Ивгъуыд аз 17-æм ноябры йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст æхсæнадон арха-йæг, РХИ-йы Парламенты 4-æм æрсидты депутат, Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот æмæ хорз адæймаг Хъараты Валери Уасилы фырт. Уæздан æмæ хиуылхæцгæ Валери дæр бацис æнæхайыры коронавирусы пандемийы амæттаг.

Тынг зын у Хъараты Валерийы тыххæй ивгъуыд афоны дзурын. Цæстытыл уайы йæ зæрдæхæлар худæндзаст цæсгом, хъустыл ауайы йæ уæздан ныфсдæттæг хъæлæс. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма та дыл фембæлдзæнис уынджы æмæ та дын йæ аудгæ, талас ахастæй дæ зæрдæ ныррухс кæндзæн, ныфсы мæсыгæй та дын балæудзæн, фæлæ æгъатыр мæлæтæн цы загъдæуа. Йæ зæрдæмæдзæугæ æддаг бакастæй йæ уды сконд ноджы уыд рæсугъддæр. Зæрдæйæн уæлдай зындæр та у, цардæй афтæ цæрынхъуагæй æмæ æнæнхъæлæджы кæй ацыдис, уый. Цыбыртæй уæ базонгæ кæндзыстæм йæ биографиимæ.

Хъараты Валери Уасилы фырт райгуырд 1964 азы 3-æм октябры Ленингоры районы Монастъеры хъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы каст фæцис райдиан скъола дæр. Уый фæстæ бинонтæ цæрынмæ рацыдысты Цхинвалмæ. Валери нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы 8-æм кълас каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникумы. Техникум каст фæуыны фæстæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм, службæ кодта Украинæйы ракетон æфсæдты. Йе ’мбæстагон хæс кадимæ бафидыны фæстæ æрæздæхт Хуссар Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта нæ горæты «Турбаза»-йы. Уыцы иурæстæджы фæсаууонмæ ахуыр кодта горæт Гуры экономикон институты (Тбилисы паддзахадон экономикон институты филиал). 1991 азы институт æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Цхинвалы «Коопторгы». Ацы бынаты цалдæр азы бакусгæйæ, фæстæмæ кусын райдыдта Профцæдисты хæдзары туризмы фæдыл комитеты. Уый фæстæ нысан æрцыд ТЭК-ы цы базар «Континент» уыд, уый сæргълæууæгæй. Ацы бынаты кусгæйæ æвзæрст æрцыд РХИ-йы Парламенты 4-æм æрсидты депутатæй. 2008 азы РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрад арæзт куы æрцыд, уæд кусын райдыдта ацы министрады сæйраг экономистæй. Уым дыууæ азы бакусыны фæстæ рахызт «Стройтехконтроль»-мæ, цыран бакуыста цалдæр азы. Уый фæстæ та бирæ азты дæргъы, йæ царды фæстаг бонты онг куыста арæзтадон компани «СТМ — Юг»-ы бухгалтер-экономистæй. Валери кæмдæриддæр куыста, алыран дæр дзы ныууагъта йæ хорзы ном.

Адзалæн мадзал нæй, фæзæгъынц. Хуыцау иутæн балæвар кæны дæргъвæтин цæрæнбон, иннæтæн та — цыбыр. Валери цæрынхъуагæй ацыд йе ’нусон бæстæм, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта ирд фæд. Стыр ныфс уыд йæ хиуæттæн, мыггагæн, комбæстæн, хæлæрттæн æмæ, æгæрыстæмæй, æцæгæлæттæн дæр. Никуы ахызт фæкæсынхъуаг адæймæгты фæрсты, алыхатт дæр-иу сæ фарсмæ балæууыд æмæ-иу сын йæ лæггады хай бакодта. Мысынæн баззайдзæн йæ ном, адæмы хорзæхæн кæй цард, æгъдау, адæймагдзинадæй æххæст кæй уыд, уый тыххæй. Цы загъдæуа хъысмæтæн. Æгъатыр низ басаста Валерийы фидар уæнгтæ. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, цы байтауай, уый æркæрддзынæ. Валерийы хуызæн адæймæгтæ цардæй куы ахицæн вæййынц, уæд æрмæст бинонтæ æмæ мыггаг нæ фæкъахыр вæййынц, зæрдæрыстæй баззайынц, царды бирæ хæрзты кæмæн бацыд, уыдон дæр. Рæсугъдæй кадимæ фæцæрын, йæ хæсыл чи нымайы, ахæм ирон нæртон лæгтæм хауд Валери дæр, фæлæ…

Хъараты Валери а-зæххыл йæ фæстæ цы фарн ныууагъта, уый уæлдай тынгдæр рабæрæг йæ ныгæнæн боны. Тынг бирæ æрбамбырд Валерийæн хæрзбон зæгъынмæ, тынг бирæ цæссыг ахаста. Тынг ыл фæрыстысты хионæй, æддагонæй, сыхагæй, æмкусæгæй, хæларæй. «Ирон мæсыг амад вæййы лыстæг æмæ стыр дуртæй, Валери дæр амадта стыр æмæ чысыл хъуыддæгтæ, фæлæ йæ мæсыг кæронмæ амад нæ фæцис, афтæмæй ацыд не ’хсæнæй. Бæргæ ма йын куы бантыстаид йæ хъæбул Луизæйы цинагыл куыд фæцин кодта (чындзы фæцыд Джиоты фæрныг хæдзармæ), афтæ йæ хъæбулы хъæбулы фæзындыл дæр фæцин кæнын, фæлæ йыл хъысмæт сайдæй разылд æмæ йæ сау мæлæт не ’хсæнæй атыдта», — загъта Хъуылымбегты Роберт.

