Ивгъуыд азы сусæны мæйы ирон дзырдаивады тыгъдады æрцыд зынгæ цау: мыхуыры рухс федта ТОКАТЫ Алиханы æмбырдгонд “Цыкурайы фæрдыг”. Чиныджы фыццаг сыфтæй иуыл кæсæм: чиныгуадзæг Кодзырты Жаннæ, проекты автортæ Кокайты Тотрадз, Илаты Тимур. Се ‘ппæтæн дæр мæхи номæй бузныг зæгъын сæ фæрнæйдзаг куысты тыххæй. Токайы-фырты ног чиныг хуымæтæджы рауагъд нæу. Тотрадзы фæрцы йæм хаст æрцыд 32 уацмысы, 12 нывы æмæ дыууæ уацы поэты азфысты тыххæй. Чиныг байгом вæййы Кокайты Тотрадзы “Разныхас”-æй æмæ уымæй райдайдзыстæм нæ ныхас æмбырдгонды фæдыл. Чиныг аразæг йæ раздзырд райдайы поэты сонет “Цыкурайы фæрдыг”-æй. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы поэтикон уацмыс ахсы сæрмагонд бынат Алиханы сфæлдыстады. Уымæ гæсгæ, Тотрадз лæмбынæг цæстæй æркаст æмдзæвгæйы мидисамадмæ. Бацамыдта йын йæ уазнысан бынæттæ æмæ автор цы аивадон фæрæзтæй архайдта, уыдон. Спайда кодта Гаджиты Георгийы разныхасæй, 1960 азы уагъд чиныгæй, бацамыдта, æнæмыхуыргонд æмдзæвгæтæ йæм кæмæй æрбахаудтой, уыцы сылгоймæгты (Алиханы хотæ – Лизæ æмæ Соня, къухфыст ссарджытæ – Кокайты Розæ æмæ Тимæ) нæмттæ. Уымæй уæлдай, разныхасы автор бахаста хъæугæ фæнд Алиханæн цыртдзæвæн сæвæрын – “Ирон поэзийы символы хуызы”. Мæнмæ гæсгæ, уый æвæрццæг хъуыды у, æмæ бакусын хъæуы йæ сæххæст кæныныл.

Фидæны поэт райгуырдис Дæргъæвсы XIX æнусы кæрон. Йæ райгуырæн хъæуы райдайæн скъолайæ райдай æмæ Бакуйы денджызон училищæйæ фæу – алы ран дæр Алихан тырныдта зонындзинæдтæм. Фæлæ къаддæр куырыхонад нæ райста дзыллæйы зондæй. Уыцы дыууæ рухс суадонæй цы цæхæр цæстæнгас сфидар йæ зондахасты, уый хорзæрдæм фæзынд канд йæ миддунейы рæзтыл нæ, фæлæ аивадон сфæлдыстадыл дæр. Фæскавказы ахуыргæнгæйæ, йæ зæрдæмæ хæстæг райста революцийы тæваг. Уыцы хуызы йыл тынг æндæвта бакуйаг ирæтты (Козаты Разден, Гæбæраты Садо, Къутæрты Сабан, Цхуырбаты Иван æмæ иннæты) зондахаст. Ахæм “царды скъола” йын радта тынг бирæ æрмæг адæймаджы уæвынады аивадон хуызы иртасынæн. Алиханы сфæлдыстадон фæндаг дæс азы йеддæмæ нæ ахаста, фæлæ цы социалон зæххæнкъуыстыты рæстæджы цард, уыцы дæс азæй алкæй дæр нымадтой æртæ азмæ. Дуджы историон цаутæ (фыццаг дунеон хæст, æртхъирæны æмæ кæфты мæйты революцитæ, мидхæст), царды æнусон бындурты хæлд, адæмы хиæмбарынады ивддзинæдтæ бахастой стыр æвæрæн поэты монон дунемæ. Гъе ахæм уавæрты рæзыд Алиханы курдиат. Йæ алыварс цы æцæгдзинад фыхти æхсæнадон æнкъуыстыты, уыдон стыр æндæвдад ныууагътой йæ цæстæнгасы уагæвæрдыл. Йæ царды цауты фæндаг, аивадон хуызы ивдæй, фæхъæздыгдæр сты йæ азфысты æууæлтæ æмæ миниуджытæй.

