(Бестауты Гиуӕрги – 90 азы)

Уый уыдаид фынддӕс азы размӕ – иу куырыхон лӕг загъта: Ельцин Уӕрӕсейӕ йе знӕгтӕн къӕхтӕсӕрфӕн сарӕзта, фӕлӕ йын мах хъуамӕ алцы дӕр ныххатыр кӕнӕм, йӕ фӕстӕ Путины кӕй ныууагъта, уый тыххӕй. Мах Ельцинмӕ исты хъуыддаг ис? Бынтондӕр ницы, уый афтӕ,   ныхас расайыны охыл – мах дӕр Хуыцау бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕхъыг кодта, фӕлӕ йын сӕ хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм, йӕ ракӕнгӕ фыдбылызтӕй йӕ хӕрзтӕ къаддӕр кӕй не сты, уый тыххӕй. Йӕ цӕст  нын ӕрмӕст Бестауты Гиуӕргийы кӕй бауарзта, уый тыххӕй дӕр ын хъуамӕ табу кӕнӕм, сӕрныллӕгӕй йын кувӕм!

Джыгкайты Шамилы загъдау, ис поэт ӕмӕ ис стихфыссӕг: поэт, нарты Ацӕмӕзау, йæ ныхыдзуары хæссы хуры тых, у уалдзæггæнæг, Бонвæрнонау – Боны фидиуæг. Стихфыссæг йæхимидæг судзы фæрв къуыдырау, нæй дзы зынг æмæ рухс, æрмæст Хуыцауы фæздæгæй мары… Гениалон хатдзӕг!

Бестауты Гиуæрги уыд Поэт. Нафийӕн уыд «Ныфсы ӕфсымӕр», Гафезӕн –  «Æлвæст кард», Дзуццаты Хадзы-Муратӕн – «Уадтымыгъы æрдхорд», Булкъаты Михалӕн – «Доныхъазы зарæг». Уыд поэт-фӕлдисӕг дӕр ӕмӕ иузӕр-дион фӕллойгӕнӕг дӕр –  рӕстдзинады, сӕрибары сӕр-хъызой дӕр. Уый уыди журнал «Фидиуæг»-ы, стӕй та рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редактор. Цензурæ йӕ хъал бон куы калдта, уӕд уый та, ӕндӕртӕ сӕ фыны дӕр кӕй нӕ бауӕндыдаиккой, ахӕм уацмыстӕ мыхуыр кодта – Цæру-къаты Алыксандры дуарӕхгӕд «Ос-Бæгъатыры æхсæв»,  хъодыгонд «Хазбийы зарæг»… Ныр, тасмачъи поэтгӕндтӕ ӕмӕ тӕсмард журналистгӕндты бинонтӕ дӕр Хуыцауы цӕсты ӕхсидӕвтӕ тъыссынц, сӕ рухсыбадинӕгтыл сын кады зарджытӕ кӕй нӕ нывӕндӕм, уый тыххӕй… Бестау та уыд йӕ дуджы фӕдисон, бӕстыдзаг лӕджыхъӕр кӕмӕй хъуыст, ахӕм разагъды лӕг, фӕлӕ йын йе стыр номӕй йӕ бинонтӕ никуы ницы ӕрдомдтой – Зозырон ын йӕ ном дӕр, «уӕ фарн фынӕй уӕд» зӕгъыны фӕстӕ дзырдта, йӕ фырт Ацӕмӕзӕн йӕ хурӕмсӕр фыды кой скӕн ӕмӕ йӕ сӕр йӕ уӕхсчыты хсӕн амбӕхсы…

60-æм азты Дзæуджыхъæуы хицауад æмæ дыууæ Иры фысджыты фембӕлды рӕстӕджы Гиуæрги æргомæй загъта фыццаг хатт советон Ирыстоны: рауадзын хъæуы Гаппойы уацмыстæ. Æмӕ йӕм фæлæбурдтой хицауад æмæ йæ фæсдзæуинтæ, хъузон поэттæ уæлмонц поэтыл ныккалдтой политикон дауты цӕхӕр. Æмӕ йын йӕ цард хъизӕмайраг скодтой, Къостайы карӕнӕй йӕ мӕрдтӕм барвыстой. Йӕ идӕдз Сӕлимӕт ӕй дзырдта, Гиуӕрги  йӕ царды фӕстаг бонтӕ кӕуыл батыдта, уыцы сынтӕгмӕ амонгӕйӕ:

«Иу бон ӕм ранчынфӕрсӕг ӕрбацыдысты… Йӕ уӕлхъус куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сӕм йӕ фӕллад цӕстытӕй ӕдзынӕг фӕкаст, стӕй Æлборты Хадзы-Умар ӕмӕ Тедеты Герасӕн цӕстӕй ацамыдта, цӕмӕй иу чысыл ӕддӕмӕ ахизой. Уыдон куы ахызтысты, уӕд иннӕтӕн афтӕ: «Цӕмӕн мӕм ӕрбацыдыстут, цӕмӕй уӕ бауырна, кӕй нал фервӕздзынӕн, уый?»

