Хъалонисæг органты кусджытæн

Хъалонисæг органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонисæг органты кусæджы боны цытæн!

Абон нæ республикæйы финансон системæйы хъалонисæг органты нысаниуæгæн зын саргъгæнæн у. Хъалонисæн системæйы эффективондзинадыл бирæбæрцæй баст у паддзахадон бюджеты æфтиагон хайы фидар рæзт, æмбæстæгты раз социалон хæстæ æххæст кæнын.

Фæстаг азты сымах бакодтат стыр куыст Хъалонтæ æмæ æмбырдтыты фæдыл комитеты архайды эффекивондзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Уæ профес-сионалон куысты фæрцы фылдæр кæнынц паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы цæрджыты царды æмвæзад.

Æхсызгон мын у, азæй азмæ сымах кæй æвдисут паддзахадон бюджетмæ хъалонты æрбацыдтыты бæрзонд динамикæ. Æрмæст ацы аз фараст мæйы дæргъы Хуссар Ирыстоны бюджетмæ æрбацыд фылдæр хъалонтæ æмæ æмбырдтытæ, ивгъуыд азы æмбæлон рæстæгимæ абаргæйæ.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр профессионалонæй æмæ бæрнджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтмæ ахсджиаг хайбавæрд хæсгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын, зынаргъ хæлæрттæ, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æвидигæ энерги æмæ куысты дарддæры æнтыстытæ нæ паддзахады хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Республикæ Хуссар Ирыстоны хъалонисæг органты цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон-Хъалонисæг органты кусæджы боны цытæн!

Хъалонисæг службæ абон у паддзахадон управленийы динамикон æгъдауæй иууыл рæзгæдæр структурæ. Администраци кæныны гъæд фæхуыздæр кæнын, нырыккон технологитæй пайда кæныны фæрцы, республикæйы бюджетмæ хъалонон æрбацыдтытæ рæзынц азæй азмæ, æмæ мæ банысан кæнын фæнды, сымах уе ‘нтыстытыл кæй не ‘рлæуут æмæ дарддæр хуыздæр кæнут куысты методтæ.

Къазнамæ хъалонты регулярон æрбацыдтытæ нын дæттынц уæлæмхас фадæттæ ахсджиаг социалон проблемæтæ скъуыддзаг кæнын, паддзахадон программæтæ æххæст кæнын, республикæйы горæттæ æмæ районты инфраструк-турæ райрæзын кæнынæн.

Ныфс мæ ис, уæ фæлтæрддзинад æмæ Фыдыбæстæйæн пайда хæссыны фæндон уын фадат кæй дæтдзæн дарддæр дæр уæ профессионалон архайды хорз фæстиуджытæ къухты æфтын кæнынæн.

Бузныг уын аккаг службæ æмæ уæ ведомствойы раз цы хæстæ æвæрд цæуы, уыдон скъуыддзаг кæнынмæ бæрнджын ахасты тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ æмæ царды хорздзинæдтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

Хъалонисæг органты цытджын кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон-Хъалонисæг органты кусæджы боны цытæн.

Уæ службæ ахсджиаг хайбавæрд хæссы республикæйы экономикон æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ. Растдæр уæ ахуырдзинад æмæ æнгом куыстæй абоны бон баст у бюджет баххæст кæнын, Хуссар Ирыстоны экономикæйы фæд-фæдылон рæзт æмæ социалон фадыг фæхуыздæр кæнынимæ. Ныфс мæ ис, бæрзонд профессионализм æмæ компетентондзинад, хъуыддагмæ бæрнджын ахаст æмæ хорз адæймагон миниуджытæ алы хатт  дæр кæй уыдзысты уæ архайды бындур.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, афтæ ма æнтыстджын æмæ стабилон куыст нæ республикæйы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

________________________

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ кæнын æппæт ирон адæмæн иууыл масштабондæр бæрæгбонтæй сæ иу – Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн.

Ацы бон мах æрымысæм зынгæ ирон поэт æмæ драматург, нывгæнæг æмæ æцæг патриоты рухс ном, кæцы ирд фæд ныууагъта æрмæст ирон нæ, фæлæ уырыссаг литературæйы дæр. Йæ номæй скадджын кодта ирон адæмы, уый тыххæй зонынц дунейы бирæ рæтты.

Алкæй царды дæр Къостайæн ис йæхи нысаниуæг. Мах чысылæй фæстæмæ зонгæ кæнæм йе сфæлдыстадимæ æмæ азæй азмæ нæхицæн гом кæнæм йе сфæлдыстады ног хæзнатæ. Къоста абон дæр æмæ алыхатт дæр ис немæ. Йе ‘мдзæвгæтæ зæлынц дунейы бирæ æвзæгтыл, йæ пьесæтæ сценæйæ нæ хизынц, йæ конд нывтæн азæй азмæ кæнынц стырдæр аргъ. Поэты гуырæнбонмæ мадзæлттæ æрмæст Ирыстоны уагъд нæ цæуынц, фæлæ йæ арæнтæн æдтейæ дæр. 

Ацы нысануиæгджын боны æппæт нæ адæмæн мæ цæст уарзы сабырад, хорздзинад, хъæздыгдзинад æмæ фæрныгад. Уадз æмæ Хетæгкаты Къостайы фæдзæхстытæ уæд алкæцы адæймагæн дæр арфæйы хуызы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

  Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министр Сергей Чеботаревмæ

Цытджын Сергей Викторы фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боныл 50 азы сæххæсты цытæн!

Дæ архайдæн кæддæриддæр ахъаз кæны бæрзонд профессионализм, стыр бæрндзинад æмæ хъуыддагыл æнувыддзинад. Ныфс мæ ис, æнтыстджын куысты фæлтæрддзинад, дæ энерги æмæ принципиалондзинад кæй ахъаз кæнынц, цы ведомствойæн къухдариуæгад кæныс, уый раз цы зын фарстытæ æвæрд æрцæуынц, уыдон эффективонæй скъуыддзаг кæнынæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Сергей Викторы фырт, фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, æнтыстытæ æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.