8-æм октябры Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры уагъд æрцыдис брифинг. Хайад дзы райстой Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ Дыгъуызты Жаннæ, Бибылты Сослан æмæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. Куыд зонæм, афтæмæй нæ драмтеатры сфæлдыстадон къорд уыдысты Уæрæсейы цалдæр горæты гастролон балцы æмæ æнтыстджын спектаклтæ равдисыны фæстæ æрæздæхтысты фæстæмæ. Брифинг байгом кодта информаци æмæ мыхуыры комитеты консультант Дыгъуызты Аленæ. Райдианы уый артисттæн раарфæ кодта се ‘нтыстджын гастролон балцы тыххæй æмæ сын бар радта, цæмæй мыхуыры кусджытæн бæстондæр радзурой йæ фæстиуджыты тыххæй.

Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан банысан кодта, зæгъгæ, нæ балц рауадис æнтыстджын. «Сæйраджыдæр уымæн æмæ нæ артисттæй алкæцы дæр йæхимæ иста стыр бæрндзинад, алчи дæр сæ тырныдта цæмæй сæ  арæхстдзинад æххæстæй равдисой уæрæсейаг сценæмæкæсджыты раз æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта.

Спектаклтимæ ралæууыдыстæм Ярославль æмæ Липецкы горæты театруарзджыты раз. Хъуамæ ма нæ арæхстдзинад равдыстаиккам Воронежы горæты дæр, фæлæ хъыгагæн, бынтон æнæнхъæлæджы уый  ивд æрцыдис, горæты коронавирус кæй стыхджын ис, уый аххосæй.

Нæ гастролон балц æнтыстджын кæй уыд, уый фæбæрæг, горæтты разамынад, сценæмæкæсджытæ нæ иттæг хорз кæй райстой, уымæй. Алырдыгæй нæм хъуыстысты сæ арфæйы ныхæстæ къухæмдзæгъдимæ æмбæлдысты нæ артисттыл.

Ярославы горæты театруарзджыты раз нæ арæхстдзинад кæй равдыстам, уымæй нæхæдæг дæр райстам стыр æхцондзинад. Уымæн æмæ алы сфæлдыстадон коллективтæн нæ вæййы фадат, цæмæй ралæууой ахæм историон театры сценæйыл. Ахæм цау мах банымадтам кады хъуыддагыл æмæ бацархайдтам, цæмæй уыцы кады аккаг уæм», – банысан кодта Тамерлан.

Театры аивадон къухдариуæггæнæг дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, – ныл арф тæлмæнтæ ныууагътой Ярославлы горæты рагон бæстыхæйттæ сæ архитектурæйæ. Рæсугъд горæт у Липецк дæр.

– Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры 90 азы бон кæд æмæ куыд æрцæудзæнис нысан? Ахæм фарстæн та Тамерланы дзуапп уыд, зæгъгæ, уый фæдыл ныхас кодтон паддзахады разамонджытимæ. Куыд аскъуыддзаг кодтам, уымæ гæсгæ театры 90 азы бæрæгбон нысан æрцæудзæнис фидæнмæ, марты мæйы. Фæнд ма кæнæм, цæмæй уыцы боны цытæн горæт Цхинвалы уагъд æрцæуа фестиваль «Кавказаг хæдзар» кæцымæ хуынд æрцæудзысты Кавказы республикæты театралон коллективтæ.

Цы фарстытæ ма лæвæрд æрцыд, уыдоны ‘хсæн уыд, театр сфæлдыстадон кадртæй куыд ифтонг цæудзæнис, уый тыххæй дæр. Ацы фарсты тыххæй та артист Бибылты Сослан банысан кодта, зæгъгæ, нæ университеты баконд æрцыдис театралон факультет, цыран æз дæр кæсын лекцитæ. Уырны мæ уыдон университет каст куы фæуой, уæд нæ театрæн йæ бон уыдзæнис цыфæнды спектакл сывæрын дæр.

Брифингы кæронбæттæны Тамерлан банысан кодта, зæгъгæ, нæ куыст, гастролты ацæуын сифтонг кæнын тыххæй мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн. Уый æрмæст материалон æххуыс нæ бакæны, фæлæ арæх фæдзуры æмæ æнæбафæрсгæ нæ фæвæййы, театр цы цухдзинæдтыл æмбæлы, куыст цы уавæрты цæуы, уыдон æмæ æндæр фарстыты тыххæй.

                                                                                      Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.