Информацион агентад Спутникы пресс-центры Инфомаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияимæ æрвылкъуырион брифингы рæстæджы 2018 азы Контролон-нымайæн палатæйы куыстæн хатдзæгтæ сарæзта уагдоны сæргълæууæджы хæдивæг Хуыбылты Вадим.

«Азы кæронмæ Хуссар Ирыстоны нымайæн палатæ бавдисдзæн Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры арæзтады басгарыны фæдыл развæлгъау фæстиуджытæ. Уымæн æмæ нæ театр у нæ риссаг фарст. Ацы объекты фæдыл сгарæн мадзæлттæм хъуамæ æрæвнæлдæуыдаит азы райдианы, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй закъазгæнæгмæ подрядон организаци рæстæгыл нæ бавдыста хыгъдон документаци. Æмæ æнæ хъыгъдон документацийæ та æххæстбæрцон басгæрст уадзыны фадат нæй». – загъта уый.

Хуыбылты Вадимы ныхæстæм гæсгæ театры арæзтады фæдыл æмбæлон документтæ æмбырд сты æмæ ныридæгæн æрæвнæлдæуыд куыстмæ.

«Нымайæн палатæ бæрæг фарстаты фæдыл эксперттæ хъуамæ æрхона фæрсæрдыгæй, уыцы мадзæлттæ уадзыны  фæдыл Нымайæн палатæйы бюджеты ис æмбæлон фæрæзтæ», – банысан кодта уый.

Паддзахадон театры сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, развæлгъау фæстиуджытæ уыдзысты азы кæрон, фæлæ йæ хъуыдымæ гæсгæ ацы куыст бакæныны тыххæй тагъд кæнын нæ хъæуы.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ног театры бæстыхай аразынмæ æрæвнæлдæуыд цыппар азы размæ. Йæ аразынмæ йын цы аразджытæ æрæвнæлдтой, уыдон æмæ паддзахадон чиновниктæ æндæрхуызон æмгъуыдтæ лæвæрдтой ацы ахсджиаг арæзтады фæдыл, уымæй дæр арæзтад рæстæгæй рæстæгмæ æргъæвд цыдис.

Хуыбылты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы Контролон-нымайæн палатæйы сæйраг куыст баст у паддзахадон уагдæтты финансон-хæдзарадон архайд бæрæг кæныныл. Уыцы куыстытæ бакæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæмæ æрвыст æрцыдысты 17 æрмæджы. Уыдонæй 16 æрмæгыл куыст æрцыд прокуратурæйы бахатыдмæ гæсгæ. Уымæй дарддæр ма æртæ æрмæджы Нымайæн палатæ арвыста Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ.

Хуыбылты Вадим куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ азы фыццаг æмбисы Нымайæн палатæ план кодта 15 æмæ дыккаг æмбисы та 14 басгæрст ауадзын. Практикон æгъдауæй уыцы куыстытæ конд æрцыдысты, куыст ма дзы цæуы цыппарыл.

Контролон-нымайæн палатæйы сæргълæууæджы хæдивæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ плангонд мадзæлттæй дарддæр Генералон прокуратурæ æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты домæнтæм гæсгæ уагъд фæцæуы æнæпланон сгарæн куыстытæ дæр. Уыцы куыстыты æмгъуыд у 30 кусгæ боны, фæлæ хатт уыцы æмгъуыд фаг нæ вæййы, цæмæй специалисттæ сæ куыст кæронмæ бакæной, уый тыххæй. Æмæ ахæм рæстæджы бахъæуы сгарæн мадзæлттæ адарддæр кæнын.

Иууыл арæхдæр æмæ серьезон фæткхалæн цаутæ баст вæййынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæнынимæ. Бюджетон организациты хыгъд хуыздæр уавæрты конд цæуы.

«Республикæйы Культурæйы министрады уагъд æрцыд стыр сгарæн мадзæлттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хынцыд æрцыд чысыл фæткхалæн цаутæ, кæцытæ цыбыр рæстæгмæ иуварс æрцыдысты.

Ныртæккæ та Нымайæн палатæ бæрæг кæны Дзауы районы администраци æмæ Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты финансон-хæдзарадон архайд», – дзырдта Вадим.

Æмбæлон куыст бакæныны фæстæ æрмæджытæ æрвыст æрцæудзысты прокуратурæмæ дарддæры мадзæлттæ райсыны тыххæй. Финансон фæрæзтæ раздахыны процедурæ дæр цæуы Генералон прокуратурæйыл.

Нымайæн палатæйы минæвар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æппынæдзух архайынц сæ кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныныл. Уыцы  нысанæн ацы аз дæр Мæскуыйы курсыты уыдысты æхсæз адæймаджы. Уымæй дарддæр ма уагдоны уагъд æрцыд аттестаци дæр, уый фæстиуæгæн цалдæрæй нысан æрцыдысты уæлдæр бынæтты.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.