28-æм ноябры «Спутник-Хуссар Ирыстоны»-ы пресс-центрмæ хуынд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ, Цæцæны республикæйы адæмон артисткæ Ольга Кабо æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ, Цæцæны Республикæйы адæмон артисткæ, Ханпаши Нурадиловы номыл Цæцæны Республикæйы паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг-директор æмæ режиссер Ахмадова Хава. Зынаргъ уазджытæн бынæттон журналисттимæ уыд пресс-конференци æмæ уым цыбыртæй радзырдтой сæ гастролты тыххæй, цавæр спектакльтæ рахастой адæмы рæгъмæ æмæ куыд райгондæй баззадысты хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæй, сæ театры репертуары цавæр спектакльтæ ис, æппæт уыдæттæ.

Ахмадова Хава куыд радзырдта, афтæмæй сын стыр æхсызгон уыдис Хуссар Ирыстонмæ гастролон балцы кæй æрцыдысты æмæ сæ аивад ирон адæмæн кæй æвдисынц, уый. «Фыццаг спектаклы рæстæджы мах сценæмæкæсджыты хъарм ахастæй бамбæрстам хæлæрттæ кæй стæм æмæ нæ ноджы арæхдæр кæй хъæуы æмбæлын, уый. Ам мæхи хатын, раст цыма хæдзары дæн, афтæ. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры труппæимæ раздæр базонгæ стæм, дыууæ хатты нæм уыдысты гастролты. Уæдæй фæстæмæ схæлар стæм нæ коллегæтимæ. Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада нын нæ коллективы фæхуыдта æмæ ныр мах дæр Цхинвалмæ фæуазæг стæм дыууæ спектаклимæ. Сæ иу у эпикон драмæ «Выше гор», кæцыйы æвдыст цæуы нæ адæмы рагистори. Бузныг хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн, афтæ арф сæ зæрдæтæм кæй айстой артистты хъазт æмæ сюжеты, алы нывы фæстæ дæр-иу нын амдзæгъд кодтой. Уый артистты хъазт ноджы бацырын кæны æмæ уæд фæтырнынц сæ ролтæ хуыздæр сæххæст кæнынмæ.

Дыккаг спектакль «В горы за тобой» æвæрд æрцыд драматург Олег Михайловы пьесæмæ гæсгæ, ам хъазы мæ хæлар, адæмы уарзон артисткæ, кино æмæ театры зындгонд артисткæ Ольга Кабо. Сценæмæкæсджытæн йæ фæзынд уыдзæнис сюрпризы хуызæн. Уый спектаклы æххæст кæны сæйраг роль. Ольга стыр æхсызгонæй сразы ис ацы спектаклы ахъазын. Уый тыххæй нæ коллектив сæрыстыр у æмæ йын кад кæнæм. Спектаклæн нæ адæм стыр аргъ кæнынц, уымæн æмæ сценæмæкæсджыты тæрхонмæ цы истори хæссæм, уый у нæ иумæйаг истори, нæ бæстæйы истори, цыран нæ дадатæ æмæ нанатæ æмхуызонæй тох кодтой немыцаг фашизмы ныхмæ æмæ фæуæлахиз сты. Мах стæм иу бæстæйы хъæбултæ, иу зæххыл цæрæм æмæ бавзæрстам стыр рис æмæ хъизæмæрттæ æмæ хъуамæ аргъ кæнæм нæ историйæн. Афтæ куы уа, уæд нæм патриотизм дæр уыдзæн», – загъта цæцæйнаг театры аивадон къухдариуæггæнæг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Цæцæн æмæ Хуссар Ирыстоны театрты хсæн дарддæр кæй рæздзæн æмгуыстады хъуыддаг æмæ нырæй фæстæмæ арæхдæр кæй æмбæлдзысты дыууæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ.

