Турчы, Стамбулы ауадздзысты ирон бæгæныйы фестиваль – хъусын кæны Цæгат Ирыстоны культурæйы министрад.

Фæстаг азты республикæйы, фæстæдæр та – фæсарæнты дæр уæрæхдæр кæны фестиваль «Ирон бæгæны». Хъырымы, Турчы, Мæскуыйы, Самарæйы, Хъæрæсейы, Францы, Голландийы æмæ Бельгийы цæрæг æфсинтæ тох кæнынц хуыздæр бæгæныфыцæджы ном райсыныл. Æхсызгон у, азæй-азмæ ацы фестивалы кад бæрзонддæр кæй кæны. Уæдæ ацы аз дæр, бæлвырддæр та – 24 августы, Турчы, горæт Стамбулы, уагъд æрцæудзæн дунеон фестиваль «Ирон бæгæны». Фестивалы бынат уыдзæн Джемаль Решит Рейы номыл концертон залы. 8 хуыздæр бæгæныфыцæджы равдисдзысты сæ арæхстдзинад ирон бæгæны фыцыны хъуыддажы. Рæдаукъух æфсинтæн ма уыдзæн фадат равдисынæн сæ арæхстдзинад ирон хæринæгтæ цæттæ кæнынмæ. Фестивалы фæлгæтты ма байгом уыдзæн Турчы цæрæг ирон нывгæнджытæ æмæ згъæркусджыты куыстыты равдыст. Зындгонд ирон филолог Хъамболты Тамерланы чиныг «Осетины. Вехи истории»-йæн та уыдзæн йæ презентаци. Чиныг ныридæгæн ратӕлмац кодтой туркаг ӕвзагмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.