Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Арфæ дын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады акт расидыныл 26 азы сæххæсты цытæн!

Уыцы цау республикæйы хъысмæты байгом кодта ног фарс, сбæрæг ын кодта йæ дарддæры историон фæндаг.

Абон æвзонг хæдбар паддзахад ногæй ногдæр кæны, фæдфæдылонæй скъуыддзаг кæны экономикон æмæ социалон рæзты фарстатæ, йæ дарддæры дидинæфтыдæн бындур æвæры.

Символикон у, Сирийы Арабаг Республикæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад ацы бæрæгбон кæй банымадта, уый дæр.

Уадз Сирийы адæмы æмæ къухдариуæгады хæларадон къахдзæф фæахъаз уæд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаиуæгад фидар кæнынæн, байгом ын кæнæд йæ экономикон рæзт æмæ дунеон æмгуыстады ног перспективæтæ.

Дæуæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстджын куыст, сабырдзинад, хæрзиуджытæ æмæ фæрныгады фæндиæгтæ!

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы

Сæргълæууæг Битарты Вячеслав

***

РЕСПУБЛИКÆЙЫ ПАДДЗАХАДОН ÆДАСДЗИНАДЫ КОМИТЕТЫ КУСДЖЫТÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты цытджын кусджытæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Паддзахадон æдасдзинады комитеты сырæзтыл 26 азы сæххæсты цытæн.

Нæ республикæйы рæзты уæззау азты сымах цытимæ æмæ намысджынæй тох кодтат æмæ ныр дæр тох кæнут Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады ныхмæ комкоммæ æртхъи-рæнты ныхмæ, лæуут, Гуырдзыстон нæ республикæйы ныхмæ цы паддзахадон терроризм аразы, уый ныхмæ.

Сымах стыр бавæрд бахастат не ‘взонг паддзахады, йæ территориалон æнæхъæндзинад ын бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Тохты æхсыст æмæ фæлвæрд Паддзахадон æдас-дзинады комитеты кусджытæ æд хæцæнгæрзтæ активон хайад райстой 2008 азы августы агрессоры ныхмæ тохы. Уе ‘хсардзинад æмæ фидардзинад цæрæнбонтæм баззайдзысты нæ адæмы мысынады, куыд Райгуырæн бæстæмæ, хи бæстæмæ, хи зæххмæ, адæммæ уарзондзинады хуызæг, ахæмæй.

Уырны мæ, патриотизм, бæрзонд профессионалондзинад æмæ уе службæйон хæстыл иузæрдиондзинад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты, цы хæстæ уыл ис æвæрд, уыдон æнтыстджынæй æххæст кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабыр арвы бын цæрын æмæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн уæ бæрнджын архайды æнтыстытæ.

 

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн ма бæрæгбоны цытæн раарфæ кодтой Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Александр Захарченко, Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечник, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Аргъуаны Архиепископ, Уырыссаг Растуырнæг Аргъуаны Леонид.

 

***

УФ-ЙЫ ÆДАСДЗИНАДЫ ФЕДЕРАЛОН СЛУЖБÆЙЫ АРÆНГÆРОН СЛУЖБÆЙЫ КЪУХДАРИУÆГГÆНÆГ В. Г. КУЛИШОВÆН

Цытджын Владимир Григорийы фырт!

Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон арæнгæрон службæйы сæрмагонд скондæн æмæ дæуæн æрвитын арфæйы ныхæстæ ахæм нысаниуæгджын бон – службæйы сырæзты 100 азы боны цытæн.

Арæнхъахъхъæнджытæ-æфсæддонтæ уыдысты æмæ сты паддзахады фидар ныфс æмæ рæзгæ фæлтæртæн цæвиттойнаг. Бæс-тæйы арæнтæ хъахъхъæныны фæдыл уæ зын, фæлæ бæстæйы хæрзиуæгон службæйæн рагæй фæстæмæ адæмы цæсты раз ис стыр кад.

Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнхъахъхъæнджы-тæ Хуссар Ирыстоны Арæнгæрон службæимæ æнгом архайгæйæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ кадимæ æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзхадон арæнты æдасдзинады фæдыл сæ хæстæ. Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр бузныджы æнкъарæнтимæ мысдзысты Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты стыр хайбавæрд Республикæйы фæсхæсты рæстæджы рæзты хъуыддагмæ  æмæ нын цы стыр æххуыс бакодтой, уый.

Ныфс мæ ис, уæ профессионалондзинад, службæйыл æнувыддзинад æмæ Арæнгæрон службæйы кусджыты бæрндзинад дарддæр дæр кæй уыдзысты сæйрагдæр ориентиртæ  ахсджиаг æмæ хъæуæг архайды тыхджын æмæ дидинæфтаугæ Уæрæсейы хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны дæуæн, цытджын Владимир Григорийы фырт, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнгæрон службæйы сæрмагонд скондæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги æмæ уæ профессионалон архайды дарддæры æнтыстытæ.

Республикæйы Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты сырæзты 26 азы боны цытæн.

