Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ уазджытæн ацы æртæ боны уыдзæнис бакæсыны фадат Евгени Вахтанговы номыл Цæгат Ирыстоны уырыссаг академион театры репертуарæй цалдæр спектакльмæ. Уыдон ныртæккæ гастролон балцы сты нæ республикæйы æмæ æппæт театруарзджыты дæр хонынц Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театрмæ. Театры коллектив ма фæстаг хатт Цхинвалы гастролон балцы уыдысты 30 азы размæ.

Уырыссаг театры гастролон балцы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацы театры аивадон къухдариуæггæнæг Владимир Уваровæн бынæттон журналисттимæ уагъд æрцыдис брифинг. Брифингы ма хайад райстой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мадинæ æмæ æрцæуæггаг театры курдиатджын артист Чысиаты Роберт.

Брифингы райдианы Владимир Уваров, фыццаджыдæр, йæ ныхас райдыдта арфæ æмæ бузныджы ныхæстæй РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Уалыты Мадинæйæн гастролон балц сорганизаци кæныны тыххæй. «Мах фыццаг баныхас кодтам Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Уалыты чызгимæ æмæ ныр æрхæццæ стæм Цхинвалмæ. Фæнды мæ, цæмæй нырæй фæстæмæ кæнæм æмгуыстад. Мæнæн ныфсджынæй мæ бон зæгъын у уый, æмæ тынг хорз кæй ацæудзысты не спектакльтæ. Уымæн æмæ махæн нæ театр у зындгонд. Уымæн йе сценæйыл ныр 148 азы бæрц курдиатджын артистты цалдæр фæлтæры æвдисынц сæ арæхстдзинад æмæ сæ профессионализм. Театрæн ис хорз традицитæ æмæ уыдоныл бирæ азты дæргъы хъомыл кæнæм аивадуарзджыты. Уырыссаг академион театры куыста ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг, нæ уарзон Хетæгкаты Къоста. Уый уæд куыста æртæ спектакль сæвæрыныл, уыд нывгæнæг-декоратор. Мах театры фыццаг хатт йе сфæлдыстадон архайд райдыдта фæлварын зындгонд фыссæг, драматург Михаил Булгаков, кæцыйæн уый размæ йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, йæ къухмæ фыссæн сис райстаид, уый. Булгаков йæ фыццаг цыппар уацмысы ныффыста горæт Дзæуджыхъæуы æмæ уæд фыццаг хатт театры сценæйыл дæр æвдыст æрцыдысты йæ пьесæтæ. Евгени Вахтангов дæр йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ кæнын райдыдта ацы театры сценæйыл, уæд театрæн нæма уыд академион статус», – сæрыстырæй дзырдта Владимир Уваров. Уый ма дарддæр æрдзырдта сæ уарзон театры архайд æмæ репертуары тыххæй.

Владимир Уваров ма куыд загъта, афтæмæй сæхи цæттæ кæнынц театры 150 азы юбилейы бонмæ. «Æз юбилейы тыххæй ныридæгæн фембæлдтæн нæ республикæйы Сæрдар Битарты Вячеславимæ æмæ йыл æруынаффæ кодтам. Бахæс мын кодта, цæмæй йæм бацæттæ кæнæм, куыд æмбæлы, афтæ. Ныфс мæ ис, æмæ йæ иумæ кæй банысан кæн-дзыстæм», – загъта театры къухдариуæггæнæг.

Брифингы ма Уырыссаг театры аивадон къухдариуæггæнæг журналисттæн фехъусын кодта, цавæр спектакльтæй барухс кæндзысты цхинвайлаг сценæмæкæсджыты зæрдæтæ, уый. «Мах æрластам фондз спектаклы. Нæ театры артисттæ фыццаг равдисдзысты Островскийы «Хъæд». (Реж. Богдан Петканин). Уый мах æвæрдæй у æндæргъуызон, тынг худæг æмæ æнахуыр. Сæйраг ролты дзы хъазынц Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Чысиаты Роберт æмæ Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Наталья Серегина. Ацы премьерæмæ мах фæхуыдтам Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы æмæ йæм, æвæццæгæн, æрбацæудзæнис уазджытимæ. Дыккаг бон та сценæйыл æвдыст æрцæудзæн аргъау «Золотой цыпленок», афтæ ма нæ уарзон спектакльтæй сæ иу – «Сотворившая чудо» æмæ æндæртæ. Табуафси, æрбацæут æмæ райсут æхцондзинад», – балхынцъ кодта йæ ныхас Владимир Уваров.

Чысиаты Роберт йæ раныхасы сæрмагондæй банысан кодта, Хуссар Ирыстон ын уарзон кæй у æмæ  кæддæриддæр кæй мысы, ам ма куы цардис чысылæй, уыцы зæрдылдаринаг рæстæг. «Æз бирæ уарзын Хуссар Ирыстоны. Мæхи амондджыныл нымайын, Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры кæй кусын, уый тыххæй. Чысылæй фæстæмæ бæллыдтæн уымæ, цæмæй сфæлдыстадон куыст кодтаин. Университеты фæстæ мæ уайтагъд Владимир Уваров фæхуыдта театрмæ æмæ дзы абон дæр дæн стыр бузныг», – дзырдта Чысиаты Роберт.

Уалыты Мадинæ дæр бузныджы ныхæстæ загъта йæ уазджытæн се ‘рцыды тыххæй æмæ банысан кодта, конкурс кæй расидтысты хистæркъласонты ‘хсæн хуыздæр рецензи ныффыссынæй спектакль «Хъæд»-ы тыххæй, кæцыйы æвдисдзысты куыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артисттæ, афтæ Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры труппæ дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.