Барадхъахъхъæнæг органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Барадхъахъхъæнæг органтæ бирæ азты дæргъы æххæст кæнынц барвæтк æмæ закъондзинад хъахъхъæныны фæдыл архайд,  ифтонг кæнынц æмбæстаджы бар æмæ сæрибардзинады хъахъхъæнынад. Паддзахадон æмæ æхсæнадон æдасдзинад ифтонг кæнын у уæ сæйраг хæс. Сымахыл баст у не ‘мбæстæгты сомбон.

Гуырдзиаг агрессийы азты барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ аккагæй тох кодтой Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл. Уæд бæлвырд æрцыд Фыдыбæстæйыл уæ æнувыддзинад.  Бузныг уын равзаргæ фæндагыл æнувыддзинад, адæм æмæ закъондзинадæн лæггад кæныны тыххæй.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын милицийы ветерантæн, кæцытæ, аргъ кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны стабилондзинад æмæ барвæтк æххæст кæныны хъуыд-дагмæ.

Ныфс мæ ис, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ дарддæр дæр кæй æххæст кæндзысты сæ развæд-гæнджыты традицитæ, сæ профессионалон хæстæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ службæйы дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.