Æрæджы, нæ республкæйы банысан кодтой экономисты бон. Уый цытæн Хуссар Ирыстьны зонад-иртасæн институты ауагъд æрцыдис дыккаг дунеон практикон конференци ахæм темæйыл «Постсоветон тыгъдады экономикæ æмæ æхсæнады проблемæтæ». Йæ куысты хайад райстой æмæ дзы докладтæ бакастысты куыд хуссарирыстойнаг, афтæ цæгатирыстойнаг ахуыргæндтæ дæр.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бухгалтерон хыгъды æмæ фиддонтæ æвæрыны кафедрæйы профессор Зæгъойты Маринæ йæ раныхасы стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ахуыргæндтæн æмæ сын йæ цæст бауарзта иууыл хуыздæр фæндиæгтæ.

ХИЗИИ-йы социалон-экономикон иртасынæдты хайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Дзабиты Вячеслав конференцийы хайадисджыты раз цы доклад сарæзта, уымæн йæ темæ уыд  “РХИ-йы социалон-экономикон уавæры анализ æмæ йæ рæзты перспективæтæ.” Уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахады экономикæйы рæзт æнгом баст у, адæймагон капитал кæй хонынц, уыимæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уый лæмбынæг æрдзырдта нæ республикæйы демографион уавæрыл. Банысан кодта республикæйы цæрджыты нымæц 2018 азимæ абаргæйæ ивгъуыд аз кæй фæкъаддæр, 1987 азимæ абаргæйæ та хæстон архайдтыты фæстиуæгæн кæй фæкъаддæр сты дыууæ хатты. Уыцы рæстæджы горæты цæрджытæ республикæйы æппæт цæрджытæн уыдысты 58,5 проценты. Ивгъуыд аз та уыцы бæрæггæнæн схызт 66, 5 процентмæ æмæ дзурæг у хъæууон цæрджытæ, кæй къаддæр кæнынц, ууыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ мæлынад фылдæр у гуырынадæй, рæзы æмкъæйтты ахицæны процент дæр. Æмæ уыдæттæ дæр мæгуырауæрдæм тынг æндавынц нæ демографион уавæрыл. Гуырынад нæ республикæйы кæй къаддæр кæны, уымæн ис йæхи аххосаг. Сывæллæттæн Уæрæсейы фылдæр æххуыс кæй цæуы, уымæ гæсгæ æнхъæлцау сылгоймæгтæ арынмæ цæуынц Уæрæсемæ, цæмæй сывæллонæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсой. Афтæмæй республикæйы хынцыд цæуынц уыцы сывæллæттæ, кæцытæн райсынц æрмæстдæр хуссарирыстойнаг æмбæстагдзинад.

Пенсиисджыты тыххæй дзургæйæ Дзабийы фырт банысан кодта, уыдонæн сæ нымæц азæй аз фылдæр кæй кæны. Уыцы рæстæджы азæй азмæ та къаддæр кæны куыстхъом цæрджыты нымæц. Уыдон ивгъуыд аз уыдысты 39 672 адæймаджы, кæцытæй 21 382 адæймаджы уыдысты куыстæй ифтонг, æгуыст адæймæгтæ та уыдысты 18 290 адæймаджы. Афтæмæй æгуыстдзинады æмвæзад уыдис 46,1 проценты. Æмæ уый та у бæрзонд. Дзабийы фырт куыд  банысан кодта, уымæ гæсгæ, цæмæй уавæр рараст уа, уый тыххæй хъæуы бакусын паддзахадон демографион политикæйыл. Банысан ма кодта демографион ситуаци фæхуыздæр кæныны механизмтыл бакусыны сæйрагдæр уавæртыл.

Дарддæр уый цыбыр анализ сарæзта республикæйы адæмон хæдзарады къабæзты сæйрагдæр социалон-экономикон бæрæггæнæн-тæн. Загъта, экономикæйы къабазы кæй æнкъардæуы рæзты тенденци, хицæнтæй æрдзырдта сæудæджерадон куыстуæтты архайды тыххæй.