Ольга Кабо йæ ныхас райдыдта Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт кæй æрцыд æмæ æвдисæн кæй уыд хæххон стъалыджын арвæн. «Æз шофырмæ бахатыдтæн, цæмæй мын баурома хæхтыл. Зымæгон урссæр хæхтæ, уыцы æхсæвы хæхтæ мæ зæрдыл бирæ азты уыдзысты, арвыл уый-бæрц стъалытæ уыд æмæ йын уайтагъд зæрдылдарынæн систон къамтæ. Уымæ гæсгæ мæм сæвзæрд ахæм хъуыды, зæгъгæ, уыцы стъалытæ мæ фæндагæн куыд рухс кодтой, афтæ рухс кæнынц нæ спектаклы фæндæгтæ дæр», – диссагæн дзырдта Ольга Кабо. Дарддæр уый æрымысыд Ахмадова Хаваимæ куыд базонгæ сты æмæ уайтагъд пьесæйыл кусын куыд райдыдтой, уый. «Спектакль мæнæн у тынг ахсджиаг. Мæн фылдæр æрбахонынц цæттæ спектакльтæм, æрмæст ма дзы сæххæст кæнын мæ ролтæ. Ацы спектаклы алкæцы сценæ дæр, йæ алы хуымæтæг хъуыддæгтæ дæр райгуырдысты не ‘ппæты руаджы, Олег Михайловæй райдайгæйæ. Хава та нын самал кодта тынг бирæ документалон æрмæг. Фæндыдис нæ, цæмæй нæ спектаклы уыдаид æцæгдзинад. Æгæрыстæмæй спектаклы цы уынгты нæмттæ ис, уыдон æцæгæйдæр сты Харьковы æмæ Грознæйы дæр. Мах цы историйыл дзурæм, уыцы истори æцæгæйдæр кæддæр кæуылдæр æрцыд. Æцæгдзинады бындурыл арæзт у йæ сюжет. Ам æвдыст цæуы цæцæйнаг салдаты æмæ уырыссаг ахуыргæнæджы уарзондзинады историйы тыххæй. Салдат мæлæт æмæ æххормагæй аивæрзын кодта чызджы Харьковы хæсты рæстæджы æмæ уæдæй фæстæмæ сæ цард æнæ кæрæдзи нал уыдтой, фæлæ дыууæ уарзæгой удæн хъысмæт нæ лæвар кæныуайтагъд амбæлын», – банысан кодта Ольга Кабо.

Зындгонд артисткæ ма арфæ ракодта нæ республикæйы къухдариуæгад æмæ Ахмадова Хавайæн Хуссар Ирыстонмæ æрцæуыны фадат ын кæй фæцис, уый тыххæй.

Ахмадова Хава та йæ рады æрдзырдта спектакль «В горы за тобой» цы уавæрты æвæрд æрцыд, уый тыххæй æмæ банысан кодта пандемийы рæстæджы  репетицитæ кæй кодтой онлайны руаджы. «Уыцы рæстæджы Ольга уыдис Мæскуыйы, артисттæй чидæр – горæт Пензæйы, чидæртæ та нæ республикæйы хæххон хъæуты æмæ  афтæмæй нæ репетицитæ онлайнæй уагътам дыууæ мæйы бæрц. Уый уыдис стыр фыдæбон. Сценæйон ныхасы педагогы дæр бирæ тыхтæ бахъуыд, цæмæй цæцæйнæгты æнæакцентæй сдзурын кодтаид уырыссагау. Йæ куыстæн уыдис тынг хорз фæстиуджытæ.

Ацы спектакль сценæйыл æвæрд æрцыд Уæрæсейаг культурæйы фонд æмæ Айшат Кадыровайы æххуысæй. Уый уæд нырма нæ республикæйы Культурæйы министр нæма уыд, фæлæ йæм культурæ æмæ аивадмæ æгæрон уарзондзинад кæй ис, стæй Ольга Кабойæн дæр стыр аргъ кæй кæны, уымæ гæсгæ нæ проект реализацигонд æрцыд æмæ ныр нæ театры репертуар фæхъæздыгдæр ис ахæм цымыдисон спектаклæй», – зæгъы театры аивадон къухдариуæггæнæг.

Ахмадова Хава ма радзырдта сæ театры репертуары тыххæй. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын у алыгъуызон. Мах, зæгъгæ, æрмæст националон драматурги не ‘вæрæм, фæлæ ма классикæ дæр.

Уый ма журналисттæн раргом кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерланимæ сæм цавæрдæр идейæтæ кæй фæзынд, цæмæй, зæгъгæ, ноджы æрбангомдæр уæм. «Нæ фæнды ис, цæмæй бакусæм æмæ саразæм Уæрæсейаг националон театралон преми «Золотая Маска»-йы хуызæн, цæмæй не сфæлдыстадон коллективтæ арæхдæр æмбæлой», – мидбылхудгæйæ банысан кодта Ахмадова Хава.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.