Мидхъуыддæгты органтæн

Барадхъахъхъæнæг органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Барвæтк хъахъхъæнын у паддзахады ахсджиаг хæстæй сæ иу. Барадхъахъхъæнæг органты системон, фæд-фæдылон, лæмбынæг æмæ цæсгомджын куыстыл баст у республикæйы цæрджыты цард æмæ æнæниздзинад, сæ бартæ ифтонг кæныны гаранти. Мидхъуыддæгты органты кусджыты зын службæ домы æппæт тыхтæй кусын, хъæддыхдзинад, æхсардзинад æмæ хъайтардзинад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын барадхъахъхъæнæг органты ветерантæн. Ветерантæ бындур цы фæлтæрддзинад æмæ традицитæн æрæ-вæрдтой, уыдон абон дæр стыр æххуыс сты фæтк хъахъхъæнджыты æвзонг фæлтæр ахуыр æмæ хъомыл кæныны хъуыддаджы.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ фæрныгад.

 

Экономисты боны цытæн

 Цытджын хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Экономисты боны цытæн!

Экономикæ у паддзахады æмæ æхсæнады рæзты бындур. Нæ экономистты профессионалон æмвæзадыл баст у экономикон политикæйы эффективондзинад, финансон стабилондзинад æмæ уыимæ адæмы фæрныгад. Квалификацийы бæрзонд æмвæзад, уæлдæр бæрндзинады æнкъарæн, раст уынаффæтæ исын сты æцæг экономисты сæйраг хæстæ.

Ныфс мæ ис, уæ профессионалон зонындзинæдтæ, уæ разылæууæг хæстæ гъæдджынæй скъуыддзаг кæнын кæй ахъаз кæндзысты республикæйы хъомысад максималонæй æххæст кæнынæн, экономикæйы рæзтæн, социалон проекттæ æмæ программæтæ æнтыстджынæй реализаци кæнынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.