1  мартъийы стыр ирон поэтыл сæххæст уыдаид 78 азы

 

Хаджеты Таймураз уыди стыр поэт, тынг хæдхуыз æмæ зынгæ курдиат, æниу, æрмæст ахæм хъуамæ уа æцæг поэт.

Стæмхатт æмбæлæг миниуæг – бындурондзинад  æм уыдис. Никуы уыдис рогхъуыды-йæ рифмæтæ бийæг. Йæ поэзи йын æххæстæй философон схонæн нæй, фæлæ йе сфæлдыстады алы рæнхъы дæр æнкъарæм поэтикон хъуыдыйы уæз. Уыдæттæй хæдхуыз уыдис канд поэзийы нæ, фæлæ ма æрвылбонон, хуымæтæг царды дæр. Фыццаг бакастæй богемæйы минæвар йæхи чи хоны, ахæм къæйных лæппу – фæлæ уый рæдыды тæлмæн уыдис, уымæн æмæ сфæлдыстад нымадта Таймураз йæ царды сæйраг нысаныл.

Авторитеттæ йæм нымады дæр нæ уыдысты, тынг хæдбар, сæрыстыр адæймагæй йæ бахъуыды кодтам. Бынатылæгтæн козбаугæнджыты ныхмæ кæддæриддæр тох кодта, чиновникты цур курæгæй никуы ралæууыд. Йæ уыцы миниуджыты аххосæй-иу хатгай масты хай фæцис, суанг ма йæ коллегæ-поэтты æрдыгæй дæр. Хицауадæн, Фысджыты цæдисæн «æнцонвадатджын» адæймаг нæ уыд, никуы никæй фæдыл цыдис, никуы сæ никæй цур æркъул кодта йæ сæр..

Гæнæн ис, æмæ йын уымæн ахæм къаннæг у йæ чингуыты библиографи. Уырыссаг æвзагыл чиныг та йын мыхуыры рацыди æрмæст йæ царды 42-æм уалдзæджы. Хицауады зарджытæн хъырнын куы зыдтаид кæнæ та семæ «унисоны» куы зарыдаид, уæд ын æнцондæр уыдаид йæ чингуытæ мыхуыры уадзын. Фæлæ йæ бон нæ уыд – Таймуразы зæрдæйы ахаст, йæ туг, йе сконд ахæм хъуыддæгты ныхмæ-иу растадис..

Æгæрыстæмæй-иу уынджы куы фæцæйцыди, уæд йæ цыды уаджы, йæ гуыры ахасты, йæ ныхасы – йæ алы фæзылды дæр зындис хæдбар удысконд.  Афтæ-иу нæм касти, цыма йæ  цыдимæ иумæ уынджы уæлдæфы ленк кодтой  поэты буарæй цæуæг ныфсы æмæ хæдбардзинады уылæнтæ.

Царды фæндæгтыл цыдис  йæхи фæндагыл, никуы басасти царды æууæлтæн. Нæ литературон дунейы йæ хуызæн гоймаг зын ссарæн у. Адæмæн сæ фылдæр зын уавæры бахаугæйæ компромисстæ фæагурынц. Уый та – нæ…Таймураз ницавæр компромисстæ нымадта.

Кæмæдæр уый сывæллоны æнæхиндзинады хуызæн фæкастаид,  поэты уыцы позици æцæг поэзийы хуызæгтæй фидаргонд куы нæ уыдаид, уæд.

Хаджеты Таймураз æцæг нысаниуæгджын бынат ахсы ирон литературæйы, уымæн æмæ æнæбафæзмгæ у йе сфæлдыстады. Владимир Маяковский йæхи тыххæй загъта “Я поэт. Этим и интересен”. Ӕххæстæй  ацы дырыс ныхæсты аккаг у Хаджеты Таймураз.

Бирæ æнæрастдзинæдтæ федта йæ алфæмблай æхсæнадон дунейы, уæлдайдæр та сфæлдыстадон дунейы æрдыгæй. Чидæр «царды ахъаззаг» темæтыл  стихтæ штамп кодта æмæ цардæфсæст уыдис, лауреаттæ æмæ иннæ ахæм дивидендтæ иста. Афтæ йæ бон нæ уыд.

Йæ чиныг ын бавдыстой Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премимæ, фæлæ йын æй нæ саккаг кодта бæрзонд къамис. Премийы аккаг та æнæмæнг уыдис. Хъыгагæн, Ирыстоны курдиæттæй бирæтæн рæстæгыл не скодтам æмбæлон кад. Æмæ кæд Хаджеты Таймуразы хуызæн поэттæн преми бавгъау кодтам, уæд бар-æнæбары гуырысхойаг хъуамæ уа преми дæттыны механизм дæр æмæ йæ хъæуындзинад дæр.

Поэты зианы уыдис тынг бирæ адæм. Йæ мæлæты хабар райдзаст боны æнæн-хъæлæджы æрвнæрдау фæкаст адæммæ: фидар, тыхджын æнæниз лæг æмæ æваст æрбамард. Йæ зæрдæ æрлæууыд, йæ зæрдæ нæ бафæрæзта. Уæууау, алкæмæн нæ вæййы æфсæйнаг кæнæ дурæй конды хуызæн, уæлдайдæр, хæдтæлмæн æмæ арфæнкъараг поэты зæрдæ.

Уæууау, æцæг сфæлдыстадон зæрдæ бирæнымæц эмоционалон уæргътæ, æнæрастдзинæдтæ, царды тызмæг фæзындтытæн не сфæразы. Растдæр ахæм фыдбылызы амæттаг сси Таймураз.

Хаджеты Таймуразы лирикæ сæрмагонд бынат ахсы нæ национ литературæйы. «Ирон Есенин» æй рахонынц хатгай. Æцæгдæр, сæ иу дæр æмæ иннæ дæр – стыр лириктæ сты, бирæ зæрдæмæхъарæн æмдзæвгæтæ сæм ис.  Фæлæ сын уæддæр фæйнæхуызон сфæлдыстадон зæрдахаст ис. Æз афтæ нымайын – Таймураз йæ поэтикон хъуыдыйы арфдзинад æмæ бирæуæнгон æнкъарæнтимæ Есенинæй дæлдæр ницæмæй лæууы. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Есенин у дæсны акварелист, афтæмæй Таймураз та у – дзырд-нывгæнæг, философ-поэт. Есенины рæсугъд романтикон рæнхъытæ бар-æнæбары æрымысæм. Поэт бæллыди “весенней гулкой ранью проскакать на розовом коне”.

Хæхты ныййазæлдау, ацы ныхæстæн дзуапп кæнынц Таймуразы рæнхъытæ:

Æз куы амæлон, уæд-иу мыл

Ды, мæ хæлар, ма кæ хъарæг.

Кæс, зæгъ-иу, тæхы æвдиуау,

Иры урс бæрзæндтыл барæг!

Адон сты стыр поэты стыр рæнхъытæ…

 

ДЗАНТИТЫ Анатоли

аивадиртасæг, фыссæг (дзæнæттаг)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.