Токаты Алиханы уацмысты автобиографион æрмæг ахсы стыр бынат, цæрдæгон, афтæ уæвынадон хуызы. Азфыстон æрмæгæй поэт кæм фылдæр пайда кæны, кæм та – къаддæр. Йæ фыццаг уацмысты автор сагъæс кæны хуымæтæг адæймаджы хъысмæтыл. Æмæ цадæггай Алихан æрцыд, фыццаджыдæр, адæймаджы миддунейы фæткæвæрдадон райдайæн фидар кæнын кæй хъæуы, уымæ. Йæ кары куы бацыд, уæд та йæ хъус адардта вазыгджындæр хъуыддæгтæм, аивадон хуызы æмиуад кæны цардæгон æрмæг æмæ сæ æрдзон хуызы иу кæны æнæцæугæ хæзнатимæ. Политикон æмæ идеологон аххосæгты тыххæй Токайы-фырты сфæлдыстадмæ фаг æргом здæхт не ‘рцыд, кæд йæ амæлæтæй сæдæ азæй фылдæр рацыд, уæддæр. Æрмæстдæр 1960-æм азы фæзынд мыхуыры йæ фыццаг чиныг “Малусæг”. Ахъуыды-ма кæнут дыууиссæдз азы фæстæ уæрæх чиныгкæсæгæн фадат фæцис йæ уацмыстимæ базонгæ уæвынæн. Уыцы бæрнон хæс йæхимæ райста поэт, критик æмæ тæлмацгæнæг Гаджиты Георги. Уый фæстæ ма йæ чингуытæ рацыдысты дыууæ хатты — 1973 æмæ 2004 азты. Æмæ мæнæ ныр цыппæрæм хатт Алиханы уацмыстæ уагъд æрцыдысты зынгæ баххæстгондæй.

Кокайты Тотрадз зынгæ фæхъæздыгдæр кодта нæ зонындзинæдтæ поэты тыххæй. Ахъуыдыма кæнут, цыма арвæй æрхаудтой, уый хуызæн æнæнхъæлæджы разындысты 32 æмдзæвгæйы æмæ дыууадæс нывы!? Сæфтыл нымад чи уыдис, уыцы уацмыстæ, æвиппайды, февзæрдысты нæ разы. Нæ сæрæй ныллæг кувæм къухфыст бахъахъхъæнджытæ – (Алиханы хотæ Лизæ æмæ Сонайæн) æмæ къухфыст ссарджытæ – Кокайты Розæ æмæ Тимæйæн. Стыр бузныджы аккаг у чиныгаразæджы фæллой дæр. Кокайы-фырт йæ царды фылдæр хай арвыста ирон чиныгæн лæггадгæнгæйæ (рауагъдады, журналы, телеуынынады). Йæхи поэтикон чингуытæ, стæй кæй сарæзта, уыдон иууылдæр хицæн кæнынц хæдæфсарм æмæ лæмбынæг куыстæй. Уымæн æмæ рагæй æмбары, чиныгуадзыны хъуыддаг куыд арæзт у, уый. Тотрадзы удвæллойы тыххæй бирæтæ фыстой æмæ амыдтой йæ бындурон æмæ лæмбынæг куысты уаг. Йæ къухы бынæй цы чингуытæ рацыд, уыдон хицæн кæнынц бæстон æмæ арфхъуыдыджын ахастæй (архайдæй). Фæлæ суанг уыдоны ‘хсæн дæр бæрæг дары Токаты Алиханы “Цыкурайы фæрдыг”. Уый у, нырыккон кæсæг поэты удыхъæд бирæвæрсыгдæр кæм банкъардта, ахæм æмдзæвгæты æмбырдгонд. Нæ цытджын поэты уацмысты зынгæ хай куы нæ разындаид, уæд нын æй, æвæццæгæн, нæ хъысмæт нæ ныххатыр кодтаид.

Æмæ кæд, æцæгæйдæр, афтæ у, уæд ма лыстæг цæстæй æркæсæм Алиханы ног фæзынд æмдзæвгæтæм æмæ сын сбæрæг кæнæм, сæ ахадындзинад цæй мидæг ис, уый. Фыццаджыдæр, цы зæгъын ис нæ зæрды. Уый размæ дæр мах цымыдисы æфтыдта дæргъæвсаг малусæджы аивадон сфæлдыстады куырыхон философон æмæ лиро-эпикон комулæфт. Поэт ранæй-рæтты фæарфдæр кодта нæ литературæйы уазнысаны (символон) æрмдзæф. Уыцы фæзилæны авторы цымыдисаг кодта уæвынады уагæвæрд æмæ цардарæзт. Уыдон алкæй дæр сагъæсы æфтауынц, фæлæ сæм Алихан акасти рæстæг, дуг æмæ адæймаджы цæстæнгасæй. Уый адыл дзы поэт ссардта йæхи “Цыкурайы фæрдыг” æмæ йын ныррухс кодта йæ фæндаг дзырдаивады хæзнатæм. Æмæ куыддæр бахызти йæ къæбицы дуарæй, афтæ æвирхъау хуызы аскъуыд йæ царды уидаг. Фæлæ дзы цы федта æмæ нын дзы кæй рафæзмыдта, уыдон дæр, Æртхуронау, “æркалдтой нæ зæхмæ Рухсæй тын”. Æмæ ныр сæдæ азæй фылдæр Инусы фырты удварны цæхæр хæссы æмæ хæссы нæ зæрдæтæм уæлмонц хъуыдыты фарн. Поэты бæсты немæ ныхас кæнынц йæ лирикон, лиро-эпикон æмæ эпикон хъайтартæ. Сæ хъæлæс махмæ хъуысы æрдзон хуызы æмæ нын дæтты ныфсы хос, цардхъомыс, фæндырдзагъды мелоди.

