6-æм июны г. Цхинвалы Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы конференц-залы ныр дыккаг хатт уагъд æрцыдис Дунеон зонадон-практикон конференци «Кавказ в условиях глобальных вызовов и угроз», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Зонадон-практикон конференцийы сорганизаци кодтой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет æмæ Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институт.

Конфенцийы куысты официалон æгъдауæй хайад райстой РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, афтæ ма нæ республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, æххæсткæнынадон æмæ закъондæттынадон хицауиуæгады минæвæрттæ, университеты ахуыргæнджытæ æмæ Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты зонадон кусджытæ, историктæ, æхсæнадон архайджытæ, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Конференцимæ сæрмагондæй хуынд æрцыды-сты Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй политологтæ, зонадон кусджытæ. Уазджыты ‘хсæн уыдысты: Гузенкова Тамара – Стратегион иртасынæдты Уæрæсейаг институты директоры хæдивæг, Андреа Джаннотти ( Итали) – Евразиаг иртасынæдты институты директор, Владимир Трифонов (Болгари) – SNBA-йы сæйраг редактор, Куртов Аждар – журнал «Национ стратегион проблемæтæ»-йы сæйраг редактор, Атаев Артур – Социалон иртасынæдты Уæрæсейаг институты кавказаг иртасынæдты секторы къухдариуæггæнæг, Младен Обрадович (Серби) – Радован Караджичы тыххæй рæстдзинады дунеон комитеты уæнг.

Зонадон-практикон конференцийы бацæуæн ныхасæй байгом кодта Тыбылты Алыксандры но-мыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим. Уый, фыццаджыдæр, æппæтæн дæр арфæ ракодта уырыссаг æвзаджы бон æмæ гениалон уырыссаг фыссæг Александр Пушкины гуырæнбоны цытæн. Ректор Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институтимæ æмгуыст-кæнынад у эффективон æмæ уый фæлгæтты абон уагъд цæуы дунеон зонадон-практикон конференци дæр. Уый ма куыд банысан кодта, афтæ-мæй ивгъуыд аз ноябры мæйы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институты ‘хсæн бафыст æрцыдис æмгуысткæнынады фæдыл сразыдзинад æмæ уымæ гæсгæ дыккаг хатт иумæ ауагътам ахæм зонадон конференци. «Уымæй дарддæр ма азы райдианы ХИПУ-йы кусджытæй цалдæрæй рацыдысты стажировкæйы Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институты. 12-æм июны та не студенттæ цыппарæй ацæудзысты æмæ уæлдæр банысангонд институты рацæудзысты æрыгон политологы скъолайы курсытæ. Афтæ ма ацы институт фæззæджы уадздзæн конкурс æрыгон ахуыргæндты ‘хсæн, уыдон æмрæнхъ уыдзысты нæ университеты фæсивæд дæр. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ не ‘хсæн ахæм æмгуысткæнынад кæй фидар кæны, æмæ политологийы фæдыздæхтыл кæй кусæм, уый ахъазгæнæг кæй уыдзæнис æмæ кæй рахиздзыстæм ног, гъæдджын æмвæзадмæ. Уый тыххæй бузныджы ныхæстæ зæгъын ацы институты æппæт кусджытæн дæр æмæ фыццаг рады та йæ къухдариуæггæнæг – Леонид Решетниковæн», – загъта университеты ректор.

Конференцийы фыццаг ныхасы рацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. Уый мадзалы æппæт хайадисджытæн дæр арфæ ракодта ацы ахсджиаг конференцийы цытæн æмæ банысан кодта мадзалы нысаниуæг æмæ ахадындзинад.

– Уæ бонтæ хорз, зынаргъ адæм! Абон махмæ ис бирæ уазджытæ æмæ сын арфæ кæнæм.

Абон æз сымахæн арфæ кæнын Уырыссаг æвзаджы бон æмæ зынгæ уырыссаг поэт Александр Пушкины райгуырæн боны цытæн. Уымæй дарддæр ма абон мæн фæнды раарфæ кæнын зындгонд ахуыргонд Дзиццойты Юрийæн йæ юбилейон райгуырæн боны цытæн. Мæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ зонадон куысты ног æнтыстытæ.

