6-æм октябры фыццаг хатт хуссарирыстойнаг адæм Цхинвалы банысан кодтой бæгæныйы фестиваль «Октоберфест», зæгъгæ, ахæм номимæ. (Нысан кæны – октябры мæйы адæмон тезгъотæ. Ахæм фестивалтæ уадзынц дунейы бирæ бæстæты). Ацы бæрæгбон сорганизаци кодтой нæ республикæйы Экономикæйы министрад æмæ «Высокогорная Кельская пивоварня». Бæгæныфыцæн завод кусы Ленингоры районы æмæ ма бæгæныйæ дарддæр уадзы адджын дæттæ дæр. Хуссар Ирыстоны хуымæллæгæй конд продукцийы ныридæгæн зонынц Уæрæсейы бирæ регионты, уымæн æмæ хайад иста алыгъуызон форумты æмæ равдыстон мадзæлтты æмæ-иу ын аккаг аргъ скодтой йæ хорз гъæды тыххæй. 
«Октоберфест» кæнæ бæгæныйы фыццаг фестиваль

Нæ горæты Ногдзауты парчы ацы фæззыгон бæрæгбонмæ сæвæрдтой цатыртæ æмæ фысымтæ рæсугъд равæрдтой сæ рауадзгæ продукци – бæгæны æмæ йæ цæмæй аразынц, уыдæттæ. Адæмы рæгъмæ завод рахаста цыппар хуызы бæгæныйы. Къаннæг фынгтыл бæгæнытимæ уыдис хæринæгтæ дæр æмæ адæм хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ стыр æхсызгонæй дегустаци кодтой бынæттон продукцийæн. Дзаджджын къæбицты агъуыстытыл æмæ ма æндæр зынæн бынæтты дæргъæй конд уыдысты хуымæллæджы зад къалиутæ. Уыдонæй бæрæг уыдис, ацы ран бынæттон бæгæныйы бæрæгбон арæзт кæй цæуы, уый. Фыццаг хатт хуымæллæг чи федта, уыдон-иу бацымыдис кодтой, зæгъгæ, цавæр зайæгой у æмæ фестивалмæ цы бар дары. Æмæ-иу сын уæд фысымтæ бацамыдтой, хуымæллæг бæгæныйыл кæй фæкæнынц æмæ йæ афтæмæй кæй бахсидынц. Хъæздыг æмæ рæдау фысымтæй сæхи æвдыстой бæгæныйы хицæуттæ. Бæрæгбон цæмæй хъæлдзæгдæр æмæ цымыдисондæр ра-уадаид, уый тыххæй ма сорганизаци кодтой концерт, лотерейон хъазт.

Бæгæныйы фестивалмæ фæуазæг сты нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй æмæ уазджытæ Уæрæсейæ. Бæстæйы сæргълæууæгæн дæр мадзалы организатортæ радтой лотерейон билет æмæ йын арфæ ракодтой бæрæгбоны цы-тæн, цæмæй атула лотерейон хъазты.

————————————— •

Бæгæныйы равзæрд

Ирон адæммæ иууыл кадджындæр нозтыл нымад цыдис бæгæны. Йæ хæрзгъæд миниуджытæм гæсгæ йын стыр кад уыдис æмæ абон дæр ис. Бæгæны рагон æмæ популярон нуæзт кæй у, уый бæрæг у Нарты кадджытæ æмæ ирон адæмон таурæгътæй дæр. Уыдоны куыд зонæм, афтæмæй бæгæны æрæмысыд Нарты Сатана. Иу бон, зæгъгæ, Сатана хоры зад байтыдта хурмæ æмæ йæхæдæг дæр йæ кусинæгтимæ æрбадт хуртуаны фарсмæ. Уæд кæсы æмæ иу цъиу ратæх-батæх систа, уый фæстæ хуымæллæджы къутæрыл абадт, ахордта хуымæллæджы гага, уый фæстæ æртахт Сатанайы размæ æмæ задынæмыг ахордта. Чысыл фæстæдæр цъиу стæхын нал фæрæзта, нал арæхст, раст ын цыма йе уæнгты тых исчи айста, афтæ-иу куы иуæрдæм афæлдæхт, куы та иннæрдæм. Сатана ахъуыды кодта, стæй хуымæллæг ратыдта, сфыхта йæ хоры нæмыгимæ æмæ дзы диссаджы бæгæны рауад. Бинонтæ дзы банызтой æмæ фæрасыг сты.