Дунеон вазыгджын уавæры æмæ экономикон ситуацийы РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад стыр куыст кæны Республикæйæн хорз ном саразыныл, йæ интерестæ йын дунеон аренæйы, бахъахъхъæныныл. Сымах кадимæ æххæст кæнут, уæ разы цы хæстæ ис æмæ цы фарстатæ æвæрд цæуы, уыдоны.

Ныфс мæ ис, РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ, дипломатон æмæ консулон минæварадтæ дарддæр дæр сæ куыст æмæ бæрзонд профессионализмæй æппæт амæлттæй кæй ахъаз кæндзысты, Республикæйы авторитет дунеон аренæйы  сфидар кæныныл.

Министрады æппæт кусджытæн бузныг зæгъын æнтысджын архайд æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы интерестыл æнувыддзинады тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы æвидигæ энерги, æнæниздзинад æмæ фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ уæ бæрнон архайды  Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

***

Республикæйы цытджын цæрджытæ! Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын нæ республикæйы иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбонтæй сæ иу –  Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбарддзинады боны цытæн!

1992 азы 29 майы нæ республикæйы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты  депутаттæ райстой хъысмæт скъуыддзаггæнæн уынаффæ –  кодтой ахæм фарст  расидтысты хæдбардзинады тыххæй Акт, кæцы ссис ахсджиаг къахдзæф хæдбар паддзахады архайды барадон уагыл саразын.

Хæдбардзинады Акт ист æрцыд зын уавæрты æмæ ныры рæстæджы йæ нысаниуæг нæ сафы. Уый махæн у паддзахадон арæзтады дарддæры фæндæгтæ æвзарыны ныфсджын ориентир.

Абон Хуссар Ирыстон у хæдбар, динамикон æгъдауæй рæзгæ паддзахад, кæцы ныфсимæ цæуы арæзтады, социалон æмæ экономикон стабилондзинады фæндагыл, уыимæ иумæ йæ рагон традицитæ, æгъдæуттæ, йæ æвæлхатт адæмон хæдбындурдзинад хъахъхъæнгæйæ.

Хæдбардзинады бон хуымæтæг бæрæгбон нæу. Уый у иууыл ахсджиагдæр цау нæ паддзхады ног историйы. Уымæн æмæ уыцы бон не ‘мбæстæгты бæллиц сæрибардзинады тыххæй ссис реалон.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, хорздзинад, фæрныгад, сабырад нæ Республикæйы дидинæфтыд æмæ райрæзтæн плæнттæ ис, уыдоны реализации кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон управленийы хистæр, инæлар-майор Анатоли Уткинæн.

Цытджын Анатолий Георгийы фырт!

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын профессионалон бæрæгбон – Арæнхъахъхъæнæджы боны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон æфсæдты 100 азы юбилеийы цытæн.

Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг службæ йæ æрвылбонон зын арахайдæй стыр хайбавæрд хæссы Хуссар Ирыстоны национ æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ æмæ уымæй адæмы уарзондзинад æмæ паддзахады стыр æууæнкдзинад сæхимæ аздæхтой.

Сымах æрмæст арæнтæ нæ хъахъхъæнут, фæлæ æххуыс кæнут, нæ адæмы ‘хсæн æнусты дæргъы цы хæларадон æмæ æфсымæрон традицитæ ныббиноныг сты, уыдон фидар æмæ рæзын кæнынæн.

Ныфс мæ ис, Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон службæйы сæрмагонд сконд æмæ къухдариуæгад дарддæр дæр кæй скъуыддзаг кæндзысты сæ разы лæууæг хæстæ, цырддзастдзинад, хъæддыхдзинад æмæ стыр профессионализм æвдисгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын бон æппæт арæнхъахъхъæнджытæн мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд, службæйы ног æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады сæрдар Пухаты Эрик

***

Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон службæйы цытджын арæнхъахъхъæнджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбон – Арæнхъахъхъæнæджы боны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон æфсады 100 азы юбилейы цытæн.

Арæныл службæ кæнын уыд æмæ у иууыл зындæр куыст, кæцы домы хъусдард æмæ оперативон æгъдауæй скъуыддзаг кæнын. Служ-бæйы кадджын традициты æнувыдæй хъахъ-хъæнгæйæ, хъæбатырдзинады æмæ æхсар-дзинады цæвиттон æвдисгæйæ, сымах кадджынæй æххæст кæнут уæ хæстæ, трансарæ-нон фыдракæндты, террористон лæбурдтыты, паддзахады территориалон суверенитет халыны ныхмæ тох кæнгæйæ.

Нæ республикæ у – арæнгæрон территори. Æмæ нæ арæнтæм махæн у бынтон конкретон æмбарынад. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæн нæ республикæйы цæрджыты цæсты ис стыр кад æмæ æууæнкдзинад. Уыдон Хуссар Ирыстоны зæхмæ куы æрцыдысты, уæд провокацитæн кæрон æрцыдис æмæ дзы ныр ис сабырад, уый тыххæй сын бузныг дзурæм.

Æппæт фæлтæрты цытджын арæнхъахъ-хъæнджытæ! Айсут мын мæ арфæйы ныхæстæ уæ зын куысты тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, службæйы æмæ  фæллойады æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.