Æз куыд бафиппайдтон, афтæмæй абон конференцийы хайад исынц нæ республикæйы æмæ Хицауады разамынад æмæ æхсæнад. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ стыр хъусдард здæхт  цæуы, Хуссар Ирыстоны цы мадзæлттæ уагъд цæуынц, уыдонмæ, уæлдай бузныг мæ уый тыххæй фæнды зæгъын Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институтæн. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон конференцийы хайад кæй исынц æндæр æмæ æндæр бæстæты зонады минæвæрттæ. Уый дзурæг у, Хуссар Ирыстонмæ серьезонæй кæй цымыдис кæнынц æмæ йæм сæ хъус лæмбынæг кæй дарынц, ууыл.

Ивгъуыд аз сентябры Хуссар Ирыстон банысан кодта  республикæйы сырæзтыл 25 азы сæххæсты бон.  Хæрзæрæджы банысан кодтам парламентаризмыл 25 азы сæххæсты бон, афтæ ма Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт расидыны бæрæгбон дæр. Ацы датæтæ сты ахсджиаг æмæ, æз куыд зонын, уымæ гæсгæ нæ республикæ йæ равзæрдæй фæстæмæ цыдис фидар кæныны æмæ райрæзты фæндæгтыл, уæззау рæстæджытæм нæ кæсгæйæ. Кæд нæ республикæйы рæзты фæндæгтыл цæлхдуртæ æвæрд уыдис, уæддæр сын бафæрæзтой нæ ирон адæм. Фæлæ, фыццаджыдæр, нæхи тыхты фæрцы æмæ не ‘фсымæрон – Стыр Уæрæсейы фæрцы мах абон стæм хæдбар æмæ нымад паддзахад.

Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институт нымад цæуы Уæрæсейы Федерацийы иууыл хуыздæр центртæй сæ иуыл. Уым кусынц Уæрæсейы стыр ахуыргæндтæ æмæ политиктæ. Ацы институты эксперттæ традицион æгъдауæй кæддæриддæр адæмы рæгъмæ уынаффæмæ рахæссынц царды иууыл актуалондæр проблемæтæ. Абоны конференцийы темæ дæр у актуалон. Уымæн æмæ Кавказ кæддæриддæр дунейы бирæ стыр паддзахадтæм æвзæрын кодта цымыдисдзинад йæ геополитикон сферæйы интересты руаджы æмæ бирæ хæттыты бахауд глобалон тæссаг уавæрты. Бæрæг куыд у, афтæмæй æнæн-хъæлæджы нæ уыд, конференци ауадзыны хъуыддаг г. Цхинвалмæ кæй æрхауд уый дæр. Хуссар Ирыстон Кавказы хуссарварс уæвынад кæны æмæ ахсы стратегион бынат, уыимæ иумæ йын ис бирæ æрдзон ресурстæ дæр. Хуссар Ирыстон йæхиуыл банкъардта, геополитикон интересты сферæйы бахауын цы у, уый. Мах абон хорз зонæм, нырыккон дуджы глобалон тасдзинад цы у æмæ йæ фæстиуджытæ адæймагады цæмæ кæ-нынц, уыдæттæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ма конференцийы хайадисджыты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2013 азы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд конференци ахæм темæйыл: «Августовская агрессия Грузии и признание Российской Федерацией Независимости Южной Осетии и Республики Абхазия»:

«Ацы темæ уыд тынг цымыдисон. Уымæн æмæ дзы дзырд цыдис Хуссар Ирыстоны геополитикæйы фæстиуджыты тыххæй. Ныр рæстæг рацыд æмæ æз зæгъдзынæн афтæ: уæд мах конферен-цийы сарæзтам ахæм хатдзæг æмæ 2008 азы августы мæй ссис хæдхуыз фездæхт æмæ уæд ныгуылæн федта, сæ хъуыддаг афтæ æнцонтæй аразгæ кæй нæу, уый. Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институты специалистты мидæггагон æмæ æддагон политикæйы ахсджиаг фарстыты куы фескъуыддзаг кæнынц, уæд сын сæ хъуыдымæ байхъусынц Уæрæсейы Федерацийы хицауи-уæггæнæг структурæтæ, æмæ уыцы хъуыддаджы мæн фæнды банысан кæнын конференцийы стыр нысаниуæг дæр.