Афтӕ кӕмӕн загъта, уыдонимӕ чи нӕ уыд, уыцы Нафи фыста Гиуӕргийы тыххӕй:

«Диссаджы лӕг уыд Гиуӕрги. Куы йӕ базыдтон, уӕд ыл цыди ӕрмӕст 22 азы. Куы йӕ федтон фыццаг хатт, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыдысты уырыссаг поэты ныхӕстӕ: «Иду красивый, двадцатидвухлетний!» Гиуӕрги, ӕцӕгдӕр, рӕсугъд лӕппу-лӕг уыди цӕсгомӕй дӕр ӕмӕ уӕнгты кондӕй дӕр. Фидӕрттӕарӕзт, фӕлӕ нырма къӕсхуыр, ӕууӕрст дугъон бӕхау. Куы-иу бахудт, уӕд-иу йӕ нарӕг рихитӕ фӕйнӕрдӕм алыгъдысты, цыма-иу зӕрдӕйы дуар байгом, уыйау».

Гиуæрги райгуырд 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы. 1952-1957 азты ахуыр кодта Калачы паддзахадон уни-верситеты журналистикæйы факультеты. Уым ахуырад цыдис гуырдзиаг æвзагыл. Фæстæдæр Калачы иу æмбырды ирон поэт гуырдзиагау дзырдта литературæйы фарстатыл. Адæм ӕм зӕрдиагӕй æрыхъуыстой. Уæд иу академик хъæрæй сдзырдта: «Тæхуды, мах фысджытæ дæр гуырдзиагау афтæ куы дзуриккой!» Гиуæрги гуырдзиаг  æвзагы дæсны кæй уыд, уый диссаг нæу: уæлдæр ахуырад уыцы æвзагыл райста. Диссаг уый у, æмæ Бестау мæлгъæвзаг уыд иронау дæр.

«Гиуӕрги иронау фыссынмӕ кӕй раздӕхт, уый ахоссаг уыд Нартыхты Михалы ӕвидигӕ уарзондзинад ирон ӕвзаг ӕмӕ дзырдаивадмӕ. Уый йӕ уарзоны кой афтӕ зӕрдиагӕй кодтаид, ӕмӕ цыфӕнды хивӕнд лӕджы дӕр йӕхи динмӕ раздӕхтаид. Бахъардта йӕ зӕрдиаг ныхас Гиуӕргимӕ дӕр, сног ис йӕ уды рӕбын ирон дзырды фарн», – фыста Нафи.

Уый уыд ирон лæг, йæ зæрдæ дзырдта иронау, æмæ йæ диссаджы зарæгæн ссардта ирон æвзаджы ӕнӕбын æвæрæнтæ. Поэт уьщы æвæрæнтæн барджын хицау нæу, зæгъгæ, уæд уыдзæн æнæбон стихфыссæг, йæ куыст та – байраджы хъиамæт. Йæ иу уацы уымӕн загъта, лæмæгъ литературон фæлварæнтыл аудын аивадæн стыр зиан кæй хæссы, уыцы хъуыды. Джыгкайты Шамил цӕйау загъта: «Бирæ ис Ирыстоны, сæ «фыццаг дзымандыты» фæрцы «литературæйы сыгъзæрин галуаны æвæтчиаг дуæрттæ» кæмæн байтыгътой, ахæм фысджытæ: уыдон «ныууагътой сæ агурын, сæ размæцыд, зæгъгæ, ай æххæст фысджытæ куы стæм, æвæлмоны бадт ракодтой цыты къæлæтджынты; уæнгуагъд, рæдзæмæдзæгæнгæ аздæхтысты литературон дзæнгæдамæ. Рохуаты баззад удæгас хъуыды, судзгæ æнкъарæн. Аивады туджджын знаг – хиуылæввæрсондзинад сын сæ курдиат къуыбырæй басийын кодта, райхæлын æй нæ бауагъта».

Сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уымæн былдауæн ныхæстæ ахъаз не сты, уымæн амонын хъæуы кусын æмæ хорз æвзæрæй иртасын. Бестауты Гиуӕрги дӕр уыд ахӕм позицийы фарс: «Стыр аивадмæ фæндаг амондмæ фæндаг у, бирæ тæссаг фæзилæнты рацæуы сæрсæфæны былтыл. Æвæлтæрд курдиатджын фæсивæды ууыл арæхст-гай кæнын хъæуы».

Гиуӕрги йе сфӕлдыстадон фӕндагыл фыццаг къахдзӕф-тӕ куы кодта, уӕд Плиты Грис Мӕскуыйы ахуыр кодта, фӕлӕ уырдӕм дӕр фӕхатыд, Бестауы поэзи ирон дзырдаива-ды ног фӕзынд кӕй у, уый ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд, ӕвзонг поэт ӕдӕрсгӕ куы цыдаид йӕ рӕзты фӕндагыл. Уый тыххӕй фыста Нафимӕ: «Фехъуыстон, Гиуӕрги кусын райдыдта «Фидиуӕджы». Кӕд афтӕ у, уӕд зӕгъ редактор Дзаттиаты Георгийӕн ӕмӕ лӕппумӕ йӕ хъус ӕрдара.

…Уый – Гиуӕрги, ныфсы лӕг у ӕмӕ йӕ ӕвӕрын хъӕуы».

Ехх… Бӕргӕ йыл алчи дӕр куы аудыдтаид, Гафез, Нафи ӕмӕ йыл Грис куыд аудыдтой, афтӕ, уӕд афтӕ раджы нӕ аивгъуыдтаид, афтӕ тынг кӕй рӕсугъд кодта, уыцы уӕлион дунейӕ…

Гиуæрги арф æмбæрста, ирон поэзийы уавæр, традицитæ æмæ ногдзинады æмахастытæ, йæ рæзты тенденцитæ. Поэт рæстæгыл бафиппайдта, ирон аив дзырды цы ног здæхт фæзынд, уый æмæ йæ федта Джусойты Нафи æмæ Цъæрукъаты Алыксандры сфæлдыстады. «Ирон советон поэзи бацыд йæ лæджы кары. 30-æм азты уæлæнгай патетикæ, хуымæтæджы констатаци кæныны фæтк, сур риторикон сидтыты бын фӕцис ирон литературӕ. Ныр нæ поэзийы сæйраг тенденци раздæхт царды цаутæн æмæ фæзындтытæн социалон-психологон анализ кæнынмæ, адæймаджы нысан æмæ бынатыл философон хъуыды кæнынмæ, бæрзонд æмбæстагон патриотизммæ. Иу дзырдæй, йæ базыртæ тындзы дунейы тыгъдæттæм», – фыста Бестауты Гиуӕрги. Йӕ дзырды сӕр та уыд, ирон литературæйæн цæсгом чи кæны, æрмæстдӕр ахӕм поэзийыл. Уымӕн ӕмӕ уый поэтæй домдта ныфсхаст хъуыды, арф мидис, фæлгонцад. Уымӕн фыста, зæгъгæ, «хъæуы æцæг бæрзонд поэзи, чиныгкæсæгæн арвы дуар гомæй фенынау чи уа, ахæм аивад».

Гиуæргийæн йæ фыццаг чиныг («Уадтымыгъ») рухс федта 1958 азы. Поэт йæхимæ æркæсын кодта фысджыты дæр æмæ чиныгкæсджыты дæр. Фæлæ, Шамилы загъдау, ӕвæл-монæй цыты къæлæтджынты чи бадт, мæрдон æнцойы рæдзæ-мæдзæ чи кодта, уыдонæн æхсызгон нæ уыд Гиуӕргийы уадтымыгъы уынæр, уыдонæн поэзийы комулæфтæй сæ удæнцой зынаргъдæр уыд, æмæ йын æппæт мадзæлттæй дӕр цæлхдуртæ æвæрдтой йæ разы. Фæлæ чиныгæн Гафез аккаг аргъ куы скодта, уӕд чысыл сӕхиуыл фӕхӕцыдысты.

Поэт уадтымыгъимæ кæны йæ барджын ныхас:

Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр,

Цæй, сыст, ызнæт фæдисон, цырддæр!

Нынниу сæдæ ‘взагæй, ныннæр, –

Фæу фæндаггæрдæг мæ дзырдтæн!