«РХИ-йы агросæудæджерады потенциал,” – ахæм темæйыл уыд йæ доклад ХИПУ-йы профессор, экономикон зонæдты кандидат Харебаты Елхъанæн. Йæ раныхасы уый банысан кодта, хъæууон хæдзарады ахсджиагдзинад, уый кæй у, бæстæйы хæлцадон æдасдзинад сифтонг кæныны сæйрагдæр фæрæз, афтæ ма хъæутæм цæрджыты фæстæмæ раздахыны амал. Ацы проблемæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, уæлдай карздæрæй лæууы нæ республикæйы раз. Уымæн æмæ Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ уый фесæфта егъаудæр хъæууонхæдзарадон кондадтæ, афтæ ма æндæр рæттæм фæлыгъдысты хъæууон цæрджытæн сæ æмбисæй фылдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ республикæйы аграрон потенциал сæндидзын кæнынæн ис ахсджиаг стратегион нысаниуæг, куыд экономикон, афтæ политикон цæстæнгасæй дæр.

“Агросæудæджерадон потенциалæй эффективонæй пайда кæныны сæйрагдæр критери у хъæууонхæдзарадон продуктты иумæйаг æрконд рæзын кæнын. Уымæн уæлдай ахсджиаг нысаниуæг ис Хуссар Ирыстоны, цыран ис ресурсты кадавардзинады проблемæ,” – загъта уый.

ХИЗИИ-йы ног æмæ иууыл ногдæр историйы хайады зонадон кусæг Гаглойты Иринæйы доклады темæ та уыд «Цæгат Ирыстоны ‘рдыгæй РХИ-йы банымайын, куыд политикон прецендент». Уый лæмбынæг æрдзырдта ивгъуыд æнусы 90 -æм азты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæн æмахастытыл. Уæд Хуссар Ирыстон рацыд Гуырдзыстоны скондæй, кæцы йæ ныхмæ райтынг кодта хæст. Æмæ кæд Сочæйы Сразыдзинад уавæр бирæ фæхуыздæр кодта, уæддæр æдасдзинады проблемæтæ баззадысты æнæскъуыддзагæй.

1993 азæй РХИ-йы Сæйраг Совет фæактивондæр кодта йæ куыст Цæгат Ирыстонимæ ахастытæ сбæлвырд кæныны фæдыл. Фарсты ахсджиагдзинад хорз æмбæрстой Хуссар Ирыстоны. Уынаффæтæ агурыны фæдыл куыстой Цæгат Ирыстоны дæр, фæлæ уый Уæрæсейы сконды уыд æмæ Уæрæсе та уыцы рæстæджы лæмæгъ уыд æмæ уæлæнгай цæстæй каст Кавказы æмæ уыимæ Ирыстоны фарстытæм дæр.

Хуссар Ирыстоны адæмæн скуынæг кæнынæй тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ æххуысмæ, сæ фарс рахæцынмæ сидтысты Цæгат Ирыстонмæ се `мтуг адæммæ æмæ афтæмæй хуссарирыстойнаг проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фарст сæвзæрдис Цæгат Ирыстоны.

1993 азы 11 марты та Цæгат Ирыстон банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый уыд ахсджиаг цау, куыд моралон, афтæ национ æмæ политикон æгъдауæй дæр æмæ йыл иттæг райгондæй сæмбæлдысты нæ республикæйы адæм. Гаглойты чызг куыд загъта, афтæмæй дыууæ Ирыстоны æхсæн зынгæ фæактивондæр сты æхсæнадон-политикон ахастытæ. Уыцы аз майы мæйы Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд  ирон адæмы съезд, цыран уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны ситуацийыл. Дзырд цыдис дыууæ Ирыстоны æхсæн интеграцион процесстæ кæй райдыдтой.

Дыууæ Ирыстоны æмахастытæ рæзын кæнынмæ, Гаглойты чызг куыд дзырдта, афтæмæй стыр бавæрд бахаста Цæгат Ирыстоны Уæлдæр Советы депутат Тæболты Сергей, кæцы слæууыд æдзухархайæг æхсæнпарламентон къорды сæргъ.

Конференцийы хайадисджытæм цы цымыдисон фарстытæ сæвзæрд, уыдонæн райстой æмбæлон дзуаппытæ.

      БЕСТАУТЫ Валя  

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.