Токаты Алиханæн амæй размæ цы чингуытæ рацыд, уыдонæн уыдис юбилейон кæнæ радон ахаст. “Цыкурайы фæрдыгæн” та ис ногдзинады ахаст, ома, дзы рухс федтой, нырмæ зындгонд чи нæ уыд, ахæм уацмыстæ. Æмткæй сыл куы дзурæм, уæд дзы бирæ ис рис æмæ сагъæсы мотивтæ (“Фæдис”, “Мæ зæрдæ”, “Цæуыл фæкæуыс”). Æмæ уымæн æндæр хуызы уæвæн дæр нæ уыдис, уымæн æмæ поэт цы карз æмæ æгъатыр дуджы цард, уым æндæр зæрдæйы уагæн бынат нæ уыдис. Уæвгæ, æнусы фæстæ дæр уавæр бирæ хуыздæр нæу: ковид, омикрон, дефолт, санкцитæ, хæсты комулæфт дыууынæм азты азарæй (революци, мидхæст, культы) дæлдæр нæ лæууынц. Уымæ гæсгæ, поэты мидсагъæсты мæлæт стыр бынат кæй ахсы, уым диссагæй ницы ис. Алиханы æмдугон поэттæй стæмтæ ацыдысты мæлæты темæйы рæзты. Уый тыххæй фыстой нæ разагъды поэттæ æгасæй дæр. Уыимæ сын уый “трагикон хъазт” нæ уыдис, фæлæ царды æцæгдзинады айдæны тынивæзт.

Токайы-фырты уацмыстæ кæд филигранон не сты, уæддæр уырдæм тырнынц. Силлабо-тоникон арæнты архайгæйæ, поэт иузæрдион у классикон стихамадыл, рæстдзæвин рифмæтæ æмæ ритмикæйыл. Фæлæ куы бахъæуы, уæд сæ сæрты дæр ахизы. Æнусон традицитыл йæ къух кæй нæ исы, ууыл дзурæг сты, цы поэтикон жанртæй пайда кæны, уыдон се ‘ппæт дæр: зарæг, æмбисонд, сонет, таурæгъ, триптих, газел æмæ кадæг. Уыдоны мидæг поэты цæстæнгас цардмæ, литературон процессмæ у карз æмæ домаг. Æцæг дзы адæймагон æууæлтæ рох никуы уыдысты. Бирæ рæтты пайда кæны ирд æмæ хуымæтæг сурæттæй. Йæ мидисамад фыццаг цæсгомæй кæй амоны, уый дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Поэт лæгæйлæгмæ комкоммæ кæй дзуры æмæ кæй кæсы, уый фæзминаг у абоны поэттæн дæр. Нæ разагъды лæг национ литературон контекстмæ цы рæнхъытæ бахаста, уый фæрцы дзы ссардта ахадгæ бынат. Поэты уацмыстæ сты цыргъзонд, мидисджын, сурæтджын æмæ æнæлаз. Уыдоны мидæг автор æрдзон хуызы ссары бæрзонд æнкъарæнтæ æмæ арф хъуыдытæ. Ахъуыды-ма кæнæм, чиныджы номы (сæргонды) цы сусæг æмæ уазнысан хъуыды æвæрд ис, ууыл. “Цыкурайы фæрдыг” – йæ зындгонддæр сонеты сæргонд – æнæ цымыдисæй никæй ныууадзы.