Кавказы геополитикон уавæр, сæрмагондæй та Хуссар Ирыстоны алыварс сæвзæрдысты æмæ æвзæрынц 2008 азы августы æрцæугæ цауты фæстæ политикон реалитæ. РХИ-йы къухдариуæ-гад æмæ адæмыл уæлдай бæрндзинад. Уыцы ахсджиаг хъуыддагыл мах æрвылбон дæр кусæм æмæ уый та бæрæг цæуы, цы æддагполитикон курсыл хæст стæм, уым. Мах реализаци кæнæм сабыруарзаг æддагон политикæ. Уымæн йæ сæйраг вектор здæхт у Уæрæсейы Федерацийы иудзинадмæ, кæцы махæн у нæ сæйраг стратегион партнер», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны ныртæккæ актуалон у референдум ауадзыны фарст, цыран дзырд цæуы Хуссар Ирыстоны бацыд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ. Ацы фарстыл æрдзырдта Президент Тыбылты Леонид æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз сæрды нæ республикæйы уагъд кæй хъуамæ æрцыдаид референдум æмæ æрхаста историон факт: «Истори куыд бæлвырд кæны, афтæмæй 1774 азы раздæры Уæрæсейы империйы скондмæ бар-вæндæй бацыдис Иууон Ирыстон, фæлæ уый фæстæ большевикты тыхты руаджы 1920-æм азы дихгонд æрцыдис Хуссар æмæ Цæгатыл. Историон рæстдзинад раздахыны тырнындзинад хуссарирыстойнæгты хъуыдыйæ никуы хызтис. Фæлæ Уæрæсе нæ республикæйы æхсæнадон-политикон уавæры стабилондзинад ифтонг кæнынмæ тырнгæйæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур политикон советы уынаффæмæ гæсгæ референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы РХИ-йы Президентон æвзæрстыты фæстæ. Уыимæ иумæ аскъуыддзаг кодтам, цæмæй нæ адæмы хъысмæтскъуыддзаггæнæг политикон мадзал организацигонд æмæ уагъд æрцæуа са-быр æмæ стабилон уавæрты. Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæм æнустæм Уæрæсеимæ иу паддзахады уæвын нымайынц, куыд æдасдзинады гарант æмæ дарддæры амондджын цард. Уый у иунæг фæндаг, цæмæй нæ паддзахад уа размæдзыд. Абон Хуссар Ирыстон Уæрæсейы стыр æххуысы фæрцы æнтыстджынæй фæуд кæны хæсты фæстæйы æндидзыны процесс.

Куыст цæуы республикæйы экономикон æмæ социалон сферæ райтынг кæ-ныныл, паддзахады рæзты фарстыл. Абоны онг Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн алыгъуызон бадзырдты æмæ сразыдзинæдты документты нымæц у 90 бæрц. Уый та дзурæг у бирæ цæуылдæртыл æмæ сыл куыст цæуы нысанмæздæхтæй», – загъта Президент Тыбылты Леонид.

