Зонады боны цытæн цы конференци ауагъдæуыд, уым зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт куыд радзырдта, афтæмæй ацы институт у Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг зонадон уагдон. Уый рацыд стыр, фæлæ вазыгджын фæндæгтыл. Арæзт æрцыд вазыгджын рæстæджы – 1922 азы, гуырдзиаг тыхгæнджыты ныппырхгонд Хуссар Ирыстоны хæдзарад æндидзынгæнæн дуджы.

Фыццаг хатт дзы хайад райстой æвзонг ахуыргæндтæ дæр. Гаглойты Роберты ныхæстæм гæсгæ, уыдон бынтон æрæджы баххæст кодтой зонады кусджыты рæнхъытæ.

Педагогон зонæдты кандидат, ирон æвзаджы хайады хистæр зонадон кусæг Козаты Гульнарæйы доклады темæ уыд: «Перспективы развития системы образования в РЮО через призму идеи развития и сохранения родного языка».

Доклады мидисы тыххæй зæгъыны размæ уал мæ фæнды мæхи фиппаинаг банысан кæнын. Кæд доклад ирон æвзаджы рæзт æмæ бахъахъхъæныны фæдыл уыд, уæддæр, цæмæдæр гæсгæ, æвзонг ахуыргондæн фыст уыд уырыссаг æвзагыл. Ау, ахæм уавæрмæ æрхауд нæ мадæлон æвзаг, æмæ йын йæ перспективæты тыххæй уырыссаг æвзагыл дзурæм!? Афтæ куы кæнæм, уæд æцæгæйдæр фесафдзыстæм не ‘взаг дæр æмæ нæ культурæ дæр!!!

Дарддæр – доклады тыххæй.

Авторы хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны ахуырадон системæйæн хъæздыг историон традицитæ æмæ рæзты потенциал ис, фæлæ фæстаг азты социалон-экономикон æмæ политикон факторты аххосæй æвзары системон зындзинæдтæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй æвзаг у культурон хæдбындурдзинады æнæфæхицæнгæнгæ хай.  Уыимæ иумæ ма у адæймæгты къорды кæнæ иунæг гоймаджы бартæ æмæ фадæттæ рауæрæх кæныны фæрæз. Йæ мадæлон æвзаг хорз чи зоны, уыцы адæймæгтæ æнцонтæй райсынц алыгъуызон фадгуыты зонындзинæдтæ.

Ахуырады фæдыл æхсæнадæмон конференцийы докладты æмæ рекомендациты нысан æрцыд мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны ахсджиагдзинад, нысан æрцыд райдиан ахуырад райсыны рæстæджы мадæлон æвзаджы роль дæр. Уыцы этапы мадæлон æвзаг ахуыр кæнын тынг ахсджиаг у. Ног æмæ ногдæр историйы хайады зонадон кусæг Хъуылымбегты Линæйы доклады темæ та уыд: «Значение информационных войн в этнополитических конфликтах на примере Косово и Южной Осетии».

Автор параллелтæ сарæзта Косово æмæ Хуссар Ирыстоны этнополитикон конфликттæн, банысан кодта дыууæ республикæйы конфликтты рæстæджы информацион хæсты нысаниуæг. Бæрæг æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Югославийы информацион хæстыты æмхуызон хуызтæ дæр, кæцыты бындурыл саразæн ис ахæм хатдзæг: сæ дыууæты ныхмæ дæр спайда кодтой психологион æгъдауæй конфликтæй пайда кæныны англо-саксойнаг моделæй. Иртасæнты анализ арæзт цæуы информацион хæсты теоретикон аспекттæн.

Косовойы дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр хæстон архайдтытимæ иумæ дыууæ фарсы ‘хсæн тох цыд информацион тыгъдады дæр.

«2008 азы Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæсты рæстæджы ду-неон аренæйы цыд карз информацион  тох. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 2008 азы августы информацион хæсты ныгуылæйнаг паддзахадты коалици куыста куыд мидæггагон информацион фæзуаты, афтæ – æддагон информацион фæзуаты дæр. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстон куыста  æрмæстдæр мидæггагон информацион фæзуаты, Уæрæсе та –  æддагон информацион фæзуаты», – банысан кодта Хъуылымбегты Линæ.

Хуссар Ирыстоны æмæ йæ геополитикон цæдисон æмæ сæйраг стратегион партнер Уæрæсейы ныхмæ информацион хæст райдыдта, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уымæй бирæ раздæр.

Информацион хæсты райдайæн этапыл банымайæн ис 2003 азы «уардиты революцийы» руаджы Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ Михаил Саакашвилийы æрцыд, кæцы æркодта 2008 азы хæстмæ.

Зонадон кусæджы ныхæстæм гæсгæ,  Хуссар Ирыстон æдзух æндыгъд уавæрты кæй уыд, фæрæзтæ йын кæй нæ фаг кодта æмæ йын дунеон политикон æмæ информацион фæзуæттæм бахизыны фадат кæй нæ уыд, уый аххосæй фембылд информацион хæсты, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, реалон хæсты та рамбылдтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон. Уæлахизы фæстиуæг та уыд 2008 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымад.

Социалон-экономикон иртасæнты хайады зонадон кусæг  Гаглойты Залинæйы иртасæны темæ уыд «Влияние рекламы на лояльность клиентов банка».

Дзырдта, нырыккон банчы архайды рекламæйæн цы роль ис, ууыл. Зонадон куысты анализ сарæзта Цæгат Ирыстоны территорийыл сæйрагдæр бангты хæрдзтæн, рекламæйы хæрдзтæн классификаци радта, рекламæ цы каналтыл цæуа, уый бахынцгæйæ.

