Фæстаг дыууæ-æртæ къуырийы дæргъы дунейы хъусдард здæхт у Амæрикæйы Иугонд Штаттæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй рахизынмæ кæй хъавынц, уымæ.

1987 азы 8-æм декабры Советон Цæдис æмæ АИШ-ы ‘хсæн ацы Бадзырдыл Вашингтоны къухтæ æрфыстой Советон Цæдисы Коммунистон партийы Централон комитеты генералон секретарь Михаил Горбачев æмæ АИШ-ы президент Рональд Рейган. Бадзырд йæ тыхы бацыд 1988 азы 1-æм июны. Советон Цæдис куы ныппырх, уый фæстæ Бадзырд практикон æгъдауæй Уæрæсе æмæ Иугонд Штаттæй дарддæр æххæст кодтой Белоруси, Казахстан æмæ Украинæ. Бадзырдмæ гæсгæ, фæрстæ хæсджын уыдысты, цæмæй ма уагътаиккой, æмæ ма фæлвæртаиккой  астæуккаг (1000 километрæй 5500 километры онг) æмæ къаддæр (500-æй 1000 километры онг) дæрддзæджы баллистикон æмæ базырджын ракетæтæ. Уымæй дарддæр ма фæрстæ æртæ азмæ хæсджын уыдысты, цæмæй скуынæг кодтаиккой 500 километрæй 5500 километры онг æппæт уадзæн ифтонгадтæ æмæ ракетæтæ.

1991 азы майы мæйы бадзырд æххæст æрцыд. Советон фарс сликвидаци кодта сурзæххыл уæвæг 1752 баллистикон æмæ базырджын ракетæйы, АИШ – 859. Ликвидаци æрцыдысты ракетæтæ уадзыны технологон ифтонггæрзтæ, афтæ ма оперативон базæтæ æмæ специалистты ахуыргæнæн бынæттæ, æдæппæтæй Советон Цæдисы  117 объекты æмæ   америкæйаг 32 объекты.

2001 азы 30-æм майы онг Бадзырд æххæст кæныныл контролы нысæнттæн фæрстæ инспекци æххæст кодтой бынаты, уыцы нымæцы æдзухон бындурыл кондадон объектты – Удмуртийы Воткинскы машинæаразæн заводы  æмæ АИШ-ы Ютайы штаты горæт Магнайы завод «Геркулес»-ы. Бадзырдон хæстæ æххæст кæныны фарстытæ æмæ бадзырды эффективондзинадыл уынаффæ кодтой  Специалон контролон къамисы.

2007 азы 12-æм октябры Уæрæсе æмæ АИШ-ы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады министрты фембæлды рæстæджы УФ-йы Президент Владимир Путин раразмæ кодта Бадзырдæн глобалон характеры хæстæ радтыны тыххæй идея. Америкæйаг фарс рахæцыд ацы идеяйы æвварс.

2007 азы 25-æм октябры ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы 62-æм сессийы парахат æрцыд Бадзырды фæдыл уæрæсейаг-америкæйаг иумиаг хъусынгæинаг астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырды фæдыл. Хъусынгæнинаджы сæрмагондæй, уыд сидт æппæт цымыдисгæнæг фæрстæм бадзырдæн глобалон характеры хæстæ радтыны уавæртыл æруынаффæ кæныны, 500-5500 километры дæрддзæгæн сурзæххыл уæвæг  баллистикон æмæ базырджын ракетæтæн «нæ» зæгъыны тыххæй. 2008 азы 12-æм февралы Женевæйы хæцæнгæрзтæ æрæвæрыны фæдыл конференцийы пленарон рабадты УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фæндон бахаста ацы инициативæ раразмæ кæныны оптималон фæндæгтæ иумиагæй ссарынмæ æрæвналыны тыххæй. Уый ма экспертон уынаффæмæ рахаста Бадзырды дунеон-барадон сæйраг элементты проект. Фæлæ ацы инициативæ практикæйы æххæст не ‘рцыд.