Уый ма цыбыртæй æрдзырдта, 2015 азы 18 марты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл цы бадзырд фыст æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн, ууыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ абоны онг, практикон æгъдауæй æппæт уæлæмхас бадзырдытæ сты цæттæ æмæ сыл рæх-джы къухтæ æрфысдзысты. Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый ноджыдæр дзурæг у ууыл, æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æууæнкдзинады æмвæзад кæй схызт тынг бæрзонд. «Мах сæрбæрзонд стæм Уæрæсеимæ ахæм хæ-ларадон ахастытæй æмæ Республикæйы къухдариуæгады куыст, сæйраджыдæр, здæхт у, цæмæй реализаци кæна æппæтуæвæг бадзырдтытæ. Мах не ‘мбæхсæм уый, æмæ абон нæ-хи тыхтæй нæ бон кæй нæу сæндидзын кæнын Республикæйы. Уымæн æмæ, стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстон тынг ныппырх ис хæсты азты, уæлдайдæр та 2008 азы августы хæсты рæстæджы. 1990 азтæй Хуссар Ирыстоны басыгъдис 117 хъæуы æмæ уый фæстиуæгæн федзæрæг сты. Хæст стыр зиæнттæ ракодта экономикæйы фадыджы дæр. Фæлæ Стыр Уæрæсейы æгæрон æххуысы фæрцы 2008 азы фæстæ нæ адæм ссæрибар сты зындзинæдтæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг ба-хъыгдард  Хуссар Ирыстоны генофонд дæр. Абон мах дунейы уæвæг цаутыл фæлгæсгæйæ, уынæм Ныгуылæны æнæраст политикæ æмæ уый тыххæй мах кæддæриддæр стæм сабырад æмæ рæстдзинады фарс. Активон хайад исæм Женевæйаг дискусситы форматы, цыран Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæ æвæрынц фарст, цæмæй дыууæ республикæйы ныхмæ тыхæй ма спайда кæной Гуырдзыстон æмæ йыл юридикон документы бафыст æрцæуа. Фæлæ Гуырдзыстоны фарс абоны онг дæр ахизынц уыцы фарсты сæрты.

Абон дæр тæссаг у, ома, Гуырдзыстоны территорийыл арæх æфсæддон ахуыртæ кæй цæуынц НАТО-йы къухдариуæгадæй, уый зындгонд у», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон цæуы Уæрæсейы Федерацимæ баиу кæныны фæндагыл, цæмæй бахъахъхъæна йæ адæ-мы æдасдзинад.

«Абон иууыл сæйраг тасдзинад чи æвзæрын кæны æхсæнады, адæмы царды, уыдонæй сæ иу у терроризм, кæцыйы цырын кæнынц алыгъуызон организацитæ. Уымæ гæсгæ дунеон æмæхсæнадæн æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй æрбаиу уой æмæ æмхуызонæй стох кæной уыцы æвзæрдзинады ныхмæ, афтæ ма хъæуæг æмгуысткæнынад райтынг кæнын æмæ бакусын адæмты æхсæн интеграцийыл. Республикæ Хуссар Ирыстон лæууы раст фæндагыл æмæ дзы рахизыны фæнд дæр нæ кæны. Разæй та ис Уæрæсеимæ фæндаг – нæ фыдæлты æвзæрст фæндаг», – загъта Президент Тыбылты Леонид.

Уый фæстæ бæстæйы сæргълæууæг конференцийы хайадисджытæн арфæ ракодта, цæмæй сæ куыст ацы мадзалы уа æнтыстджын.

Конференцийы цымыдисон доклад бакаст Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институты директоры хæдивæг Гузенкова Тамара ахæм темæйыл: «Южная Осетия в системе международных отношений». Уый, сæрмагондæй, банысан кодта Хуссар Ирыстоны уникалондзинад уымæй, æмæ нæ республикæ уæлдай тынгдæр монон æгъ-дауæй баст кæй у Уæрæсейы Федерациимæ Кавказы æндæр регионты уæл-дай. Банысан ма кодта, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цал-дæр бæстæйы йедтæмæ нæ банымадтой, уæд уый ницы хъыгдары, цæмæй дарддæр дæр хорз ахастытæ араза куыд Кавказы, афтæ Уæрæсейы æндæр регионтимæ дæр.

«Раст куы зæгъæм, уæд абон Хуссар Ирыстон ис дунеон изоляцийы. Уыцы изоляци бæрæг кæны уымæй, æмæ Хуссар Ирыстоны куыд хæдбар паддзахад, афтæ банымадтой тынг цъус паддзахадтæ,уыдоны банымайæн ис къухы æнгуылдзтыл. Æндæр хъуыддаг та уый у, æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федераци кæй банымадта. Уый у иууыл сæйрагдæр аргумент, фæлæ уæлдæр куыд загътон, ома, йæ бирæтæ кæй нæ банымадтой, уый æн-давы æхсæнадыл дæр æмæ экономи-кæйыл дæр. Риссаг у уый æмæ Хуссар Ирыстоны кæй нæ банымадтой Уæрæсейы партнертæ æмæ æмцæдисонтæ, кæцытæ сты хæдбар паддзахадты æмхæларады сконды.