«Валери уыд уникалон адæймаг. Чысы-лæй фæстæмæ йæ зыдтон. Уый уыд адæй-маджы хуызы нæ комбæсты зæд. 2004 азы йæ сæвзæрстам депутатæй. Уыцы уæззау рæстæджыты æхсæвæй-бонæй фæндагыл уыдыстæм иумæ. Нæ цардæн тæссаг уа-æрты куы гуманитарон æххуыс ластам, куы та — ссад æмæ æндæр товартæ. Бирæ хæттыты-иу дыгай-æртыгай бонты дæр баззадыстæм фæндагыл. Иухатт ТЭК-ы баззадыстæм цыппар боны, гуырдзиæгтæ фæндæгтæ кæй æрæхгæдтой, уымæ гæсгæ. Æмæ æнæхъæн колоннæйæн цыппар боны дæргъы лæггад кодта Валери — хæрдцух, хъусдардцух никæй ныууагъта. Депутат куы нал уыдис, уæд йæ хъусдард нæ фæкъаддæр кодта. Нæ комбæстæн уыд стыр ныфс. Исчи-иу куы фæтыхстис, уæд-иу йæхи Валерийыл баппæрста. Æххуысхъуаг адæймæгтæн-иу финансон æххуыс дæр бакодта. Махæн стыр зиан у Валерийы амæлæт. Æз Захъхъоры хъæусоветы сæрдарæй бакуыстон 18 азы æмæ æппæт уыцы азты дæргъы Валери иууылдæр уыд мæ фарсмæ, алыхатт дæр-иу мæм йе ’ххуысы къух фæдаргъ кодта. Иухатт январы мæйы ссад ластам æмæ Громы хъæуы нæ машинæ фехæлд. Уыцы уазал боны ссады голджыты иу машинæйæ иннæмæ равдæлон кодтам Валериимæ дыууæйæ. Æхсæвы дæр уым баззадыстæм, бавæрдтой нæ фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ. Валерийæ æндæр исчи куы уыдаид, уæд загътаид, зæгъгæ, æз дæн депутат æмæ ссады голджытæ æвдæлон кæнын мæ куыст нæу, фæлæ уый уыд æнахуыр диссаджы хæларзæрдæ æмæ лæггадгæнæг адæймаг. Валери ныфсы лæг уыдис æнæхъæн районæн, Ирыстонæн, ирон адæмæн æмæ йыл уымæн афтæ тынг фæрыстис дзыллæйад. Хъæбатыр хæстоны лæггад бакодта йæ Ирыстонæн. Комы аргъ лæг бæргæ уыд, фæлæ…», — загъта Захъхъоры хъæуы цæрæг Хъодалаты Вахтанг.

Æцæг æмбал тыхст рæстæджы фæбæрæг вæййы. Валери уыд æцæг хæлар. Ацы рæнхъыты авторæн 2010 азы 9-æм сентябрь у трагикон бон. Уыцы бон æнæнхъæлæджы уæззау рынчын фæцис мæ цардæмбал Хуриты Гиви. Уый базонгæйæ, уайтагъд рынчындоны нæ уæлхъус æрбалæууыд Хъараты Валери. Балæууыд нын стыр ныфсы мæсыгæй, загъта нын, зæгъгæ, дам, æхцайыл æппындæр ма тыхсут, æз дæр, дам уын истытæ самал кæндзынæн. Æмæ нæ кæд уыцы æхцаты сæр нал бахъуыд, уæддæр мын уæдæй фæстæмæ æфсымæры хуызæн уыд, нæ бинонтæ йæм æввахс хионы цæстæй кастысты. Йæ амæлæтыл ын тынг фæрыстыстæм, арæх нæм æрхауы йæ хорзы кой.

«Нæ сых нал фидауы. Фæсидзæргъуыз стæм иууылдæр. Нæ корпусæн-иу исты проблемæ куы фæзынд, уæд-иу æй уайтагъд Валери аскъуыддзаг кодта. Нæ бирæуæладзыгон хæдзары раз цы беседкæ ис, уый дæр йæ хъæппæрисæй арæзт у, йæхи номыл та дзы къæлæтджын сарæзта. Бæргæ йæ мысæм, фæлæ ма цы гæнæн ис. Тынг бирæ йæ уарзтой иууылдæр нæ сыхы цæрджытæ. Стыр лæггæдтæ дзы зонæм. Хионыл дæр бирæ афтæ нæ фæмаст кæны, мах Валерийыл куыд тынг фæхъыг кодтам», — цæссыгкалгæйæ мын загъта йæ сыхаг Габатты Медея.

Цард Хъараты Валерийы хуызæн адæймæгтæй фидауы æмæ ахæмтæ куы ацæуынц, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма бон фæтардæр цард та дзæвгар фæмæгуырдæр. Сæ мæлæты фæстæ дæр рухс кæнынц нæ цард, æрцæрынц нæ мысынады сæ рухс фæлгæнцтæ. Бузныг фæзæгъæм æрдзæн, кæй сæ сфæлдыста æмæ нæ сæ уды хъармæй кæй батавтой, уый тыххæй.

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дæм фехъуысæд, ды тагъд дада кæй суыдзынæ, уыцы цины хабар æмæ йыл уымы бæсты фæцин кæн. Дæ хорз хъуыддæгтæ дын дарддæр кæндзысты дæ цардæмбал Икъаты Залинæ æмæ дæ хъæбул Луизæ. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