Сæрмагонд ныхасы аккаг сты поэты хуызджын нывтæ. Æдæппæтæй дыууадæс йеддæмæ не сты, фæлæ нын поэты курдиаты хицæн хай уырнинагæй равдыстой. Хуызджын нывтæй уæлдай ма дзы æмбæлæм цыппар графикон куыстыл дæр. Кърандас кæнæ тушæй конд нывты æмбæлæм æнæзонгæ адæмы нывтыл: фыццаджы – иу сурæтыл, дыккаджы – цыппарыл, æртыккаджы – æртæйыл, цыппæрæмы – иуыл. Æмткæй райсгæйæ, зæрдыл æрлæууын кæнынц, Пушкин йæ фыссæн сыфты кæрон цы нывтæ кодта, уыдон.

Схонæн сæ ис фæзмæнтæ, уымæн æмæ сæ автор ногæй ницы равдыста. Афтæ зæгъæн нæй йæ хуызджын нывтæй, уымæн æмæ сæ схонæн ис аивадондзинадæй хайджын куыстытæ. Фыццаг нывы мидисамады мах уынæм базырджын сылгоймаг зæды хуызы, йæ сæрмæ та уынæм æрдæгконд цæргæсы ныв. Æнæном кæй у, уымæ гæсгæ нæ бон зæгъын нæу, автор дзы æххæстæй цы зæгъынмæ хъавыд, уый. Дыккаг æмæ æртыккаджы уынæм хæххон пейзаж æмæ хæххон фидары нывтæ. Цыппæрæм нывы дыууæ куыдзы доны былгæрон. Иуы дзыхы дзы ис хъазы мард æмæ йæм иннæ цымыдисæй кæсы. Фæндзæмы – хæххон цæргæс уæлбылæй фæйнæрдæм сæрыстырæй кæсы. Æхсæзæм ныв йæ мидисмæ гæсгæ хæстæг лæууы дыккаг нывмæ.

вдæмы ма уынæм хæххон доны бæрзонд былгæрон, æстæмы – зымæгон пейзаж – хæххон хъæу. Æмткæй райсгæйæ, ацы æрмæг мыхуыргонд кæй æрцыд, уый фæрцы ирон чиныгкæсæгæн ногæрдыгæй раргом Алиханы курдиаты хицæн фæзилæн – нывкæнынад. Аивадиртасджытæ сæм се ‘ргом куы раздахой, уæд ноджы бæлвырддæрæй æрныхас кæндзысты се сфæлдисæджы дæсныйад æмæ нывты мидисамадыл. Ныр та нæ зæрдæ дардзыстæм, цæмæй уыцы куыст тагъддæр æрцæуа, ууыл.

Токаты Алиханы чиныг “Цыкурайы фæрдыг”-ы фæрцы номдзыд поэты бирæвæрсыг сфæлдыстады фæрцы зынгæ фæхъæздыгдæр кæндзæн нæ иртасджыты æмæ чиныгкæсджыты зондахаст æмæ миддуне. Æнæмæнг, нæ ахуыргæндтæ цæуыл сагъæс кæной, уый сын фæзынд. Нæ зæрдæ дардзыстæм, хæстæгдæр рæстæг, ахæм иртасæн куыстытæ нæхи цæстытæй кæй фендзыстæм, ууыл. Токайы-фырты æнæзонгæ уацмыстыл цин кæнын æмæ лæмбынæг кæсын, мæнмæ гæсгæ, у аивадон амонд. Йæ поэтикон дунейы æндæвдад нæ зæрдæты æвзæрын кæны арф æмæ сыгъдæг æнкъарынад. Бæрæг у, Алихан йæ алы ныхас дæр сасирæй кæй “луæрста”, уый. Афтæ зæгъæн ис йæ лексикæйы тыххæй дæр. Йæ дзырдарæзты хабар та нæ æрыгон фысджытæн у æнæхъæн аивадон скъола. Поэты лирикон хъайтар та у, уыцы-иу рæстæг, вазыгджын æмæ хуымæтæг адæймаг. Йе сфæлдисæг та сфæлдыстадон удгоймаг кæй у, уый æппындæр дызæрдыггаг нæу. Уыцы æппæт миниуджыты фæрцы хæдбындур автор ирон зæрдæргомгæнæн лирикæмæ бахаста уæзгæ æвæрæн. Йæ лирикон хъайтарты уагæвæрд æмиуадон хуыз райсы цадæггай, фæлæ хæрзæгъдауджынæй. Уый та дзурæг у, йæ сæйраг нысан тæхын æмæ судзын кæй у, ууыл.