Фæлæ мах хъуамæ бамбарæм уый, æмæ уыдон кæй тæрсынц сæ алыварс сæвзæргæ уавæртæй. Фыццаг рады – сæ гом æмæ чысыл экономикæтæн æмæ бирæ æндæр цардуагон фарстытæн. Уæлдæр куыд банысан кодта Тыбылты Леонид, уымæ гæсгæ уæвынад кæны Женевæйаг дискусситы формат, фæлæ дзы стыр ныфсытæ æвæрæн нæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы ран хайад исын та хъæуы», – банысан кодта конференцийы эксперт.

Конференцийы ма цымыдисон докладтæ сарæзтой: Андреа Джаннотти «Русский мир и Ислам: Некоторые размышления», Санахъоты Инал, ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы гæс «Национальная идея в контексте развития РЮО»; Младен Обрадович «Кавказ-Балканы: новые геополитические параллели». Докладгæнæг ацы ран лæмбынæг æрдзырдта æмæ абарста Сербийы æмæ Хуссар Ирыстоны æнгæс историон хъысмæт. Цы политикон фæндæгтыл рацыдысты æмæ абон цы уавæрты сты, æппæт уыдæттæ.

Владимир Трифонов та доклад ба-каст ахæм темæйыл: «Политизация Ислама на Балканах как угроза стабильности на Кавказе».

