Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты, зонады боны цытæн, уагъд æрцыдис зонадон конференци. Бацæуæн ныхасимæ конференци байгом кодта   институты директор Гаглойты Роберт. Уый райдианы зонады боны цытæн раарфæ кодта залы уæвджытæн, стæй фидар æрцыд боны фæтк «Ирон фынджы æгъдæуттæ»-йы фæдыл доклад сарæзта зонадон институты истори æмæ этнографийы хайады зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег.

– Ацы фарсты фæдыл мæ доклад саразын, сæйраджыдæр, уымæн бафæндыд  æмæ кæд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæ сты иу адæм, уæддæр нæ фынгты æгъдæутты хицæндзинæдтæ кæй ис, уый тыххæй», – загъта уый. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, фарстыл хъæуы лæмбынæг æмæ æвæстиатæй кусын. Уымæн æмæ цухдзинæдтæ цас æрæгмæдæр æрцæуой иуварс, уыйбæрц нæ зондахасты ныффидар уыдзысты тынгдæр æмæ уæд сæ рарасткæнын уыдзæнис зындæр. Уыимæ ма раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй ахæм фарстытæ скъуыддзаг æрцæуой, уый тыххæй арæзт æрцыдис къамис æмæ йæ уырны æввахс рæстæджы уавæр цасдæрбæрцæй кæй фæхуыздæр уыдзæнис, уый.

Æгъдæуттыл дзургæйæ ма Ирбег банысан кодта, зæгъгæ,   фынджы æгъдæуттæ иугъуызон æххæст нæ цæуынц Хуссар Ирыстонæн йæхи мидæг дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ уый та у ноджы катайагдæр. Цæвиттонæн æрхаста, зæгъгæ, кæд цины фынджы райдианы æмбæлы Хуыцау æмæ Уастырджийæн иу агуывзæйæ акувын, уæддæр сæ бирæтæ фæкувынц хицæнтæй. Дыккаг куывд та сын вæййы, цау цæй тыххæй у, уымæн. Æмæ, Ирбеджы хъуыдымæ гæсгæ, уый раст нæу. Æмбæлгæ та кæны, Хуыцау æмæ Уастырджийæн акувыны фæстæ Хуыцауы скæнгæ зæдтæн. Уый фæстæ та цау цæй тыххæй у,  уымæн.

Ирбеджы раныхасы сæрмагонд бынат бацахстой кусæрттаг акæнын, æмæ уый дихтæ кæныны фарстытæ.

Афтæ ма дзырдта фынджы фарсмæ хи дарыны уаджы тыххæй, цæвиттон, тамако чи дымы, зианы фынгыл рухс зæгъыны размæ хæрынмæ чи рывналы, сæ къухтæ арахъхъæй чи æрыхсы æмæ æндæр æнæуаг миты тыххæй дæр.

“Мæ абоны раныхас æз нымайын ахсджиагыл, уымæн æмæ дзы цæуы дыууæ Ирыстоны парламентты æхсæн ахастытыл”, – зæгъы иртасæн институты зонадон кусæг Гаглойты Иринæ. Уыдон фидар кæнын райдыдтой 1990 азæй æмæ уæдæй нырмæ кæнынц хуыздæр. Уыцы азты æрмæст Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæтты царды уавæртæ нæ фæмæгуырау сты, фæлæ ма Гуырдзыстоны цы ирæттæ цард, уыдоны уавæр дæр. 90-æм азты райдианы Цæгат Ирыстоны цæрæг адæмæн сæ 17 проценты уыдысты Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстонæй чи алыгъд, уыдон. Сæвзæрыд бирæ алыгъуызон æмæ аргъæвæн кæмæн нал уыд, ахæм фарстатæ. Уыцы рæстæджы хорз бакуыстой дыууæ республикæйы парламенттæ дæр. Аскуыддзаг кодтой æмæ æрбæстон кодтой бирæ ахсджиаг фарстатæ. Уыцы азты Хуссар Ирыстоны Парламент бахатыд Цæгат Ирыстоны парламентмæ, цæмæй æркæсой æмæ нын баххуыс кæной Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæны фарст æрбæстон кæныны хъуыддаджы. 1993 азы та нæ парламент бахатыд Цæгат Ирыстоны Парламентмæ, цæмæй банымайой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Ацы æмæ æндæр фарстыты Цæгат Ирыстоны Парламент райста активон хайад.

«Зæппадзтæ Хуссар Ирыстоны» – ахæм темæйыл та доклад сарæзта кæстæр зонадон кусæг Чилæхсаты Алан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахуыргæндтæ зæппадзты фæзынд нымайынц 4 æнусæй. Зæппадзтæ хауынц цалдæр категоримæ. Иутæ дзы арæзт цыдысты зæххы бын, аннæтæ та йæ уæлцъар. Уымæй дарддæр ма Ирыстоны бирæ зæппадзтæ арæзт сты лæгæты хуызы. Се ‘хсæн дзæвгар ис хæстæгдзинады, мыггаджы æмæ хицæн зындгонддæр адæймæгты зæппадзтæ.  Докладгæнæджы ныхæстæм гæсгæ фылдæр зæппадзтæ ис Цæгат Ирыстоны. Сæ сахуыр кæныныл хорз бакуыстой   зынгæ  ирон  ахуыргæндтæ Дзадтиаты Руслан, дзæнæттаг Тъехты Баграт æмæ æндæртæ.

Ирон ахуыргæндтæй дарддæр ма зæппадзты сахуыр кæныныл куыстой С. Умаров, М. Мужухоев, В. Марковин, Л. Семенов, С Макалатия æмæ æндæртæ. Хуссар Ирыстоны зæппадзтæ æппын æрæджыйы онг сгæрст æмæ ахуыргонд нæ цыдысты. Уымæн æмæ сыл цæуы бирæ азтæ æмæ сты тынг пырх. Фылдæр зæппадзтæ ис Рукъ, Сыба, Згъубир, Брытъатæ, Челиат, Едыс, Къабузтæ, Ходз, Ерман æмæ Дзимыры комы цалдæр хъæуы.

Алан куыд банысан кодта уымæ гæсгæ, хæххон адæмы зæппадзты сæр хъуыд уымæн æмæ зымæг хæхтыл уарыд бирæ мит, стæй кæм цардысты, уым зæхх уыд цъус, фылдæр та къæдзæх æмæ фадат нæ уыд ингæн скъахынæн.

«Æвзаджы контакттæ», «Фыдыбæстæйы фæлгондз Скифироны сфæлдыстад»-ы æмæ «Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзт»,  ахæм темæтыл та докладтæ сарæзтой зонадон-иртасæн институты кæстæр зонадон кусджытæ Дыгъуызты Залинæ, Квагинидзе Жаннæ æмæ Бекъойты Сослан.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.