———————————— •

Бæгæныйы фестиваль байгом кæныны цытджын церемонийы Президент Гаглойты Алан арфæ æмæ бузныджы ныхæсты фæстæ загъта:

«Цæмæй ацы бæрæгбонмæ æрцыдаиккам, уый тыххæй бирæ бафыдæбон кæнын бахъуыд. Сæ фæрæзтæ бахардз кодтой, фæлæ абон куыд уынæм, афтæмæй сæ фыдæбæттæ æнæхъуаджы нæ фесты. Фæнды мæ, цæмæй сын дарддæр дæр уа æнтыстытæ æмæ хъуыддаг размæ цæуа. Хицауадæй кæнгæ цы уа, уымæй кæддæриддæр уыдзæнис уæ фарсмæ æмæ уын дарддæр дæр æххуыс кæндзæнис. Махæн нæ республикæйы иу хуымæтæг адæймагæн дæр куысты бынат саразын у стыр хъуыддаг. Сымах иу бынат нæ, фæлæ бирæ куысты бынæттæ сарæзтат, уыимæ иумæ уæ мыздтæ дæр гыццыл не сты æмæ уын мæ цæст уарзы ноджы фылдæр æнтыстытæ. Зонын æй, цы фæндтæ æмæ цы хъуыдытæ уæм ис фидæны æмæ хицауад æрбалæудзæн уæ фарсмæ, цæмæй уын уæ къух фæрог кæнæм æмæ цæмæй иумæ ахæм рæсугъд бæрæгбонтæ нысан кæнæм. Зынаргъ адæм, фестивалы хорзæх уæ уæд!», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Бæгæныфыцæн куыстуаты тыххæй цыбыртæй радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Гогинов Таймураз. Уый æппæтæн дæр арфæ ракодта фестивалы цытæн æмæ бузныг загъта бæгæныфыцæн заводы чи кусы, уыдонæн. Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй

«Высокогорная Кельская пивоварня»-йы сырæзт ахъаз кæй у нæ республикæйы экономикæйы райрæзтæн. «Ацы завод кæй скуыста, уый дзурæг у ууыл æмæ Хуссар Ирыстонæн йæ бон у алыгъуызон продукцитæ уадзын. Мах дунеон æмæхсæнады æндæр минæвæрттæй æппындæр ницæмæй æвзæрдæр стæм æмæ хъуамæ тырнæм нæ республикæйы райрæзтмæ. Ныфс мæ ис æмæ фидæнмæ ацы фестивалы хайад кæй райсдзысты æндæр бæгæныуадзджытæ дæр. Ацы бæрæгбонон фестиваль та арæзт цæуы, цæмæй хуссарирыстойнаг бренд размæ цæуа куыд бынаты, афтæ Уæрæсейы территорийыл дæр», – банысан кодта Гогинов Таймураз.

Официалон хайы фæстæ мадзал адарддæр кодтой концертон программæйæ, кæцыйы хайад райстой Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ. Уый фæстæ та уагъд æрцыд лотерейон хъазт. Кæмæн атылд, уыцы уæлахиздзаутæ рамбылдтой бæгæнынуазæн агуывзæтæ, футболкæтæ, кепкæтæ, хъусæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ.

«Октоберфест» кæнæ бæгæныйы фыццаг фестиваль

Бæрæгбонон мадзалы фæлгæтты «Высокогорная кельская пивоварня»-йы кусджытæй цалдæры нæ республикæйы экономикон райрæзт министрад схорзæхджын кодта грамотæтæй

Бæрæгбонон мадзалы фæлгæтты «Высокогорная Кельская пивоварня»-йы кусджытæй цалдæры нæ республикæйы Эконо-микон райрæзты министрад схорзæхджын кодта грамотæтæй.

       ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.