Поэты иннæ фæзилæн та ис, чиныгкæсæджы размæ æнæрлæугæ базон-базонтæ кæй æвæры, уым. Йæ лирикон хъайтар ивы, рæзы, цуды, стæхы æмæ афтæмæй махæн байгом вæййы алыхуызон тигътæй. Адæмы сæрвæлтау тыхсын æмæ риссын уымæн у удæй бæрзонд кæныны хос. Уымæн æмæ у тыхджын æмæ удæгас адæмы æрвыстон, фидиуæг æмæ хæрзгæнæг. Токайы-фырт æнæхъуаджы дæсны уыд йæ поэзийы уазнысантæй пайда кæнынмæ. Æвзаджы сыгъдæгдзинад та йын уыд рæстдзæвин нысан – кæсджыты хъуыддагмæ. Уый фæрцы поэты сфæлдыстадон дуне хæстæгæй-хæстæгдæр кодта дзыллæйы зæрдæмæ. Йæ хъайтарты уагæвæрдтæ поэт æвдыста æрдзонæй, цардæгасæй æмæ уырнинагæй. Чи зоны, гъе уымæн йæ сурæттæ кæсджытæн сæхи æргом кодтой карз æмæ фæлмæнæй, хорз æмæ æппæрццæгæй, раст æмæ зылынæй, уæздан æмæ æхсарджынæй. Уый адыл дзы алчидæр йæхицæн ссары, йæ зæрдæйæн æхцондæр чи разыны, ахæм хуыцауысконд адæймаджы. Цыфæнды цауæн дæр автор ссары йæ астæумагъз æмæ йын уый фадат радты чиныгкæсæгæн йæ сæйраг хъуыды раргом кæнынæн. Ног чи фæзынд, уыцы æмдзæвгæтæ дæр хицæн кæнынц хæдбындур æрмдзæфæй. Таурæгъондзинады хахх тынг арæхстджынæй кæй амоны, уый фæрцы йæхимæ æлвасы дзыллон чиныгкæсæджы хъусдард. Цыбыр ныхасæй, цæмæй уыцы æппæт хабæрттæ удæй банкъарай, уый тыххæй Алиханы кæсын хъæуы сабыргай æмæ æмбаргæ. Æмæ дын уæд поэты сфæлдыстад кæсын суыдзæн тухи нæ, фæлæ æхцонад æмæ æнцонад.

Кæронбæттæны мæ “Цыкурайы фæрдыджы” чиныджы тыххæй зæгъын фæнды иу цымыдисаг хъуыды. Æмдзæвгæты æмбырдгондæй стыр æхсызгондзинад кæй райстон, уый æппындæр дызæрдыггаг нæу. Фæлæ мын, уыцы-иу рæстæг, иу фæндиаг æнæ зæгъгæ нæй. Кæддæр Нафи афтæ загъта: “Хорз чиныг, дам, кæддæриддæр адæймаджы сагъæс кæнынмæ хоны”. Мæн дæр Алиханы чиныг иу вазыгджын хатдзæгмæ сразæнгард кодта. “Цыкурайы фæрдыг” рухс кæй федта, уый банымайын хъæуы раппæлинаг хъуыддагыл, дызæрдыг кæнæн кæуыл нæй, ахæм фæзындыл. Ныртæккæ чиныгуадзын ссис тынг зын хъуыддаг, фæлæ бацархайын хъæуы ууыл, цæмæй уагъд æрцæуа Токаты Алиханы уацмысты академион рауагъд. Мæнмæ гæсгæ, ахæм чиныг хъуамæ арæзт уа ахæм хæйттæй:

а) Фыццаг хаймæ – Поэты бирæвæрсыг сфæлдыстад æххæстæй æвзæрст кæм æрцæуа, ахæм разныхасæй;

б) Дыккай хай “Поэзимæ” хъуамæ хаст æрцæуой йе ‘мдзæвгæтæ æгасæй дæр; в) Æртыккаг хай “Тæлмацтæ”- мæ бахæссын æмбæлы æндæр автортæй (Петафи, Уланд, Брюсов, Бальмонт, Гейне) ивд уацмыстæ;

г) Цыппæрæм хай “Драмæ”-мæ хъуамæ бацæуа пьесæ “Урс сынтытæ”;

д) Фæндзæм хаймæ – публицистикæ æмæ эпистолярон бынтæ (фыстæджытæ);

е) Æхсæзæм хаймæ – Архивон æрмæджытæ;

ж) Æвдæм хаймæ – хуызджын нывтæ æмæ графикон куыстытæ (алы ныв дæр хицæн фарсыл);

з) Æстæм хай – “Фиппаинæгтæм”, – хъæугæ зонинæгтæ алы мыхуыргонд уацмысты тыххæй дæр.

ХОЗИТЫ Барис

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.