Республикæ Хуссар Ирыстон расидыныл 29 азы сæххæсты цытæн, Цхинвалы æфсæддон парады фæстæ уагъд цыдысты алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ. Уыдонæй иу уыдис ирон бæгæныйы æппæтадæмон 5-æм фестиваль-конкурс «Ирон бæгæны-2019»-йы фæстаг æрдæгфинал, цыран хайад райстой нæ республикæйы æппæт районтæ  дæр. Æдæппæтæй конкурсы архайдтой 23 бæгæныфыцæджы æмæ ныр ацы бон фæбæрæг сты иууыл хуыздæртæ.

Ногдзауты парчы бæрæгбонмæ æвæрд æрцыдысты цатыртæ æмæ сæ нæ республи-кæйы районты минæвæрттæ рæсугъд равæрдтой ирон националон хæринæгтæ, нуазинæгтæ, халсæрттæ æмæ дыргътæ.  Ам зæлыдысты ирон музыкæйы зæлтæ æмæ адæмы æнгомдæр кодтой. Ардæм фæуазæг сты нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, уазджытæ. Дзадджын къæбицтæ фæлыст уыдысты хуымæллæджы къалиутæй. Ирон адæммæ иууыл кадджындæр нозтыл нымад цыдис бæгæны. Йæ миниуджытæм гæсгæ йын стыр кад уыдис æмæ ис абон дæр. Бæгæны рагон æмæ популярон нуæзт кæй у, уый бæрæг у Нарты эпос æмæ ирон адæмон таурæгътæй дæр. Уыдоны куыд зыны, афтæмæй бæгæны æрæмысыд Нарты Сатана. Иу бон, зæгъгæ, Сатана хоры зад байтыдта хурмæ æмæ йæхæдæг дæр йæ кусинæгтимæ æрбадт хуртуаны цур. Уæд кæсы, æмæ иу цъиу ратæх-батæх систа, стæй хуымæллæджы къутæрыл абадт, ахордта хуымæллæджы гага, уый фæстæ æртахт Сатанайы размæ æмæ зады нæмыг ахордта. Чысыл фæстæдæр цъиу стæхын нал фæрæзта, раст ын цыма йе уæнгты тых исчи айста, афтæ-иу куы иуæрдæм афæлдæхт, куы – иннæрдæм. Сатана ахъуыды кодта, стæй хуымæллæг ратыдта, сфыхта йæ задимæ æмæ дзы диссаджы нозт рауад.

Ацы конкурсы хуыздæр бæгæны чи бахсыста, уымæн аргъгæнæг уыдысты жюрийы уæнгтæ  бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари»-йы кусджытæ. Конкурсы уæлахиздзау ссис Цхинвалы районы Къуернеты хъæуы цæрæг Козаты Ритæ, дыккаг бынат та райста Дзауы районы цæрæг Гаглойты Ангелинæ. Æртыккаг бынат та радтой Хелцуайы хъæуы цæрæг Лолоты Джульеттæйæн. Конкурсы æппæт хайадисджытæ дæр хорзæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Проект «Ирон бæгæны-2019»-ы автор Битарты Ларисæ мадзалы йæ раныхасы раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн бæрæгбоны сæраппонд æмæ цыбыртæй æрдзырдта ирон бæгæныйы фестивалы тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фестиваль уадзыны нысан у, цæмæй райрæзын æмæ сног кæной ирон бæгæны фыцыны традици. Битарты чызджы ныхæстæм гæсгæ, конкурсы хайадисджыты нымæц æмæ йæ арæнтæ кæнынц азæй-аз фылдæр, уæрæхдæр æмæ уымæй сты сæрыстыр. Бæрæгбонон мадзалы ма раныхас кодта «Бавари»-йы генералон директор Битарты Ирбег, кæцы банысан кодта бæрæгбоны стыр нысаниуæг æмæ ахадындзинад. Афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, ирон бæгæныйы финалон конкурс та уагъд цæудзæнис октябры мæйы горæт Дзæуджыхъæуы. «Бæгæныйы фестиваль» ауадзынæн ис йæхи нысаниуæг. Ацы фестиваль ахъаз кæны, цæмæй хъахъхъæд цæуой нæ адæмы æгъдæуттæ. Конкурсы программæмæ гæсгæ кæронбæттæн æвзарæн этап уагъд цæудзæнис Ирыстоны районты æмæ 4-æм октябры та æппæт фæуæлахизуæвджытæ стох кæндзысты Дзæуджыхъæуы иууыл хуыздæр бæгæныфыцæджы номыл», – зæгъы Битарты Ирбег.

 «Бавари»-йы минæвæрттæ куыд загътой, афтæмæй ацы фестиваль-конкурсы уæлахи-здзау хайад райсдзæнис Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг финалон конкурсы, 4-æм октябры.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.