РАЙГУЫРÆН БÆСТÆМÆ УАРЗОНДЗИНАД

 Карз æмæ æгъатыр у поэты хъысмæт. Цæмæ ‘рцæуы а зæхмæ, цы у йæ царды нысан, цавæр æнкъарæнтæ равзæрынц йæ миддунейы? – æппæт ацы фарстатæн дзуапп ничима радта, æмæ æрдæг ныхæстæй баззайынц æнустæм.

Афтæ рауади йæ хъысмæт поэт, тæлмацгæнæг, литературæ иртасæг Гобозты Лентъойы фырт Валерийæн дæр. Райгуырд Хуссар Ирыстоны Гобозты хъæуы 1948 азы 16 майы. Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ ахуыр кодта Цхинвалы медицинон техникумы. 1966 азы ахуыр кæнынмæ бацыди Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон факультетмæ æмæ йæ каст фæци 1971 азы. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд райдыдта кусын ахуыргæнæгæй, уыцы-иу рæстæджы спорты мастер уæвгæйæ, уыд шахмæтты тренер рæзгæ фæлтæрæн.

Гобозты Валери дзæвгар рæстæг архайдта газеттæ “Хурзæрин”, “Южная Осетия”-йы редакциты, куыста журнал “Фидиуæг”-ы редакцийы дæр. 1998 азæй йæ царды кæронмæ куыста Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты. 2005 азы йæ снысан кодтой журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. 2008 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кусгæйæ ма уый уыд Хуссар Ирыстоны наукониртасæн институты хистæр зонадон кусæг дæр.

Гобозты Валери ирон литературæмæ æрбацыд ивгъуыд æнусы 80-æм азты. Уымæн æвдисæн у йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд. Мыхуыры фæзынд 1985 азы рауагъдад “Ирыстон”-ы.

Поэтæн йе сфæлдыстады сæйраг мотивтæ сты Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, хуымæтæг адæймаджы цард æвдисын, сабырдзинад, фæллой æмæ рæсугъд сомбон. Рацыд ын монографи хицæн чиныгæй “Поэт Гæдиаты Секъайы аивады дæсныдзинад”. Уыди ма дæсны тæлмацгæнæг дæр. Ратæлмац кодта канд уырыссаг нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг классикты уацмыстæ дæр. Гобозы-фырты сфæлдыстадон авналæнтæ уыдысты уæрæх, суанг ирон адæмы удварны хæзнатæ “Нарты кадджытæ” дæр ахстой зынгæ бынат йæ поэтикон мидсагъæсты, тынг цымыдис кодта уыцы ‘нæмæлгæ хъайтартæ куыд ахадынц нæ абоны цардыл, куыд рæсугъд кæнынц нæ фарн, нæ удыхъæд.

Мæнæ куыд зæгъы йе ‘мдзæвгæ “Хатт мæ уд хызт вæййы мæт, æнкъардæй”-йы:

Хъазы зæрдæ, цины мыртæй райы,

Цыма риуы булæмæргъ æрцард.

Цæстытыл нæртон Ацæмæз уайы

О, куыд хорз у, куыд диссаг у нæ цард.

Къостайыл бирæ æмдзæвгæтæ фыст æрцыд, æмæ дзы бирæтæ кæрæдзийы цыма фæлхат дæр кæнынц. Фæлæ Валерийы æмдзæвгæ “Æнусон хъæдгом” никæй æмдзæвгæимæ фæивддзаг уыдзæни, ссардта йын йæхи сæрмагонд формæ æмæ мидис. Автор Ирыстоны бары стъалыйыл, Къостайы та – метеорыл:

Афтæ уыд Къостайæн дæр йæ ацыд –

Иры риуæй туджы зæй фæцыд.

Цъус рæстæг уæдæй нырмæ нæ рацыд –

Ир уæддæр йæ хъæдгомыл хæцы…

Поэт тынг дæсны уыд æрдзы нывтæ æвдисынмæ дæр. Уыдон ын сты йæ патриотон хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ равдисыны фæрæз:

Цъæх сыфтæртæ сыбар-сыбур

                                                    кæнынц,

Мæнæн та уайы диссагæн 

                                                   мæ хъустыл:

Сæрыстыр нарт фæндырæй цæгъдынц,

Æнусты тарæй йын йæ

                                                 зæлтæ хъусын.

Æвæццæгæн, ныууагътой

                                                       ам сæ уд

Мыггагмæ Ирæн

                                            мысинаджы нартæ…

Куы фесты тыхы заман,

                                                     фыддуг,

Уæд ма кæнынц

æрмæстдæр хъазгæ, кафгæ.

Гобозты Валерийæн йæ цин æмæ йæ сагъæс уыдысты Ирыстон, райгуырæн хъæу, æвзонджы бонтæ, нæ фыдæлты кады хъуыддæгтæ, уарзондзинад, æрдз… Йе ‘мдзæвгæты: “Мæ уарзт”, “Доны былыл”, “Рохгæнæн сын нæй”, “Стъалытæм кæсын уæларвмæ”, “Æнусон хъæдгом”, “Хъызт зымæг æмæ хоры нæмыг”, “Ирыстоны хæхты”, “Сæуæхсид”, “Сидт”, “Тулдзбæлас”, “Зæронд скъола” æмæ æндæрты поэт тынг зæрдæмæхъаргæ зæгъы йæ хъуыдытæ, йæ бæллицтæ. Зæрдæрыст æмæ æфхæрдæй арвыста Гобозты Валери йæ царды бонтæ. Никуы никæй равдæлди, æмæ йын йæ рис, йæ зæрдæйы сагъæстæ бамбара. Æвæццæгæн, афтæ у æцæг стыр поэты хъысмæт. Хæсты рæстæджы йæ хæдзар ныппырх ис, æмæ афтæмæй баззадис йæ амæлæты онг. Аразджытæ йæм цæмæдæр гæсгæ, фæндаг нæ ардтой. Йе ‘нæниздзинад хорз кæй нæу, уый йæхицæй дарддæр ничи зыдта, никæмæн æй хъæр кодта, афтæмæй та зæрдæниз йæ кæнон кодта æмæ тъæнджы мæйы уазал бон 2012 азы банцад йæ куыстæй…. Йæ фæстаг чиныг “Зæрдæйы цæссыгтæ” рацыд йæ мæлæтæй дыууæ боны раздæр, фæлæ йæ Валери нал федта. Поэт цалынмæ нæ амæлы, уæдмæ йын Ирыстоны нæ фæкад кæнынц, фæлæ хъуамæ ахæм “хæрзиуæгæй” хызт уой нæ разагъды лæгтæ, уымæн æмæ поэттæ стъалытæй уæлдай не сты, нæй сын мæлæт, æмæ цæхæркалгæ номхыгъды семæ уыдзæнис. Æнæмæнг дæр афтæ!

ЦХУЫРБАТЫ Сергей

Газ. “Рæстдзинад”

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.