Аждар Куртов: «Безопасность Кавказа: Прошлое и настоящее», Артур Атаев: «О механизмах укрепления государственности Южной Осетии в условиях региональной нестабильности», Плиты Сослан: «Республика Южная Осетия в контексте дальнейших политических перспектив развития», Дзидзойты Валери,  стыр ахуыргонд,  кавказамонæг, историон зонæдты доктор, профессор, РЦИ-Алани æмæ РХИ-йы зонады сгуыхт архайæг бакаст доклад ахæм темæйыл: «Этнополитические проблемы в Южной Осетии, России и Грузии». Йæ ныхæстæм гæсгæ хæдбар паддзахæдты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны æмæ уыдон иуæй-иу хатт фæзынынц революциты руаджы. Дæнцæгæн æрхаста, зæгъгæ, Норвеги Швецийæ кæй ахицæн ис 1905 азы æнæ эксцесстæй æмæ æндыгъд уавæртæ нæ саразгæйæ. Афтæ уыд Чехословакийы дæр. Уый ныппырх   90-æм азты æмæ йæ территорийыл сырæзт дыууæ суверенон паддзахады, æмæ абон цæрынц, куыд хорз сы-хæгтæ, афтæ. Хъыгагæн, ахæм ныв фенæн нæй Кавказы. «Уый фæдыл уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, æппæтæн дæр зындгонд чи сты, уыцы датæтæ. Историон зонад раст фæнысан кодта, Ирыстон 1774-æм азы барвæндæй кæй бацыдис раздæры Уæрæсейы империмæ, уый. Фæлæ ма банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ Гуырдзыстон барвæндæй кæй баиу ис Уæрæсемæ. Уæд, ома, XIX æнусы райдайæны Гуырдзыстон нæ уыд дунейы политикон картæйыл. Нæ уыдис ахæм æмбарынад, куыд Гуырдзыстон. Уæд уыдысты лæмæгъ, дихгонд, кæрæдзийы ‘хсæн чи хæцыдысты, ахæм гуырдзиаг къниазадтæ, кæцытæ æппынфæстаг æрбаиу сты. Уый фидаргонд æрцыд документæй дæр æмæ йæ рæстæгмæ афтæ нымадтой гуырдзиаг иртасджытæ. Уæрæсейы импери уæд æрæвæрдта ультиматум: хъуамæ ацы гуырдзиаг къниазадтæ сæхи мидæг мауал хæцыдаиккой, уымæн æмæ сæ уый хъыгдардта. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, Уæрæсе сæ йæхимæ райста æмæ бацыдысты йе скондмæ. Уæрæсейы империйæн Кавказы уыд йæхи геополитикон интерестæ. Æфсæддон æххуыс хъуыд уыцы хылгæнаг къниазадты. Уый бæлвырд кæнынц факттæ æмæ документтæ, кæцытæ уыдысты Гуырдзыстоны архивы», – банысан кодта Дзидзойты Валери. Уый ма загъта, зæгъгæ, Уæрæсе кæй æххуыс кодта Гуырдзыстонæн, кæд æй æмбæрста æмæ йын персæгтимæ æндыгъд ахастытæ сæвзæрдаид, уæддæр æмæ афтæ дæр уыд. «Советон Цæдисы ныппырхы рæстæгæй фæстæмæ афтæ рауад æмæ гуырдзиаг историктæ фе-рох кодтой раст хъуыды кæнын æмæ йæ алывæрсты хизынц уæлдæр банысангонд факттæн, кæцы у сæйраг Уæрæсейы баиу Гуырдзыстонимæ хъуыддаджы. Афтæмæй уыдон æвзæ-рæрдæм æндавынц Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æмахас-тытыл.Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æмахастытæ зын бамбарæн сты, Ирыстонæн Уæрæсеимæ æмæ Ирыстонæн Гуырдзыстонимæ æмахастытæ куы нæ уа, уæд. Мах фæнды уынын уæлдай объективондæр истори, кæцы фыст у архивон документты æмæ сбæлвырдгонд бæ-рæггæнæнты бындурыл. Диссаг у уый дæр, æмæ 1920-æм азы Гуырдзыстоны национ гвардийы командир Валикъо Джугъели æнæхъæн Хуссар Ирыстоны куы скуынæг кодта, уæд уыцы цаутыл ныффыста чиныг «Тяжелый крест»-ы, мыхуыры рацыд 1920-æм азы июны мæйы Тбилисы. Уыцы фыдракæндты равдыста фаг педантиконæй. Зы-гъуыммæ кæнынц ахæм бындурон æмбарынæдтæ, куыд бындурон æмæ æнæбындурон адæм. Нымад ахуыргонд Гаглойты Юри бафидар кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл хуссайраг ирæттæ сты бындурон адæм. Гуырдзиаг иртасджытæ та æрхъуыды кодтой ахæм верси, зæгъгæ, Гуырдзыстоны территорийыл гуырдзиæгтæ сты бындурон æмæ æппæт иннæтæ та сæ нацимæ нæ кæсгæйæ сты уазджытæ Гуырдзыстоны зæххыл. Райдианы уый уыд гуырдзиæгты æмæ æппæт иннæ адæмты ‘хсæн ныхмæлæуды сæйраг аххосаг, кæцытæ уыцы хъуыды растыл нæ банымадтой, ома, æрцæуæггаг уазджы-тæ сты, уый», – банысан кодта историк.

Конференцийы куысты рæстæджы Президент Тыбылты Леонид хæларадон ахастытæ райтынг кæнынæн æмæ конференцийы куысты активон хайад райсыны тыххæй нæ республикæмæ æрцæуæг уазджыты иууылдæр цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодта Республикæйыл 25 азы сæххæсты юбилейы цытæн майдантæй æмæ зæр-дылдарынæн иумæ систой сæ къамтæ дæр.