Банысан кодта Цæгат Ирыстоны Сбербанкы регионалон рекламон кампанийы аспекттæ. Нырыккон реалиты уавæртæ бахынцгæйæ, кредитон уагдоны рекламон архайды оптимизацийы фæдыл лæвæрд æрцыд рекомендацитæ.

«Хъазиты Мелитоны зонадон-иртасæн  арæхстдзинад»-ы фæдыл уыд ирон литературæйы историйы хайады зонадон кусæг Плиты Сергойы доклад.

Плийы фырт банысан кодта Хъазиты Мелитоны иртасæн арæхстдзинад, æрнымадта йын, йæ уацмыстæй кæцыты жанртæм бавнæлдта, уыдон æмæ сæ адих кодта  сæ классификацимæ гæсгæ. Афæлгæст сарæзта Мелитоны поэтикон, публицистон, критикон, литературон, монографон æмæ драматургон уацмысты æнтыстытæн.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ирон интеллигенцийы минæвæрттæй зонад-иртасæн куысты цы бирæ разагътайы адæймæгтæ аныгъуылд, дзæвгар литературон уацмыстæ алыварсонæй чи райхæлдта æмæ сын зонадон анализ чи сарæзта, уыдонæй сæ иу у зынгæ литературæ иртасæг, поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады сæргълæууæг, паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Хъазиты Мелитон.

 «Мелитон фидарæй цы зоны, уый ноджыдæр бафидар кæны иу кæнæ иннæ пехуымпары загъдгонд хъуыдыйæ. Цæвиттонтæ хæссы, Ирыстоны разагътайы ахуыргæндтæ фарсты фæдыл цы загътой, уыцы фæлварæнтæй. Ахæм хæрзиуæгон миниуæг стæм ахуыргондмæ разыны. Уыцы миниуджытæй йæхи чи сифтонг кæны, уымæн та йæ зонадон куыстытæ вæййынц арф хъуыдыимæ. Ахуыргæндтæй бирæтæ искæй хъуыдытæ ницæмæ фæдарынц, сæйраг сын вæййы сæхи хъуыды. Фæлæ адæймаг рæдийын дæр зоны æмæ хатт хисæрмагонд хъуыды раст нæ разыны. Мелитон арæх пайда кæны искæцы авторы цитатæйæ, уымæн æмæ уый æмбары, иу хъуыдыйæ фондз хъуыды рæстдзинад растдæр кæй равдисдзæн, уый», – банысан кодта Плиты Серго.

Ирон æвзаджы проблемæты тыххæй йæ хъуыдытæ радзырдта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаджы кафедрæйы профессор, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ахуыргонд нымæрдар Битарты Зоя.

«2013 азы нæм уæды ахуырад æмæ зонады министр, дзæнæтыбадинаг Цыбырты Маринæ бахатыд, цæмæй йæм арвыстаиккам зонад-иртасæн институты раззагон кусджыты номхыгъд. Номхыгъды уыд 18 адæймаджы. Номхыгъды чи уыд, уыцы зонадон кусджыты Уæрæсейы Зонады бæрæгбон министр схорзæхджын кодта Кады грамотæтæй. Мæн бацымыдис кодта, нæ национ зонад архайын кæд райдыдта, уый. Куыд базыдтон, афтæмæй ирон адæмы æхсæнадон зонад архайын райдыдта 1922 азы 1 февралы. Æз уæды Президенты раз æрæвæрдтон домæн, цæмæй Зонады бæрæгбон нысан кæнæм 1 февралы. Мах паддзахад стæм æмæ  цæмæннæ хъуамæ нысан кæнæм нæхи бæрæгбонтæ? Мæнмæ худинаг кæсы Валентины бон кæй нысан кæнæм, уый. Ау, Азау æмæ Таймуразы уарзондзинад Валентины уарзондзинадæй къаддæр уыд? Цæмæннæ ис гæнæн, Валентины бæсты Азау æмæ Таймуразы бон нысан кæнын?», – загъта Битарты Зоя.

Банысан кодта, Гаглойты Алан иронау кæй дзуры, уый ахсджиагдзинад дæр. Уымæн æмæ республикæйы къухдариуæгад дæр æмæ чиновниктæ дæр трибунæтæй иронау куы дзуриккой, уæд уый стыр ахъаз уаид ирон æвзаджы рæзтæн, сывæллæттæн дæр стимул уаид æмæ йæ хуыздæр ахуыр кæниккой.

Профессор ахсджиагыл банымадта, мадзалы хистæр кълæсты ахуырдзаутæ кæй уыд, уый.

«Абоны мадзалы скъоладзаутæ хайад кæй исынц, уый тынг хорз хъуыддаг у. Уымæн æмæ не ‘хсæнад, уыцы нымæцы кæстæртæ дæр хъуамæ зоной нæ истори, нæ ахуыргæндты сфæлдыстад», – загъта Битарты Зоя.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлтты хайадист фаг кæй нæу, уый тыххæй фæндон бахаста, цæмæй  нæ ахуыргæндтæй алкæцыйы тыххæй дæр арæзт æрцæуой телеалæвæрдтытæ.

Мадзалы раныхас кодтой ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим,  профессор Плиты Гацыр, ахуырад æмæ зонады министр Джиоты Арянæ.  Поэт Чехойты Оля та бакаст, зонады кусджытыл номгай цы æмдзæвгæ ныффыста, уый.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.