2013 азы АИШ райдыдтой Уæрæсемæ претензитæ хæссын Бадзырды уагæвæрдтæ фехалыны фæдыл. Америкæйаг фарс фидар кæны, зæгъгæ, сурзæххыл уæвæг уæрæсейаг базырджын ракетæтæ 9М729, бадзырдмæ гæсгæ пайдагæнæн нæй 500-5500 километры диапазоны  дæрддзæгдзинады аххосæй. Уæрæсейаг фарс растыл нæ нымайы ацы претензи. Уæрæсейы сидтытæм нæ кæсгæйæ,  Иугонд Штаттæ нæ разы кодтой сæ претензиты бындуры тыххæй конкретонæй бамбарын кæныныл.

Уæрæсейаг фарсмæ дæр ис претензитæ АИШ-мæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырд æххæст кæныны контексты. Уыдон сты ахæм: Иуварсонæй æмбæлон дæрддагдзинады цæвæн æнæпилотон тæхæг аппратты Бадзырды архайды арæнтæй ракæнын, кæцытæ æххæстæй хауынц бадзырды «сурзæххыл уæвæг базырджын ракетæ»-йы терминмæ; Европæйаг объектты АИШ-ы ПРО-тæ равæрыны фæдыл, кæцытæй гæнæн ис спайда кæнын астæуккаг дæрддзæжы базырджын ракетæтæ æмæ æндæр цæвæн ракетон фæрæзтæ ауадзыны тыххæй.

Фæрсты катайдзинæдтæ уыдысты дыууæварсон форматы экспертон консультацитæ. 2016 азы 15-16 ноябры Женевæйы уагъд æрцыд Бадзырды фæдыл Специалон контролон къамисы сесси, кæцы уый размæ уагъд нæ цыд 13 азы дæргъы. Ноджы ма иу сесси уагъд æрцыд 2017 азы 12-14 декабры. Фæлæ проблемон фарстытæй иу фæдыл дæр прогресс къухты нæ бафтыд. Астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæжы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырд у æнæмгъуыдон, фæлæ фæрстæй алкæцыйæн дæр бар ис йæ фехалынæн, йæ рахизыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй бауырнинаг бæлвырдгæнæнтæ æрбавдисгæйæ.

Иугонд Штатты конгрессы цалдæр хатты хъуыстысты сидтытæ закъоны проект бакусыны тыххæй, кæцы комкоммæ фæаххосджын кæнит Уæрæсейы бадзырд фехалыны æмæ АИШ-æн бацæттæ кæнид бындур Вашингтон ПРО-ты бадзырдæй цы схемæмæ гæсгæ рахызт, ахæм схемæмæ гæсгæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй бадзырдæй рахизыны тыххæй.

2018 азы АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ къух æрфыста 2019 азæн бæстæйы хъахъхъæнынады бюджетыл, цыран куыд уый размæ азты бюджетты, афтæ аххосджын кæнынц Уæрæсейы Бадзырд фехалыны æмæ уымæ гæсгæ  æфсæддон хæрдзты тыххæй бюджеты хынцыд æрцыдысты егъау уæлæмхас фæрæзтæ. 2018 азы 20-æм октябры АИШ-ы президент фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ рахиздзысты астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй.

Ацы Бадзырды АИШ-ы президенты æххуысгæнæг Джон Болтон схуыдта чи базæронд, ахæм. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ Бадзырдæй куы рахизой, уæд уымæй дунейы тæссагдзинад нæ фæтыхджындæр уыдзæн. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу. Æнæхъæн дунейы катайы баппæрста Бадзырдæй рахизыны тыххæй Трампы хъусынгæнинаг. Евроцæдис дæр сиды АИШ-мæ, цæмæй хъахъхъæд æрцæуа Бадзырд. Фæлæ куыд зыны, афтæмæй Иугонд Штаттæ раджы аскъуыддзаг кодтой Бадзырдæй иуварсонæй рахизыны тыххæй, уымæн æмæ йын уый бæтты йæ къухтæ Азийаг-Сабырденджызон регионы Китайы ныхмæ архайдтыты ахасты. Дунеон масштабы ацы ахсджиаг фарст цæуыл фæуыдзæн, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Æрмæг бацæттæ кодта ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.