Конференцийы æппæт хайадисджытæ дæр банысан кодтой мадзалы ахсджиагдзинад. Раныхас ма дзы кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. Уый бузныг загъта конференцийы организатортæн: «Мæн уырны æмæ кæд Америкæ истæуыл разы нæу, уæддæр мах лæуд кæй стæм раст фæндагыл. Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацæуыныл дзырд куы цæуа, уæд уый, фыццаджыдæр, Куртов куыд банысан кодта, афтæмæй уый у адæмæн сæхи хъуыддаг. Хуссар Ирыстоны бацыд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ æппындæр ницы политикон тасдзинæдтæ æвзæрын кæны. Хъырымимæ баст тасдзинæдтыл мах хъуыды дæр нæ акæндзыстæм. Мах, ирæттæ алыгъуызон процессты ма хъуамæ барæм, Ирыстоны адæм æнæхъæн æнус цы бæллицмæ цæуынц, уыимæ. Ацы планы мах хъуамæ дырысæй сбæл-вырд кæнæм, адæмы цы фæнды – экономикон æмæ финансон рæзт, кæцыйы гæнæн ис аразæн Уæрæсейы Федерацийы сконды. Растдæр Уæрæсейы Федерацийы сконды Хуссар Ирыстонæн уыдзæнис бирæ фылдæр шан-стæ, цæмæй нæ экономикæмæ æрба-цæуой инвестортæ æмæ ныфсджынæй сæ финансон фæрæзтæ хæссой РХИ-йы экономикæйы рæзтмæ. Мах абон дæр стæм Уæрæсейы сконды æппæт къабæзты дæр æмæ Уæрæсемæ ахасты ИНО-йы позицимæ фæкæс-фæкæсгæнгæ нæ хъæуы уынаффæтæ исын. Фактон æгъдауæй мах стæм Уæрæсейы Федераци. Хъæуы ма юридикон æгъдауæй референдумы руаджы саразын дырыс фарстимæ  фæнды уæ Уæрæсейы скондмæ бацæуын?», – йæ хъуыды загъта Парламенты спикер.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти дæр йæ раныхасы бузныг загъта, конференцийы чи сорганизаци кодта, æппæт уыдонæн. Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзты фæдыл кæй загъдæуыд алыгъуызон хъуыдытæ. «Хуссар Ирыстоны зонадон æмæ æндæр структурæты контакттæ Уæрæсейы коллегæтимæ алы хатт дæр дæтты хорз фæстиуджытæ. Ацы конференци мах тынгдæр æрбаввахс кодта æмæ дзы ирддæрæй федтам, абон нæ разы цы проблемæтæ лæууы, æппæт уыдон. Æмæ нæ коллегæты цæстæнгасæй æмæ ныхæстæй федтам, нæ фыдæлты бæллицтæ реализаци кæныны фæндагæн йæ кæцы хайы стæм, уый. Диалогы рæстæджы куыд банысанчындæуыд, афтæмæй мах, разамынады æцæгæйдæр тызмæгдæрæй дзурын хъæуы хъусдарæг структурæтимæ. Уыдон нымæцы Евроцæдисимæ дæр. Мах хъуамæ саразæм æппæт дæр, цæмæй бацæуæм уыцы советтæм æмæ активон хайад исæм сæ куысты.

Референдум ауадзыны рæстæгыл дзырд куы цæуа, уæд мах æрцыдыстæм ахæм иумæйаг хъуыдымæ, цæмæй йæ ауадзæм Президентон æвзæрстыты фæстæ. Фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ нæ идейæйыл нæ къух  исæм. Референдумы хъæуы ауадзын, уымæн æмæ зын у развæлгъау зæгъын, цахæм уыдзысты дунейы стыр бæстæты геополитикон интерестæ, мах та хъæуы нæ нысанмæ цæуын. Цытджын Дзидзойты Валери раст банысан кодта  иу æнæххæст æнусы дæргъы Ирыстон æртæ хатты бавзæрста геноцид Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Фæстаг геноцид мах хъуыды кæнæм «сыгъдæг быдыры» номимæ. Уыдоны фæндыд скуынæг кæнын æнæхъæнæй нæ адæмы. Нæ адæмы тырнындзинад Уæрæсейы Федерациимæ баиу кæнын никуы нымæг кæны æмæ йæм мах тырндзыстæм кæронмæ», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Кæронбæттæны ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта се ‘ппæтæн дæр, рæстæг кæй ссардтой æмæ конференцийы хайад кæй райстой æмæ банысан кодта, Дунеон зонадон-практикон конференци уагъд кæй æрцыд бæрзонд æмвæзадыл æмæ кæй рауадис цымыдисон.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.