Æцӕг сфæлдыстадон фæндаг зын æмæ хъизæмайраг у, поэзийыл мингай азтæ цæуы, æмæ уым ног хъуыды зæгъын зынтæй æнтысы, уымӕ гӕсгӕ поэт ӕмдзæвгæйы дыккаг хай æвдисы уадтымыгъы æрдзон хæстæгдзинад. Æртыккаг хайы автор æргом кæны йæ ахаст тызмæг уадтымыгъмæ:

Кæнын дын номдзыд лæгау кад,

Чызгау дæ судзгæ уарзтæй уарзын.

Кӕнӕ:

Ды дæ мæ зарæгæн йæ сæр –

Тызмæг ызнæтдзинады бардуаг!

Поэт ныл дис æфтауы йæ ныфс æмæ йæ бæллицтæй.  Фӕдфӕливӕн дунейы ивы йæ мифон фæлгонц, фæлæ нæ ивынц йæ нысан, йæ мидис:

Хъæддаг, æнæрцæф æфсургъ, цæй,

Дæ базыртыл мæ аскъæф размæ!

Бестауты Гиуæрги ӕнӕцудгӕ, ӕнӕбасӕтгӕ удыхъӕды хицау уыдис куыд адӕймаг, ирон лӕг, афтӕ куыд поэт дӕр. Цӕйнӕфӕлтау пъӕззындзыгӕй бада ӕмӕ цардмӕ ӕгуы-дзӕгӕй кӕса, фӕлтау ыл схъызæд «дунейы тымыгътæ»:

Бындзыггай мæ фæхæссут дард,

Æваст мæ арвы тыгъдмæ фехсут,

Куыд уадзон иудадзыг цъæх арт,

Куыд хъусон уе знæт уынæр, уе ‘хситт.

Поэты цард куыдфӕндыйӕ дӕр трагедион у. Æмæ поэт, ӕцӕг поэт тагъд кæны фӕлдисыныл, цардæй йæ «мондæгтæ уадзыныл». Цард ӕрвæрттывдау цыбыр у ӕмӕ дзы уымӕн тырны басудзынмæ. Уыцы катай æнусты дæргъы уыд æмæ у поэты хъизæмар. Шамил дӕр, Гиуӕргийӕн йӕ иннӕ хӕлар поэттау,  сагъӕс кӕны Гиуӕргийы хъысмӕтыл: «Фæлæ цы ‘рсырдта Бестауы хæрз æрыгонæй? Йæ фæндаг разæй куы ис, уæд цæмæн бахауд ахæм гуырысхоты? Стыр дур агуры стыр тулæн. Ахæм æндыгъд психологон уавæр у сфæлдыстады гуырæн, уымæй æвзæры поэтикон уæлмонц, куыст æмæ сгуыхты монц. Поэты фæнды йе «знæт зæрдæйы тæмæн» йæ бæстæйæн раттын, йæ бæллиц у йæ цæссыгæй фыдæлты тугвæдтæ ныхсын. Уыцы хъуыддæгтæ домынц архайын, æмæ поэт «хӕст расидт æнцойадæн».

Гиуӕргийӕн йӕ зын сахат йӕ хъысмӕтыл чи куыд тыхст, уыдӕттӕн ӕвдисӕн сты, цы фыстӕджытӕ йӕм фыстой, уыдон. Хъодзаты Æхсары фыстӕг кӕсгӕйӕ зӕрдӕ фӕр-чытӕ хауы. Фыст ӕрцыд 1977 азы 25 февралы, Гиуӕрги уӕззау рынчын куы уыд, уӕд: «Бестау, мӕ ныфс! Иу хатт ма дын зӕрдиаг арфӕ кӕнын, дӕ удуӕлдай фыдӕбонӕн дын цы аргъ скодтой, уый фӕдыл (Æхсар кӕны, «Стайы цармдарӕг»-ы тыххӕй йын кӕй радтой, уыцы премийы кой). Ды нӕ чысыл литературӕйӕн, нӕ мӕгуыр адӕмӕн цы хӕрзты бацыдтӕ, уымӕн аргъ нӕй. Мӕ зонгуытыл лӕууын сӕ цуры ӕмӕ сын мӕ мидзӕрдӕйы табу кӕнын, сабиау.

Удвидар у, Бестау, мӕ ныфс! Дӕхи Æхсар».

Бӕргӕ уыдис удвидар, фӕлӕ байрӕджы…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.