæныфыцæн завод скусын кæныны хъуыддаджы дæр.

Ноджы иу æфтиагджын проектыл Президент банымадта компани ООО «Южный сад»-ы дыргъдæтты плантациты. Уый куыд загъта, афтæмæй баххуыс чындæуыд бынæттон агуыриаразæн заводы продукцийы реализацийæн дæр.

Уæлдæр цытæ банысан кодта, уыдон бахынцгæйæ, Президент бахахх кодта, зæгъгæ, дзурын нæ хъæуы Хуссар Ирыстоны экономикæйы фæстæзаддзинадыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, экономикæйы размæцыдæн  хорз бæрæггæнæнтæ ис, ахадæн æххуыс цæуы амалиуæггæнджытæн, инвестортæн арæзт цæуы хорз фадæттæ, цæмæй инвестор Хуссар Ирыстонмæ æрцæуа, уый тыххæй реализацигонд цæуы ног программæтæ.

Фембæлды хайадисджытæн паддзахады сæргълæууæг бамбарын кодта Цънелисы хъæуимæ баст быцæуаг моменттæ. Радзырдта Украинæйы  демилитаризаци æмæ денацификацийы фæдыл хæстон спецоперацийы ирæтты хайадисты тыххæй дæр.

 

***

Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикон бирæпрофилон медицинон центры техникон персоналимæ.

Фембæлды ма хайад райста Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан.

Фыццаджы уал, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хыгъдон рæстæджы уымæн принципиалон ахсджиаг уыд мæгуырдзинад аиуварс кæнын.

«Мæхицæн æз сæвæрдтон хæс, цæмæй куыстмызды гуырахст Хуссар Ирыстоны ма уа фæцæрыны минимумæй къаддæр. Бæрæг суммæйæ къаддæр абоны бон нæ исынц нæдæр техникон æмæ нæдæр бюджетон кусджытæ. Дарддæр мах, кæй зæгъын æй хъæуы, хæсджын стæм цæмæй ахъаз кæнæм,  куыстмыздтæ фæфылдæр кæнынæн. Куыд? Кусгæ бынаты куыстмызды коэффициенты фылдæр кæныны амалæй спайда кæнгæйæ. Мах агурæм фадæттæ, æмæ дарддæр дæр алцыдæр араздзыстæм, куыстмызд фæфылдæр кæныны тыххæй», – загъта уый.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли радзырдта, цасбæрцæй фæфылдæр ис республикæйы бюджет. Уый та, фыццаджы дæр фадат радта пенситæ фæфылдæр кæнынæн, уыцы нымæцы æрвылаз индексаци уадзын 7,7 проценты, фæфылдæр сты сывæллæттæн бафыстытæ, нысан æрцыдысты бафыстытæ бирæсывæллонджын бинонтæн, фæфылдæр сты стипендитæ.

Йæ  ныхæстæм  гæсгæ,  скъуыддзаг æрцыд 34 фатеры  сцалцæг  кæныны  фарст,  кæцытæ  пырх æрцыдысты 2008 азы. Цхинвалы хæрзарæзт æрцыдысты хæдзæртты раз территоритæ, афтæ ма эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты лифтытæ бирæуæладзыгон хæдзæртты.

Уымæй уæлдай ма, паддзахады сæргълæууæг фембæлды хайадисджытæн бамбарын кодта быцæуаг моменттæ, кæцытæ баст сты Цънелисы хъæуы уавæримæ, афтæ ма йæ хъуыды загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрбалæугæ æвзæрстыты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бæрнджын постмæ кандидаттæ хъуамæ, фыццаджыдæр, дзурой сæ архайды тыххæй, банысангонд плæнттæ æмæ нысæнтты тыххæй Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн.Фембæлды хайадисджытæ бахатыдысты Бибылты Анатолимæ, цæмæй Республикон бирæпрофилон медицинон центры хæринаг кæм аразынц, уыцы блокы вентиляци сæвæрыны фарсты баххуыс кæна, афтæ ма æндæр фарстытимæ.

***

Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны спортивон æмæхсæнадимæ.

Фембæлды хайад райстой Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ Президенты æххуысгæнджытæ Джиоты Руфин æмæ Касаты Ацæмæз.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта тренертæн æвзонг спортсментæ хъомыл кæныны хъуыддаджы.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын спорты рæзтмæ уæ хайбавæрды тыххæй, рæзгæ фæлтæрæн спортмæ уарзондзинад кæй æвзарын кæнут. Сымах цæвиттойнаг стут æвзонг спортсментæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг ма йæ хъуыды загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрбалæугæ æвзæрстыты фæдыл, банысан кодта, бæрнджын бынатмæ кандидаттæ хъуамæ адæмы ‘хсæн ма хæссой быцæудзинад.

«Хъæлæс дæттын у алы æмбæстаджы сæрмагонд хъуыддаг. Фæлæ мæн уырны, иу кандидат дæр, мæнæй райдайгæйæ, уый аргъ нæу, цæмæй адæм знæгтæ суой. Æз, куыд æвзарæг, нымайын, æууæнкы бындур уыдзысты бакæнгæ куысты фæстиуджытæ», – банысан кодта       Бибылты Анатоли.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, 2017 азы арæзт кæй æрцыд адæмон программæ, адæмы царды æмвæзад фæфылдæр кæныны тыххæй. Программæ арæзт æрцыд цæрджыты домæнтæм гæсгæ æмæ реализаци æрцыд 95 проценты, кæцыдæр фарстытыл куыст цæуы дарддæр.

«Мах архайæм алы æмбæстаджы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Хуссар Ирыстоны цы прогарммæ реализаци цæуы, уый арæзт æрцыд цæрджыты домæнтæм гæсгæ æмæ иууыл эффективондæр у республикæйы цы проблемæтæ ис, уыдон аскъуыддзаг кæнынæн. Ног программæ дæр арæзт æрцæудзæн цæрджыты домæнтæм гæсгæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Æрæмбырдуæвджытæ бахатыдысты Бибылты Анатолимæ сæвзæргæ проблемæтимæ, кæцыты фæдыл хæстæ лæвæрд æрцыдысты уайтагъд.

Уымæй уæлдай ма, Президент фембæлды хайадисджытæн бамбарын кодта быцæу моменттæ, кæцытæ баст сты Цънелисы хъæуы уавæримæ, афтæ ма радзырдта ирæтты хайадист Украинайы демилитаризацийы фæдыл операцийы.

***

Президент Бибылты Анатоли фембæлд Юстицийы министрады кусджытимæ.

Паддзахады сæргълæууæг йæ хъуыды загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрбалæугæ æвзæрстыты фæдыл, банысан кодта, бæрнджын бынатмæ кандидаттæ адæмы ‘хсæн ма хъуамæ хæссой быцæудзинад.

«Иу кандидат дæр уый аргъ нæу, цæмæй адæм cе ‘хсæн тох кæной. Чидæртæ æрбалæугæ æвзæрстытæ афтæ æмбарынц, куыд Бибылты Анатолийы хъысмæт сбæрæг кæнын. Фæлæ мæ хъысмæт нæ цæуы бæрæг, бæрæг цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны, нæ адæмы фидæн», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, хыгъдон рæс-тæджы бирæ проблемæтæ ас-къуыддзаг кодтам. Сæйраджыдæр, фæфылдæр ис бюджет, фæфылдæр сты сывæллæттæн бафыстытæ, пенситæ, инвалиды фæдыл бафыстытæ. Цхинвалы цалцæг æрцыд 34 фатеры, кæцытæ пырх æрцыдысты 2008 азы хæсты рæстæджы, бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ, кæцытæ нæ куыстой 90-æм азтæй фæстæмæ.

«Цард размæ цæуы. Æмæ, цæмæй Хуссар Ирыстон рæза, уый тыххæй мах хъæуы кæрæдзийæн æххуыс кæнын.

Мах сарæзтам программæ адæмы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Программæ арæзт æрцыд цæрджыты домæнтæм гæсгæ æмæ иууыл эффективон у республикæйы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнæнæн. Ног «адæмон программæ» арæзт æрцæудзæн цæрджыты домæнтæм гæсгæ», – загъта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.